Уæрæсеимæ баиу уæвын у нæ адæмы æнусон бæллиц. Уый тыххæй нæ бæстæйы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодтой референдум ауадзын, куыд хæдбар паддзахад, афтæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй. Уымæй бæстон æрцæудзæн нæ бæстæйы æдасдзинад, уыдзæн ын политикон фæстиуджытæ.

Не ’хсæнады стыр дзырд цæуы ныртæккæ ацы ахсджиаг, хъысмæтскъуыддзаггæнæн фарстыл. Уый фæдыл у нæ блиц-æрфарст дæр.

Хъазиты Мелитон, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар:

— Иу туг æмæ стæг адæм сæ кæрæдзи куы фембарынц, уæд сæ цин, сæ маст æмхуызон фæцæвæнтæ кæны сæ хъуыдыйы. Сæ иуы цы хъыг фæхæры, иннæйы дæр — уый, сæ иу цы цинæй фæрайы, иннæ дæр — уымæй. Æмæ мын 08.08.08 кæнæ уый размæ исчи афтæ куы загътаид, искуы ирон дзыхæйдзурæг, Уæрæсеимæ баиу уæм, иу паддзахады цæрæм, уый ныхмæ уыдзæнис, уæд мæ хъустыл нæ баууæндыдаин. Нæ референдумты-иу уыцы фарсты охыл 99 проценты уымæн хъæлæс кодтам.

Ау, рохнизæй рынчынтæ стæм æви нын алы æрбадавæггаг дзырд æнæмæнг хъуамæ фæндагамонæг уа? Нæ Хур кæм скæсы æмæ кæм ныгуылы, уый уынгæ куынæ кæнæм, уæддæр æй удæй ма хъуамæ хатæм æмæ уыцырдæм ма хъуамæ здахæм не ’ргом?

Истори ма хъуыды кæнæм, къуырматы ’фсон скæнæм, фæлæ 1989-æм азæй 2008-æм азмæйы дудгæбæттæ нырма, — зæрдæйы кой ма чи кæны?!. — фæлæ нæ буарыл дæр куынæ ма байгас сты, уæд нæ цæмæн рох кæнынц?

Ныр нæм нæ фыдбоны сыхæгтæ иугæр худынц, уæд сæ дæндæгтæ цыхты къæрттытæ фестадысты? Æви 2008-æм азы Владимир Путин, Дмитри Медведев æмæ Уæрæсе куынæ уыдаиккой, уæд нын нæ Фыдыбæстæйæ «сыгъдæг быдыр» чи арæзтой, уыдон сæ сæры мæгъзтæ фæивтой?

Чи зоны, æндæр искæцы сыхæгтæй æвæрæм ныфс? Æмæ нæм уæд 1992-æм азы хъулгъа куы ныббырстой Цæгаты, нæ фыд нын хомæй куы хордтой, уæд нын кæм уыдысты уыцы сæрхъызойтæ, цæмæннæ æрбалæууыдысты нæ фарсмæ? Рувæстау ныл дардæй цæмæн кодтой хин худт?

Æмбисæндтæ раст кæй сты, уый æз не ’рымысыдтæн, фæлæ нæ фыдæлтæ афтæ кæй зарыдысты: «Иры фæндаг — Уырысмæ!», — уый нæ адæмон сфæлдыстадæй хъуыстам. Уый се ’нусон бæллиц уыдис. Æмæ нын уымæн æцæг фадат куы фæцис, уæд нын чи хъавы нæ фæндаг æрæхгæнынмæ?

Афтæ чи дзуры, ныр Уырысы æфсад ам сты, сæ бынæттæ нал ныууадздзысты, уыдон нын лопъо гæдыныхæстæ кæнынц. Советон Цæдисæн ГДР-ы зæххыбын сахартæ дæр уыдис, фæлæ сæ иу бон Горбачев, Шеварднадзе æмæ Яковлев, стæй уыдон хуызæн гадзрахатæй цæуджыты фæндæй фæуагътой. Хуыцау бахизæд, фæлæ Уæрæсейы Федерацийæн иу Ельцины хуызæн разамонæг куы фæзына, уæд Уырысы æфсад тъунелæй нæма фæфалейæ уыдзысты, афтæ та нæ фыдбоны сыхæгтæ фæсарæйнаг фыдырдæм здæхтытæ æмæ æххуырст æфсадимæ нæ уæлхъус æрбалæудзысты нæ тугудæст уæзгуытæй нын «сыгъдæг быдыр» саразынмæ.

2014-æм азы РХИ-ы парламентон æвзæрстыты республикон политикон парти Иугонд Ирыстон иннæ партиты цæмæн ныддæрæн кодта æмæ хъæлæсты 60 проценты цæмæн райста, уый сусæггаг никæмæн у — нæ фæллойгæнæг, хъуыдыгæнæг адæм тынг хорз зонынц: ирон дзыллæ иумæ куынæ уæм, уæд нын фидæн нæй. Æрцæудзæнис не сæфт. Знон дæр ма Уæрæсеимæ нæ баиуы ныхмæ чи уыдысты, афтæмæй стыр бынæттæм чи ’ууындзынц сæхи, уыдон сæ хъуыды, 2014-æм азы æвзæрстыты фæстиуджытыл сагъæс кæнгæйæ, фæивтой цæхгæр. Адæмы хъæлæстæ расайын сæ фæнды.

