25-æм ноябры нæ горæты Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы ауагъд æрцыд конференци ахæм темæйыл «Ирон традицитæ, æгъдæуттæ: ивгъуыд æмæ ныры дуг». Конференцийы куысты хайад райстой РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, культурæ, дин, ахуырад, зонад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъазиты Хатуна, ирæтты уæлдæр совет «Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады «Мыггагон ныхасты» комитеты сæрдар Хъоцыты Алвери, РХИ-йы культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, ХИПУ-йы профессор Плиты Гацыр, нæ республикæйы зонад-иртасæн институты зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Ахуырад æмæ Культурæйы министрадты минæвæрттæ, скъоладзау фæсивæд æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Конференцийы лæмбынæгæй дзырд цыдис Джиуæргуыбайы къуырийы тыххæй, Сыгъдæг Уастырджийæн куыд аргъ кæнынц ирон адæм, цы нысан кæны сæ цардуаджы æмæ йын куыд нысан кæнынц йæ бонтæ, æппæт уыдæттыл. Мадзалæн йæ сæйраг нысан уыдис, нæ рагфыдæлтæй баззайгæ традицитæ æмæ æгъдæуттæ цæмæй ма рох кæнæм æмæ сæ æмбæлон æгъдауæй æххæст кæнæм.

Ацы нысаниуæгджын мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы директор Кокойты Валерия. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахæм вазыгджын æмæ актуалон темæтыл дзурын кæй у æнæмæнгхъæуæг æмæ сын ахæм конференцитæ уадзын кæй суыдзæнис традицион.

Дарддæр конференцийы фæлгæтты бирæ дзырд цыдис ирон æгъдæуттæ æмæ традициты тыххæй. Ахуыргæндтæй алчи дæр архайдта йæ хъуыдытæ Сыгъдæг Уастырджийы тыххæй æрæмбырдуæвджытæн зонадон æгъдауæй бамбарын кæныныл.

Ирон адæмы равзæрд, сæ цардуаг æмæ уырнынады тыххæй, сæрмагондæй та Сыгъдæг Уастырджийы тыххæй конференцийы фыццаг доклад бакаст республикон библиотекæйы национ хайады кусæг Гаглойты Заринæ.

Профессор Плиты Гацыр та уæлдай хатт банысан кодта, зæгъгæ, абоны мадзалы темæ у тынг ахсджиаг фарст. «Уымæн æмæ нæ царды цыдæриддæр ис, уыдонæй иууыл зынаргъдæр сты не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттæ», – загъта Плиты Гацыр.

Сыгъдæг Уастырджи æмæ Сыгъдæг Гиуæргийы тыххæй та йæ хъуыды уыд ахæм, зæгъгæ, уыдон кæрæдзийæн æппындæр ницы бавæййынц. Плиты Гацыр ма нæ адæмон сфæлдыстадон бынтыл æнцойгæнгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ фольклоры тынг арæх æмбæлы уый, æмæ ирон адæм сæ бардуæгтæй иууыл фылдæр уарзынц Уастырджийы. Загъта ма ноджы ахæм хъуыды, зæгъгæ, ис ахæм легендæтæ цыран ирон адæм Хыцауæй Уастырджийæн кодтой стырдæр аргъ. Æрхаста цæвиттон, Тлийы цæрæг Мæргъиты мыггаджы Уастырджи калмæй куыд фервæзын кодта, уый тыххæй. Лæмбынæг æрдзырдта, ирон адæм æй бæркадджын фæззæджы кæрон цæмæн нысан кæнынц. Афтæ ма загъта, зæгъгæ, ирон адæмæн Уастырджи ныфсдæттæг у, уымæн æмæ йæм арæх фæкувынц, тæссаг фæндагыл лæуд куы вæййынц, уæд. Адæймаг ныфсæй цæры, – загъта Плиты Гацыр. Йæ ныхасы рæстæджы ма æрхаста ахæм цæвиттон, зæгъгæ, ирон адæм ныфс кæмæй æвæрынц, ахæм хорз адæймаджы дæр Уастырджи фæхонынц.

Историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат йæ раныхасы бузныг загъта ацы мадзалы организатортæн: «Æз арæх ахъуыды кæнын, нæ традицитæ æмæ не ‘гъдæуттыл телеуынынад æмæ нæ газетты фæрстыл фылдæр дзурын кæй хъæуы, ууыл. Адæм уæд уыдзысты, сæ национ цæсгом куы хъахъхъæной, се ‘гъдæуттыл æмæ традицитыл фидар куы хæцой, куыд æмбæлы, афтæ сæ куы æххæст кæной». Стæй ма Джиоты Мурат æрдзырдта, нæ адæмæй абон цы традицитæ ферох сты, уыдон тыххæй, зæгъæм, бæх фæлдисыны тыххæй.

Йæ раныхасы сæйраг темæтæ та уыдысты Джиуæргуыбайы къуыритæ ирон æгъдаумæ гæсгæ растдæр куыд нымайын хъæуы æмæ Уастырджи æмæ сылгоймаджы тыххæй.

Уастырджийы къуыритæ нымайын растдæр вæййы 28 августы Майрæмы куадзæны фæстæ хуыцаубонæй, хъæуы анымайын дыууадæс къуырийы, уый цы хуыцаубонмæ æрхауы, уый вæййы Джиуæргуыбайы къуырийы райдайæн. Кæнæ та Майрæмы куадзæны фæстæ хуыцаубонæй анымайын хъæуы æхсæз къуырийы, уæд та вæййы Ичъынайы дзуары бон (ацы нымадмæ гæсгæ уый кæддæриддæр æрхауы октябры дыккаг хуыцаубонмæ). Ичъынайæ та анымайын фæхъæуы ноджы æхсæз къуырийы Джиуæргуыбамæ.

