Нæ фыдæлтæ (хъобайнæгтæ, скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ) нын ныууагътой материалон æмæ монон кульутрæ. Сæ хæдбындурдзинадæй сæхицæн чи сном кодта, уыдон уыдысты индоевропæйæгты ирд минæвæрттæ, ахæмтæ абон сты ирæттæ дæр. Номхуындæй, уыдон æмæ уымæй раздæр дæр та алантæ, сæвзæргæ историон уавæртæм гæсгæ æхсарджынæй ахуыр кодтой Кавказы регион, уыимæ сæ дин, се ‘взаг, традицитæ æмæ æгъдæуттæ, материалон æмæ монон культурæ хъахъхъæнгæйæ. Номхуындæй, уымæ гæсгæ у афтæ ахсджиаг не ‘цæг культурæ хъахъхъæнын, уыимæ зæрдыл дарын хъæуы, нацийæн ахсджиаг кæй у алы адæймаг дæр, кæцы хъуыды кæны йæ адæмы фидæныл. Номхуындæй, ахæм адæймæгтæ тынг ахсджиаг æмæ зынаргъ сты нацийы æндидзынад æмæ рæзтæн. Æмæ цæвиттон кæмæй райсæм, ахæм адæймæгтæ та махмæ бирæ ис.

Кæй зæгъын æй хъæуы, иу уацы æрдзурæн нæй адæмы иу кæнæ иннæ монон фарс æвдисæг æнæхъæн къорд фарстытыл, фæлæ мæ фæнды иуæй-иу аспекттæм хъусдард аздахын. Уый гæнæн нæй æмæ йæ Райгуырæн бæстæ чи уарзы, уыцы адæймаг фидæны йæ адæмы раз монон бæрндзинад ма æнкъара, кæцыты монон домæнтæ хъуамæ фылдæр кæной æмæ рæзой. Фæнды мæ академик Д.С. Лихачевы ныхæстæ æрхæссын, кæцытимæ гæнæн нæй æмæ растхъуыдыгæнæг адæймаг ма сразы уа. «Æз дæн ахæм цæстæнгасыл хæст, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад райдайы хисæрмагонд бинонтæм, хи хæдзармæ, хи скъоламæ уарзондзинадæй. Уыцы уарзондзинад куыдфæстагмæ ноджы тынгдæр фе-рæзы. Куыдфæстагмæ уый свæййы райгуырæн горæтмæ, райгуырæн хъæумæ, райгуырæн æрдзмæ, не ‘мзæххонтæм уарзондзинад æмæ куы рахъомыл вæййæм, уæд та уыцы уарзондзинад свæййы æмбаргæ æмæ фидар уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ,  радтæг адæммæ суанг нæ амæлæты бонмæ.

Нæ истори, нæ фыдæлты кадджын архайдтытæ махæн уый бар нæ дæттынц, цæмæй нæ бæстæйы æмæ уымæй æддейæ цы процесстæ цæуынц, уыдонмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæм. Кæд горæтты æмæ республикæйы хицауиуæгады минæвæрттæ архайой æрмæстдæр хæдзарадон чысыл проблемæтыл, кæд æмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсой райгуырæн къуымы культурæмæ, йæ историмæ, мадæлон æвзаджы бахъахъхъæнын æмæ рæзтмæ, уæд уым куыд фæтк, афтæ идеологон, монон хъомылад цуды дыууæ къахæй дæр, кæцыйын комкоммæ бастдзинад ис практикон архайды кæцыфæнды формæтимæ дæр.

Нæ цæстæнгасмæ гæсгæ, хорз уаид æмæ горæтты æмæ районты къухдариуæггæнджытæн, уыцы нымæцы хæдзарадон къухдариуæггæнджытæн дæр курсытæ уагъд куы цæуиккой райгуырæн республикæйы истори, йæ материалон æмæ монон культурæ ахуыр кæныны фæдыл. Цæмæй къухдариуæггæнджытæ адæмимæ иумæ кæной ахæм куыст, кæцыйæн йæ нысан уаид не ‘мфыдыбæстæйонты æмбарынады æртæиууоны: ивгъуыд – абоны бон – фидæн сфидар кæнын. Адæмы культурæ дарддæр кæнын, адæмы царды даргъæнусондзинад гарантион сты æрмæстдæр ахæм уавæрты, кæд æмæ адæмæн ис хорз зæрдылдарынад, кæд æмæ фидæны тыххæй йæ ивгъуыд кусы абоны бонимæ, уæд. Мах хъуамæ ма рох кæнæм нæ адæмы, нæ республикæйы ивгъуыд. Æз æрмæст нæ хæдбардзинад банымайыны онг рæстæгыл нæ дзурын, фæлæ уымæй раздæры рæстæгыл дæр. Нæ хъæуы æгæр тагъд рох кæнын нæ адæмы национ-сæрибаргæнæн тохимæ баст цыдæриддæр ис, æппæт уыдоны, XVIII-æм æнусы гуырдзиаг æлдæртты ныхмæ тох æмæ геноцидæй райдайгæйæ, кæцыты ирд фæзындтытæ систы XX-æнусы 20-æм азты æмæ XXI-æм æнусы 2008 азы августы цаутæ.

