Радиостанци «Ир-FM»-ы алæвæрдтæн табугæнджытæ ацы аз 6 июны уыдысты æвдисæн ног проектæн. Лæмбынæгдæр хъуыддаг рафæлгъауыны фæдыл нæ уацхæссæг бахатыд радиостанцийы директор Цхуырбаты Аланмæ, цæмæй нын бæстондæр радзура ацы цымыдисон ног проекты тыххæй:

— Алан, рæстæгæй-рæстæгмæ нæ дисы баппарыс алыгъуызон ногдзинæдтæй. Уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы зæрдæмæ тынг фæцæуынц. Ныр дæр та цыдæр æрымысыдтæ.

— Радиойы хъуыддаг афтæ у, æмæ цыфæнды цымыдисон æмæ алыварсон программæ ма цæттæ кæнай æрвылбон дæр, уæддæр дзы радиомæ хъусджытæ афæлмæцынц, нæ адæм куыд фæзæгъынц: лæг дзул æмæ мыд хæрынæй дæр фæлмæцы. Уымæ гæсгæ нæхæдæг тынгдæр архайæм, цæмæй нæ республикæйы цæрджытæн æхцондзинад хæссæм ногдæр æмæ цымыдисондæр алæвæрдтæй. Ацы ног проект та у ног интерактивон хъазт «Кæд дæ ирон, уæд де ’взаг зон».

— Ахæм ном ын дæхæдæг равзæрстай?

— Ацы хъазт тынг цымыдисон у. Райдианы хъуыды кодтон, зæгъын, хъазтæн æндæр ном æрымысон, ирон чи у, уый та йæ мадæлон æвзаг куыннæ хъуамæ зона. Фæлæ стæй æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: Æниу, ныртæккæ ахæм дуг æркодта æмæ ахæм ном ахадгæдæр у, искæйты хъуамæ бацагайа. Æмæ йæ афтæ ныууагътон. Мæнмæ гæсгæ хорз у. Æппæт амæлттæй дæр хъуамæ архайæм, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр, фæсивæд хорз зоной æмæ сыгъдæг дзурой иронау.

Зæгъын мæ фæнды уый дæр, æмæ, ныр цалдæр азы нæ радиомæ хъусджытимæ комкоммæ эфиры цы хъæзтытæ уадзæм, уыдон тынг популярон кæй сты. Уæлдай æхсызгон сын вæййы, призтæ сын куы балæвар кæнæм, уый. Уымæ гæсгæ нæ коллектив хъазуатонæй архайы, цæмæй ногдзинæдты хуызы нæ программæмæ ивддзинæдтæ хæссæм. Ацы хъазтæн йæ программæ арæзт у викторинæйы хуызы. Викторинæйы фарстытæ дих цæуынц цалдæр темæйыл: фыццаджыдæр, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ, ирон адæмон сфæлдыстадæй ист æмбисæндтæ, зарджытæ æмæ æппæты цымыдисон — зындгонд адæмæй æнæнхъæлæджы фарст.

— Ахæм ног проекты программæйыл куы бакусут, уæд уæм цы æнкъарæнтæ сæвзæры?

— Бузныг, иттæг хорз фарст у (худы). Уый вæййы тынг цымыдисон. Хъазт нырма ауадзæм нæхи коллективы ’хсæн. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ йæм бахæссæм коррективæтæ æмæ стæй та — комкоммæ эфир. Бирæтæ нæм фæдзурынц, фæарфæтæ нын кæнынц. Иудзырдæй, не ’мбæстæгты зæрдæмæ цæуы. Кæд бирæ хъæзтытæ ауагътам комкоммæ эфиры, уæд ацы хъазты сæйрагдзинад та у, сыгъдæг ирон æвзагыл кæй цæуы, уый.

— Радиомæ хъусæгимæ чи ныхас кæндзæн хъазты рæстæджы, чи йæ амондзæн?

— Амонæг у Гуыцмæзты Иннæ. Уый йæхи сæрибарæй хаты комкоммæ эфиры, мæнмæ гæсгæ нæ фæтыхсдзæн. Не ’мбæстæгтæ йæ хорз зонынц бынæттон телеуынынады алæвæрдтæй, у зындгонд зарæггæнæг.

— Алан, уæддæр нын хъазты цыд лæмбынæгдæр куы раргом кæнис.

— Хъазты уагæвæрдмæ гæсгæ студимæ комкоммæ эфиры рæстæджы йæ бон уыдзæн æрбадзурын кæмæнфæнды дæр. Уымæ æрхаудзæн: адарддæр кæнын искæцы æмдзæвгæ, кæнæ кæронмæ зæгъын кæцыдæр æмбисонды хъуыды, кæнæ кæронмæ азарын банысангонд зарæг, кæнæ ирон æгъдæутты фæдыл фарстæн раст дзуапп скæнын. Уæлахиздзаутæм æнхъæлмæ кæсынц цымыдисон призтæ æмæ лæвæрттæ.

— Уæддæр ацы хъазтæн йæ сæйраг нысан цы у?

— Фыццаджыдæр, ирон æвзаг парахат кæнын, ирондзинад размæ кæнын канд рæзгæ фæлтæр æмæ фæсивæды ’хсæн нæ, фæлæ алы кары минæвæртты ‘хсæн дæр. Чидæр лæвар кæнæ приз куы райса, уæд иннæйы дæр бафæнддзæн, цæмæй ахъаза æмæ æнæмæнгæй дæр рамбула. Нæ радиойы коллективы стыр ныфс ис, чидæриддæр ирон æвзаг, ирон æгъдау, ирон дзырдæн аргъ кæны, уыдон активон хайад кæй райсдзысты ног проекты. Мах та сын развæлгъау зæгъæм стыр бузныг.

Цхуырбаты Аланæн мах дæр арфæ кæнæм нæ газеты коллективы номæй, цæмæй, йæ дæлбар цы коллектив ис, уыдоны уа адæмы хорзæх, цæмæй райзæрдæ æмæ æвæллайгæйæ кусой ирон адæмы хæрзиуæгæн, аразой ног æмæ мидисджын проекттæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.