Ирон чысыл чызг Плиты Николь Уæрæсейы 1-æм телеканалы алæвæрд «Луше всех»-ы куы ралæууыд, уæдæй фæстæмæ бæстæйæн зындгонд у, куыд тынг курдиатджын саби, афтæ. Уый ацы программæйы йæ курдиат равдыста æмдзæвгæтæ кæсынæй æмæ дисы баппæрста æппæт бæстæйы. Николь райгуырд Мæскуыйы. Æмдзæвгæтæ йын йæ чысылæй фæстæмæ каст йæ мад Плиты Залинæ, кæцы у дохтыр-гинеколог. Чысыл чызг зоны бирæ æмдзæвгæтæ, сæдæйæ фылдæр, фæлæ йæ мады ныхæстæм гæсгæ, йæ зæрдæмæ тынгдæр цæуынц Æвзист æнусы поэтты сфæлдыстад, уæлдайдæр та  Иосиф Бродскийы уацмыстæ. Рæзты студимæ бацыд 3,5 аздзыдæй. Николь бирæ хæттыты хайад райста алыгъуызон конкурсты æмæ-иу сæ алыхатт дæр бацахста призон бынæттæ. 4 аздзыдæй йæ схорзæджын кодтой УФ-йы Паддзахадон Думæйы Уæрæсейы тыххæй æмдзæвгæтæ бакæсыны тыххæй. Чызгæн ис бынтон гармонион рæзт, уый æрмæст поэзимæ нæ цымыдис кæны, фæлæ ма  архайы балеты, хорз ныв кæны æмæ зары.

Йæ мад куыд дзуры, уымæ гæсгæ йын уый арæх дзуры Ирыстоны тыххæй. Чызг уарзы Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр», зоны дзы æнæкæсгæйæ æмдзæвгæтæ. Николы фæхонынц алыгъуызон мадзæлттæм, уыцы нымæцы сывæллæттæ-хъайтарты хорзæхтæй схорзæхджын кæныны церемонитæм. Чызгæн ис тынг æнæвдæлон схонæн, уый ныридæгæн архайдта цалдæр фильмы, куыд, «Мама всегда рядом»-ы æмæ æндæрты. Арæх хайад фæисы телеуынынады каналты рекламæты. У программæ «Доктор Малышкина»-йы амонæг. Æрæджы та  уæрæсейаг каналыл сывæллæтты программæ «Карусель»-ы рекламæйы каст æмдзæвгæтæ.  Ныр та йæ фæхуыдтой популярон сериал «Склифосовский»-мæ. Фильм ист у  тагъд æххуысы сæйраг институты –   зынгæ «Склифы» дохтырты вазыгджын, драмон, æрвылбонон хъайтардзинæдты тыххæй. Дзырд цæуы курдиатджын, зондджын æмæ харизматион хирург Олег Брагины цардыл. Æвдæм сезоны сценаристтæ раргом кодтой доктор Брагины уарзон чызг  æвзонг Тамарæйы (Плиты Николы). Актертæ  фыд æмæ чызгæн иумиагæй бирæ цыдæртæ ис, куыд экраныл, афтæ царды дæр. Дыууæ дæр уарзынц поэзи, дыууæ дæр сты галиуæгтæ (левша). Фильм «Склифосовский»  эфиры рацæудзæн 2019 азы январы мæйы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 7-аздзыд чызгæн 31-æм майы – 3 июны кæй уыд йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонды презентаци чингуыты фестиваль «Красная площадь»-ы. Уый тыххæй фехъусын кодта Мæскуыйы ирон æхсæнады пресс-службæ. Мадзал баст уыд А.Пушкины райгуырды æмæ Уырыссаг æвзаджы бонимæ. Плиты Николы чиныджы презентацимæ æрбацыд Мæскуыйы мэр Сергей Собянин, кæцы райзæр-дæйæ бакаст  æв-зонг поэтессæйы æмдзæвгæты рæнхъытæй.

Плиты Николь стипенди исы Цæгат Ирыстоны бизнесгæнджыты хардзæй. «Æз бахатыдтæн Цæгат Ирыстоны социалон-активон бизнесы ассоциацимæ ацы диссаджы сывæллонæн стипенди сфидар кæныны тыххæй. Йæ нысан у курдиатджын фæсивæдæн æххуыс кæнын. Æз мæ хæсыл нымайын ахæм курдиатджын сывæллæттæн æххуыс кæнын, уымæн æмæ уыдон сты нæ фидæн, бæстæйы исад», – загъта Дзæуджыхъæуы горæтон думæйы сæрдар Хæдæрцаты Махарбег.

Уадз, Ирыстон хъæздыг уæд ахæм кæстæртæй. Чысыл курдиатджын Николæн та нæ зæрдæ  зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ йæ рæзгæ царды.

Æрмæг бацæттæ кодта

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.