Махæн ницахæм моралон-этикон бар ис æмæ ма архайæм, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ хæдбардзинад. Хæдбардзинады æмбарынад йæхæдæг бæрнджын кæны, цæмæй æвзонг хуссарирыстойнаг паддзахады къухдариуæггæнæг органтæ Президент, Хицауад æмæ Парламенты сæргълæудæй адæмимæ иумæ, кæцытæн ацы хæдбардзинад сæ къухты бафтыд бирæ удты æмæ материалон зиæнтты руаджы, иумиаг тыхтæй саразой афтæ æмæ РХИ суа ИНО-йы уæнг, хæдбар паддзахадты дунеон æмхæларады æххæстбарджын хайадисæг. Уый тыххæй махæн ис æппæт разæууæлтæ дæр. Æмæ ацы фарст аскъуыддзаг кæныны та иууыл сæйрагдæр сты адæмы иудзинады ресурстæ, чи цы фæнды ма араза би-рæнацион æхсæнад ныддихтæ кæныны тыххæй, уæддæр. Паддзахад æмæ æхсæнадæн нæй гæнæн æнæ мидæггагон монон аппæй, кæцыимæ баст сты экономикæ, ахуырад, зонад, культурæ æмæ политикæ. «Æнæбуарон монон субстанци» – адæмыл культурон æхсæнады æндæвдад свæййы ирд тых, уæлдай тыхджындæр та свæй-йы адæммæ æрхауæг карз фæлварæнты рæстæджы.

2008 азы августы цаутæ, кæцыты нæ адæм никуы ферох кæндзысты, тынг ирдæй равдыстой, уыцы хъуыддаг. Æз дзурын мидисмæ гæсгæ, æрмæст фашистон операци «Сыгъдæг быдыр»-ыл нæ, фæлæ ма Стыр Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта æмæ нын кæй æххуыс кæны, ууыл дæр. Категорион æгъдауæй монондзинад æмæ адæймагдзинады кæрæдзийы ныхмæ æвæрд дыууæ субстанцийы. Кæцыфæнды адæмæн дæр ист куы æрцæуой  (æмæ афтæ та нысанмæздæх-тæй аразынц афтæхуыйнæг хицæн динон конфесситы минæвæрттæ!) æвзаг, традицион культурæ, зарджытæ, кæфтытæ, костюмтæ, аргъæуттæ, ныхасы жанртæ, календарон фæтктæ æмæ бирæ æндæртæ, кæцытæ комкоммæ баст сты историон мысынадимæ, национ хиæмбарынад байсынимæ, уæд цы хъуамæ схонæм нæ фæстагтæты, цахæм адæймæгтæ сæ ра-цæудзæн? Ацы фарстæн дзуапп ис ныридæгæн абон. Уыдон уыдзысты ахæм адæм, кæцытыл бар дарын (манипулировать) уыдзæн æнцон. Уыдон уыдзысты ахæм адæм, кæцытæ нæ зондзысты, цæй тыххæй мардысты сæ фыдæлтæ, царды цахæм æргъадтæ сты иууыл бæрзонддæр, уый. Тæссаг у афтæ ахъуыды кæнын, уыдонæн иууыл хуымæтæгдæр домындзинæдтæ куы баззайой: бахæрын, бафынæй кæнын, сæ инстинкттæй райгондæй баззайын. Æмæ сын уыцы хуымæтæджы домæнтæ та уыдзысты æппæтдæр! Хуыцау нæ бахизæт ахæм худинагæй!