Афтæ чи хъæр кæны: «Мах хæдбар республикæ хъæуы!» уыдон уал нын куы бамбарын кæниккой, бынтон æрæджы дæр ма мызд доллартæй цæмæн истой Калачы? Æви йæ ныр та мыхуырæвæрдæй гæххæттын дзыппыты исынц? Æви сæ кæмæйдæрты байрох сты, 2008-æм азы дæр нырма нæ фæздæг куы калд, уæд нæ фыдбоны сыхæгтимæ сæ дзыппыты пайдайæн цы бадзырдтæ арæзтой, уый? Æмæ уыдон фæзмынц, арф ныхъхъуыды кæнынмæ зивæг чи кæнынц, афтæмæй йæ патриотон æнкъарæнтæ кæуыл тых кæнынц, нæ уыцы иуæй-иу æмбæстæгтæ дæр. Æмæ сын фарсхæцæг куыннæ хъуамæ уой, чи фæлыгъдысты, кæмдæрты паддзæхты цардæй чи цæрынц, къуырисæры нæм нæ паддзахады æрттивгæ хæдтулгæтыл чи фæзынынц æмæ нын æрвыл майрæмбоны сæ дзаг галуантæм нæ «тæригъæд» чи амыхъ кæнынц, уыдон? Уæрæсеимæ куы уæм, уæд сын цыфæнды хионизмæй дæр уыцы фадæттæ нал уыдзысты.

Нæхи кой байрох кæнæм, фæлæ иу хъуыддаг цыфæнды уавæрты дæр хъуамæ фидарæй дарæм нæ зæрдыл: нæ кæстæрты фидæныл, Ирыстоны фидæныл зæрдæнцойæ хъуыдыгæнæн нæй, æнустæм Уæрæсеимæ куынæ уæм, уæд.

Уымæ гæсгæ, нæ Президент Тыбылты Леонид тынг хорз кæны, Уæрæсейы Федерациимæ субъекты хуызы нæ баиуы тыххæй ногæй референдум кæй сиды, уымæй.

Козаты Павел, горæты Ветеранты советы сæрдары хæдивæг:

— Уæд, 1992 азы хъæлæс дæттыны кары цæрджытæн Хуссар Ирыстон сæ зæрдыл дзæбæх лæууы. Уæрæсеимæ баиуы тыххæй цы референдум ауагъд æрцыд, уымæй хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæм гæсгæ, адæмы фæндон ноджыдæр бафидаргонд æрцыд. Алчидæр нæ цыд хъæлæсдæттынмæ стыр разæнгард æмæ ныфсимæ, уымæн æмæ æнусты дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм комкоммæ æфхæрд цыдысты нæ хуссайраг сыхæгтæй, кæцытæ, дыууынæм азтау, ронбæгъдæй рацыдысты нæ адæмыл, мардтой, сыгътой хæдзæртты, цыфыддæр митæ кодтой æнæаххос ирон адæмæн. Афтæмæй нæхи зæххыл цæрын нæ уагътой æмбæстæгты, фæндыд сæ кусын, фæллой кæнын, сæрибар æмæ фидыдады цъæх арвы бын цæрын. Кæд 1774 азæй нæ адæм Уæрæсеимæ иу уыдысты, уæддæр хъысмæты фæстиуæгæн, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, фæхицæн стæм æмæ чысыл нацийы гуырдзиаг импери хъавыди аныхъхъуырынмæ. Уыцы референдумы Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй фарст кæй уыд, уый нæ адæмæн бæрæгбонау уыдис æмæ йæм цинимæ цыдысты хъæлæс дæттынмæ. Фæстæдæр, ома, 2008 азæй Уæрæсейы Федераци нæ республикæйы хæдбардзинад куы банымадта, уæд нæ ныфс бацыд, абон уа, æви сом, уæддæр нын фадат кæй уыдзæн, цæрæнбонты нæ ирон адæм цæмæ бæллыдысты, уый сæххæст кæнынæн. Дзырд дæр ыл нæй ацы актуалон фарстыл зæрдиаг куыст цæуы нæ Президент æмæ Парламенты спикеры ’рдыгæй, цæмæй ист æрцæуæм Уæрæсейы Федерацийы скондмæ ног субъекты хуызы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарст æрмæст ирон адæмы фæндондзинадæй дарддæр хъуамæ уа Стыр Уæрæсейы разыдзинад дæр, æмæ ууыл та, мæнмæ гæсгæ, гуырысхогæнæн нæй абоны реалитæм гæсгæ. Æнæмбæрст нын нæу, Уæрæсе нæ кæй дары, уый дæр. Мах хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй референдум ауадзын æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн æмæ сомбон Уæрæсейы паддзахады Президент Путины фæстæ чи суыдзæн, уый нæм цахæм цæстæй ракæсдзæн, уый зын зæгъæн у, æмæ фæстиат кæнын та мæлæтæй хъауджыдæр нæу. Æз мисхал дæр нæ гуырысхо кæнын, ацы аз июлы мæйы цы референдум ауагъд æрцæуа, уый та кæй бафидар кæндзæн нæ адæмы цæрæнбонты рухс бæллицтæм тырнындзинад, йæ фæстиуджытæ кæй уыдзысты иттæг хорз æмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фарст уый хорзыл куы банымайа, уæд дунеон барадмæ гæсгæ, дырысæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæн. Уый та нысан кæндзæн нæ æдасдзинады стыр гаранти, не знаг нæм кæй нал фæныхилдзæн æмæ æцæг хæдбар æмæ сæрибары цард кæй æрбынат кæндзæн нæ маствæллад Ирыстоны. Хуыцауæн та фæндон фæуæт, нæ бæллицтæ, цæмæй сæххæст уой нæхи фæндиаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.