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ Уастырджийы ном раджы нæ дзырдта моймæдзыд сылгоймаг. Чындздзон чызг та нымад цыдис Уастырджийы фæдоныл. Афтæ ма æрдзырдта дзырд Уастырджийы равзæрды тыххæй.

Конференцимæ æрбацæуджыты раз не ‘гъдæутты æмæ нæ бæрæгбонты нысан кæныны тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Гæбæраты Юри дæр. Уый дæр лæуд у ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, Уастырджи у, ирон адæм рагæй фæстæмæ кæмæн кувынц æмæ табу кæнынц, ахæм сыгъ-дæг бардуаг æмæ йæ никæимæ хъæуы хæццæ кæнын. Кувгæ та йæм фæкæнынц, куыд фæндагыл, афтæ цины фынгтыл дæр. Хъыгагæн, нæ хистæртæй бирæтæ зианы фынгыл фысымты бафæдзæхсынц Уастырджийæн дæр, фæлæ уый раст нæу, – зæгъы Гæбæраты Юри.

Загъта ма ахæм хъуыды, зæгъгæ, Уастырджийы бонæн скувыны тыххæй бирæтæ фелхæнынц кусартæн æртæ фæрскы. Уый та фæхъæуы уæд, кæд æмæ кусарт æргæвст æрцæуы сæрмагондæй Уастырджийы номыл.

Гæбæраты Юри ма йæ раныхасы йе ‘нæразыдзинад равдыста, абон не ‘хсæнады кæй апарахат сты алыгъуызон æндæр динтæм табугæнджытæ æмæ кæй хæццæ кæнынц нæ фыдæлтæй баззайгæ традициты.

Дзырд «Уастырджи»-йы равзæрды тыххæй та Гæбæраты Юримæ ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, «уаз» – сыгъдæг æмæ «тыр» – та лæппу.Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег йæ доклады æрдзырдта фынгы æмæ иумæйаг æгъдæутты тыххæй. Цы нысан кæнынц фынгыл кусæрттаджы æртæ сæйраг хай: сæр, бæрзæй, уæн æмæ æртæ уæлибыхы, афтæ ма Уастырджийы нысаниуæджы тыххæй дæр. Ирбег банысан кодта, зæгъгæ, нæ фыдæлты иумиаг цардуагон хъуыдыкæнынады дин æмæ уырнынад æнцой кодтой æгъдауы фæлгæтты, ома, сæ дин уыдис сæ æгъдауыл баст, йæ мидæг та æвæрд уыд сæ уырнынады мидис æмæ сæ уый кодта æнгомдæр. Ирон адæммæ æнæгъдау адæймаг нымад цыд æгуыдзæгыл, æхсæнады йын бынат нæ уыд, йæ домæнтæ уыдысты карз æмæ бæрнон. Чи-иу фæрæдыд, уый-иу æй зыдта, цавæр æфхæрд æм æнхъæлмæ кæсы, уый. Уымæ гæсгæ адæм цардысты æнæфыст закъæттæм гæсгæ, сæ миддунейы фидар æгъдæуттыл æнцойгæнгæйæ. Уыдис нæ фыдæлтæм ахæм æгъдæуттæ дæр, кæцытæ абон ферох сты, куыд, зæгъæм, ирæд исын, тугисын, хъоды кæнын æмæ æндæртæ.

Ирон адæмы æгъдæуттæ сты æнæхъæн цардуагон энциклопеди, сæ мидæг æвæрд ис гуырахстджын нысаниуæг национ райрæзты. Фыдæлтыккон æгъдæутты иу хайыл дæр рæстæджы фæлм сбадт, ивгъуыды баззадысты æмæ абон цадæггай сæфынц, афтæмæй та æнцонтæй исæм сыхаг адæмы æгъдæуттæ.

Ныры дуджы дæр нæм арæх æрхауы ныхас, цы диныл хæст стæм, уый тыххæй. Динтæй, чизоны, иу дæр æвзæр нæй, фæлæ уыдонæй искæцы æхсæнады мидæг дихдзинæдтæ куы хæсса, уæд уый хорз фæстиуджытыл дзурæг нæу. Стæй ма, искæйы уырнынад дæлдæр æмæ цауддæр куы хоной, уæд уый та адæмы кæны кæрæдзийы мидæг, уæд уый цавæр уырнынад у, – дзырдта конференцимæ æрбацæуджытæн Мæргъиты Ирбег.

Æрæмбырдуæвджытæн ма ацы темæтыл æрдзырдта Хъоцыты Алвери дæр, уæлдайдæр та, Уастырджийы бонтæ нысан кæнын ирон адæм кæцы æнусæй райдыдтой, уый тыххæй.

Сыгъдæг Уастырджийы бæрæгбоны тыххæй æмæ мадзалы нысаниуæджы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Хъазиты Хатуна дæр.

Конференцимæ æрбацæуджытæ хорзыл банымадтой, ахæм мадзæлттæ арæхдæр уадзын кæй хъæуы, уыцы хъуыды. Цæмæй нæ хорз традицитæ æмæ æгъдæуттæ нæ кæстæртæй ма рох кæной.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.