Мах алыхатт дæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм уый, æмæ алы наци дæр фидар кæй у йæ дин, культурæ, историон мысынад, æвзаг æмæ национ хиæмбарнадæй, æнæ уыдон нæй гæнæн æмæ адæм уæвынад кæной. Нæй гæнæн æмæ уа æнæ дин, æнæ æвзаг адæм. Акæсут ма, цахæм уавæры ис нæ мадæлон ирон æвзаг? Нæ чызджытæ æмæ лæппутæ сæ мадæлон æвзаг кæй нæ зонынц,  æфсæрмы кæй кæнынц сæ мадæлон æвзагыл дзурын, уый сын кад у? Цы кодтам? Цы адæймаг нæ зоны æмæ йæ нæ фæнды æрмæст йæ истори зонын нæ, фæлæ иууыл сæйрагдæр та, йе ‘взаджы, уыдоны нымайын афтæ æмæ кæй сты homo sapiens (æмбаргæ адæймаджы) æмæ цæрæгойы хсæн уæвæгой æнæ мыггаг æмæ адæмы хаттæй. Мах хæсджын стæм, цæмæй зонæм, хъахъхъæнæм æмæ рæзын кæнæм не ‘взаг, уарзæм нæ ма-дæлон æвзаджы алы дзырд дæр, сæрыстыр уæм нæ национдзинадæй, хъахъхъæнæм нæ хæдбындурдзинад æнусты дæргъы сæвзæргæ æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ.

Нæ фыдæлты истори махы онг цы æвæрццагдзинæдтæ æрхаста, уыдоны хъæуы æрæмбырд æмæ баххæст кæнын, нæ монон æмæ национ культурон традицитыл бындуриуæг кæнгæйæ, кæцытæ хъуамæ сæндидзын кæна æмæ сын импульс радта, номхуындæй, йæ адæмы традицитыл хъомылгонд адæймаг. Ныртæккæ мах стæм глобализмы архайды, сындæггай æрмæст национ культурæ нæ, фæлæ нацитæ сæхæдæг дæр куынæггонд куы фæцæуынц. Мах хъуамæ бындуронæй кæрон скæнæм, нацийы дæлдзиныг кæнынимæ баст цыдæриддæр у, æппæт уыдонæн Афтæхуыйнæг политологтæ æмæ конфликтологтæй бирæтæ дзырд æмæ æмбарынад «национдзинадæй» пайда кæнынц æрмæстдæр куыд «экстремизмы» синоним, афтæ. Уый бындуронæй раст нæу. Æз нымайын æмæ мæ уырны уый, æмæ мæ хъуыдыимæ разы кæй сты сæдæгай æмæ мингай растхъуыдыгæнæг адæймæгтæ, зæгъгæ, патриотизм у Райгуырæн бæстæмæ, адæммæ, мадæлон æвзагмæ, историмæ, бинонтæм уарзондзинад. Алцы хæццæ кæнын нæ хъæуы, афтæ ма нæ хъæуы искæйы идеологиты æндæвдады бынмæ бахауын дæр. Ныртæккæйы вазыгджын æмæ хæццæ дунейы тынг зын у ориентировкæ кæнын. Акæсут ма, цахæм информацион характеры æндæвдады бын бахаудысты æрмæст нæ фæсивæд нæ, фæлæ иумиагæй не ‘хсæнад дæр, кæцы зыгъуыммæ кæны æрмæст истори нæ, фæлæ ма халы арæнтæ монондзинад æмæ æнæгъдаудзинады ‘хсæн. Абон мах алфæмбылайы дунейæ дих кæнынц паддзахадон æмæ административон арæнтæ, фæлæ не ‘хсæн монон арæнтæ нæ уæвынад кæнынц.

Абон телеуынынадмæ, уæлдайдæр та уæрæсейаг иуæй-иу каналтæм (зæгъæм, НТВ-йы программæтæм) кæсæн нæй, уымæн æмæ уыдон сты æнæмонон, уæлдайдæр барадхъахъхъæнæг органты кусджытыл æмæ иумиагæй уырыссаг адæмыл æргомæй кæм худынц, уыцы сериалтæ. Нæй ахæм фильм, цæмæй йæ хъайтартæ ма уой расыггæнджытæ, бирæ дзы ис ахæм алæвæрдтæ дæр, цыран æвдыст цæуы æнæгъдаудзинад (зæгъæм, «Ты не поверишь», «Дом-2» æмæ афтæ дарддæр). Тынг бирæ æвдыст цæуы зæрдæсайæн æмæ тыхмийы сценæтæ (Голливуд улæфы!), интернет-сайтты, иумиагæй интернеты ис къахбайдзинад.

