Хуссарирыстойнаг делегаци æрæджы хайад райста Хæххон Хъарабахы хæдбардзинад расидыныл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

Хæххон Хъарабахы цытджын мадзæлтты хайад райсыны хонæн гæххæтт æрцыд нæ Республикæйы Президент Тыбылты Леониды номыл Бако Саакянæй. Уый фæдыл нæ паддзахады ‘рдыгæй арæзт æрцыд делегаци, йæ сæргъ РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Къоста, афтæмæй.

Делегацийы сконды ма уыдысты РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь æмæ Хуссар Ирыстоны Коммерцион банчы правленийы сæрдар Васили Шадян.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Пухаты Къоста Хæххон Хъарабахмæ балцы фæдыл информацион фæрæзтæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ кæд фæндаг уæззау уыд, уæддæр сæ балцæй баззадысты райгондæй.

«Хæххон Хъарабахы нæ делегацийыл сæмбæлдысты стыр райгонд æмæ уазæгуарзонæй.

Мах бабæрæг кодтам цалдæр уагдоны. Фембæлдыстæм фæллойадон коллективтимæ. Алы ран дæр ныл æмбæлдысты стыр æхсызгонæй. Хуссар Ирыстонæй кæй стæм, уый куы базыдтой, уæд тырныдтой нæ къухтæ райсынмæ», – дзырдта Пухаты Къоста.

Хæххон Хъарабахы сæйраг горæт Степанакерт у цæрынæн аив, сыгъдæг горæт нырыккон бæстыхæйттимæ. Ныридæгæн ацы горæтыл хæсты фæд æппындæр нал зыны.

«Бирæ фæныхæстæ кодтам бынæттон цæрджытимæ, уыдон нæ æрцыдыл æмбæлдысты æхсызгонæй, цымыдис кодтой, нымад паддзахады статусы куыд цæрæм, уымæ.

Рацыдыстæм зындгонд Лачийы хæххон коридорыл. Уым дæр æппындæр нал ис хæсты фæдтæ. Уыдыстæм рагон горæт Шушийы. Уый у рагон культурæ æмæ бирæнымæц архитектурон цыртдзæвæнты горæт. Бабæрæг кодтам Сомихстоны æхцаимæ архайыны историон музей, бакастыстæм концертон программæмæ.

Мадзæлтты программæмæ гæсгæ Хæххон Хъарабахы президент Бако Саакянимæ фембæлды рæстæджы хуссарирыстойнаг делегаци фембæлдис Сомихстоны президент Серж Саргсянимæ дæр.

«Серж Саргсянимæ цыбыр фембæлды рæстæджы мах раарфæ кодтам уымæн бæрæгбоны фæдыл. Уый фæстæ куыд райхъуыст, уымæ гæсгæ Хъарабахмæ нæ балц стыр æнæразыдзинад сæвзæрын кодта сыхаг Гуырдзыстоны. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æппындæр нæ бандавдзæн нæ бæстæты æрбангом кæныны хъуыддагыл, нæ хъарабахаг коллегæтимæ нæ бастдзинæдтæ бафидар кæныныл», – дзырдта Къоста.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хæххон Хъарабахы президентмæ химæрайсты рæстæджы президент зæрдыл æрлæууын кодта, Арцахы националон-сæрибаргæнæн тохты хайад кæй райстой 32 ироны, уыдонæй 7 фæмард сты, дыууæйæ сæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты Арцахы хъайтары кадджын нæмттæй.

Хæххон Хъарабахы президент Бако Саакянимæ фембæлды рæстæджы уый хъарм ныхæстæ загъта нæ республикæйы номыл. Пухаты Къоста куыд дзырдта, уымæ гæсгæ уый иууыл хуыздæр арфæтæ рарвыста Президент Тыбылты Леонидæн, æппæт Ирыстоны адæмæн.

«Фембæлд уагъд цыд хъарм, хæларадон уавæрты. Бако Саакян цæттæдзинад равдыста нæ ахастытæ фидардæр кæнынмæ, нæ æмгуыстад райрæзын кæнынæн кæрæдзийæн пайдайы уавæртæ агурынмæ.

Мах дæр уавæрæй пайдагæнгæйæ, æрхуыдтам нæ хъарабахаг хæлæртты 20-æм сентябры бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ», – загъта Пухаты Къоста. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хæххон Хъарабахы адæм сты сæрибаруарзаг æмæ куыстуарзаг. Экономикон зындзинæдтæ кæд æвзарынц, уæддæр тырнынц, цæмæй сæ бæстæйы политикон банымад сæ къухы бафта æмæ цы фæндагыл лæуд сты,  ууыл кæронмæ цæуой.

Пухаты Къоста куыд дзырдта, уымæ гæсгæ нæ ацы бæстæимæ иу кæны Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бадзырд №2. Уырдæм хауынц йæ рæстæджы æнæнымад бæстæтæ Хуссар Ирыстон, Абхаз, Приднестровье æмæ Хæххон Хъарабах. Уыцы бадзырды фæлгæтты æмгуыстад дарддæр кæндзæн, сæйраджыдæр, культурæйы фадыджы.

Нæ сомихаг коллегæтимæ ма дзырд цыд рагзаманты къухфыстыты музеймæ нæ бауадзыныл, цыран ис нæ æмахастыты фæдыл хъæздыг æрмæджытæ.

Къæбулты М.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.