Кæм ис монондзинад! Кæдæм кæсынц растхъуыдыгæнæг уæрæсейаг адæм? Ау, куынæг æрцыд цензурæйы институт? Ахæм идеологиимæ, кæцыйы пропагандæ кæнынц æмæ йын кæрон скæнынмæ дæр ничи хъавы, мах фестдзыстæм ахæм цъыфдзасты, цыранæй нал схиздзыстæм. Уымæн æруадзæн нæй! Уæлдайдæр та нæ адæмы чысылнымæцдзинад хынцгæйæ. Тыхджын ахæм адæм сты, кæцы йæ ивгъуыдимæ бастдзинад нæ фесæфта, йæ фыдæлты фæлгондз цæвиттон кæмæн у ныртæккæйы  рæстæджы  дæр.  Уыцы адæм, кæцытæ хъуыды кæнынц æмæ зонынц се взаг, кæцытæ аргъ кæнынц сæ мадæлон æвзаджы алы дзырдæн дæр. Уыцы адæм, кæцытæ бахъахъхъæдтой сæ хæдбардзинад æнусты дæргъы сæвзæргæ традицитæм гæсгæ. Уыцы адæм, кæцытæ æнувыд сты сæ дины Символыл. Уыцы адæм, кæцытæ сæрыстыр сты сæ национдзинадæй (сæ адæмы хаттæй). Уый хауы ирæттæм дæр, кæцытæн уавæртæм гæсгæ – географион арæнтæ, архайды фадыг, историйы хицæндзинæдтæ, адæмтæ-сыхæгты æндæв-дадмæ гæсгæ сæвзæрд æнæсфæлхаттгæнгæ царды уаг.

Æз нымайын афтæ, æмæ нын нæ монон апп хъуамæ бæрæг кæна уыцы æмбарынад, зæгъгæ, нæ истори, æвзаджы проблемæтæ, материалон æмæ монон культурæйы рæзтыл хъуамæ фылдæр архайой ирæттæ сæхæдæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах хъуамæ бузныг уæм уыцы ахуыргæндтæй (уæлдайдæр та уæрæсейæгтæй), кæцытæ архайдтой æмæ архайынц иумиагæй ирон истори, æвзаг æмæ культурæйы проблемæтыл. Хъуамæ нæ рох ма уа ирон адæмы культурæйы хæзнадонмæ æввахс æмæ дард фæсарæнты ахуыргæндтæ цы хайбавæрд бахастой, уый дæр. Номхуындæй, уæлдæр цы проблемæтыл æрдзырдтон, уыдон мæ æфтауынц катайы. Кæм стæм мах, нæхæдæг ирæттæ? Цæмæн стæм райгонд уымæй æмæ нын нæ истори, не ‘взагыл, æмæ иумиагæй нæ культурæйыл фылдæр хатт ирæттæ кæй нæ кусынц. Цы ныл æрцыд? Цæмæн сразы стæм ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, махæн æппынæдзух (?)  хъуамæ æххуыс кæной дотацион æгъдауæй æрмæст материалон нæ, фæлæ монон фадыджы дæр. Афон нын у нæхи Æз зæгъынæн. Махæн, бирææнусон фæлварæнтыл чи рацыд æмæ афтæмæй сæ хæдбардзинад йæ къухты кæмæн бафтыд æмæ сæдæгай азты фæстæ йæ паддзахаддзинад чи сæндидзын кодта, уыдонæн уый бар ис.

Адæм, кæцытæ бахъахъхъæдтой сæ этникон хиæмбарынад, се ‘взаг, сæ истори, кæцытæн ис сæхи территори, сæхи Президент, Хицауад, Парламент, сæ паддзахаддзинады атрибутикæ, арфæйаг климатон уавæртимæ æрдз æмæ стыр нысаниуæг кæмæн ис, уыцы «Менделеевы таблицæ» йæ  къæхты бын кæмæн ис, уыцы адæм афтæ ма хъуамæ цæрой æмæ æппынæдзух фæрсырдыгæй æххуысмæ æнхъæлмæ кæсой. Афон нын нæма у, æмæ сæвзæргæ уавæртæ хынцгæйæ, куыдфæстагмæ нæ лексиконæй дотацийы æмбарынад сисæм æмæ йæ размæдзыд экономикæйы æмбарынадæй баивæм? Фæнды мæ Чехойты Александры æмдзæвгæйæ ныхæстæ æрхæссын (музыкæ йыл ныффыста Харебаты Вадим)  «Ирæттæ размæ…». Мах хъуамæ хъуыды кæнæм æрмæст нæ ивгъуыд æмæ абоны боныл нæ, фæлæ нæм фидæны цы æнхъæлмæ кæсы, ууыл дæр. Абон не ‘хсæнадыл пассивондзинад кæй фæтых, уымæ гæсгæ нæ фæстагæттæ райгондæй сæ зæрдыл зынтæй дардзысты нæ архайдтыты тыххæй.

Дзæгъæлы куынæ дзырдта стыр Къоста йæ философон хъуыды – «Дæ фыдæлтæ рухсаг – дæхæдг мын бæзз!», зæгъгæ. Æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ уæлдæрзагъдгонд ныхæстæ ныхдур кæй нæ уыдзысты нæ национ идеяйæн – территори, паддзахаддзинад, хæдбардзинад, æвзаг, истори, дин, традицитæ, æгъдæуттæн. Цымыдисон у профессор Къусраты Анатолийы хъуыды уый тыххæй, зæгъгæ, «махæн нæ бон нæу бæлвырдæй зонын дард фидæны цаутæ; фæлæ уыдон баст сты нæ абоны архайдтытимæ, уымæ гæсгæ, махæн нæ бон у фидæны рæзты сценарийыл бандавын. Уæдæ афтæмæй, æхсæнады элитæйы роль ис уый мидæг, цæмæй цæуæм цауты разæй, сæ сæйраг тенденцитæ æмæ сæйрагдæр хицæндзинæдтæ сын развæлгъау зонын, æмæ сæ æхсæнады рæзтмæ здахын фæлварын».

Нæй гæнæн æмæ ма æрæмысæм Конфуцийы зондджын ныхæстæ: «Кæд план кæнут æнæхъæн азæн – байтаут нæмыг, кæд æмæ план кæнут дæс азæн  ныссадзут бæлас, кæд æмæ сæдæ азæн – ахуыр кæнут адæмы». Цæй æмæ ацы зондджын ныхæстæ æрмæст ахуыр ма кæнæм, фæлæ сæ гъæдджынæй пайда кæнæм не ‘рвылбонон царды. Уый тыххæй мах хæсджын кæнынц республикæйы, де-факто æмæ де-юре нымадгонд республикæйы цардуагон архайды бирæ уавæртæ. Мах ма хъуа-мæ рох кæнæм, цы зындзинæдты, фыдбонты æмæ уды зиæнт-ты сæрты рацыдысты нæ бирæхъизæмæрттæ баййафæг адæм, уый. Мах ма хъуамæ ферох кæнæм нæ адæмы аирвæзын кæныны тыххæй цахæм нысаниуæг ис Стыр Уæрæсейæн, кæцы махæн радта историон шанс цалдæр сæдæ азы фæстæ нæ паддзахаддзинад сæндидзын кæнынæн. 2008 азы 25-æм августы дæр махæй исчи ахъуыды кодтаид нæ хæдбардзинад нæ къухты бафтдзæн, ууыл?

Нæ хъысмæт нæхи къухты ис. Уæдæ, цæй æмæ  саразæм, нæ фидæн нæм цæмæ æнхъæлмæ кæсы, уый. Политикон, экономикон, монон æгъдауæй дæр æмбæрстгонд нормæтимæ баст размæдзыд паддзахад. Хъуамæ тырнæм, цæмæй нæ бæстæйы фæрныгад искæуыл баст ма уа, фæлæ нæхæдæг ахъаз кæнæм не ‘взонг паддзахады дарддæры рæзтæн, цыран уæлдæр хицауиуæгады архайдтыты руаджы азæй-азмæ, уæлдайдæр та фæстаг азты нæ царды цæуынц хуыздæрырдæм ивындзинæдтæ. Хъуыды кæнын афтæ æмæ нæ адæм, царды стыр скъолайыл, Фыдыбæстæмæ уарзондзинады, сæрибардзинад æмæ хæдбар-дзинады, парламентаризмы фæндæгтыл чи рацыд, кæцы бындуриуæг кæны æцæг демократон райдайæнтыл  Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, сæрибардзинад æмæ хæдбар-дзинад, парламентаризмы фæндæгтыл, номхуындæй Ныхасы (Стыр Советы) институтимæ баст ирæттæн бар нæй æмæ ма æрбæстон кæной 2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты фарст дæр.

Æмæ ма ноджы. Æз нымайын афтæ æмæ махæн нæ бон у афойнадыл къорд ахсджиаг фарсты аскъуыддзаг кæнын.

  1. Уæлдай хъусдард хъæуы аздахын сæйраг проблемæ демографийы институты катастрофон уавæрмæ æмæ уый фæдыл бындуронæй æнæниздзинады æмæ æнæмæнг-хъæуæг медицинон фæдзæхсты системæйы эффективондзинад фæхуыздæр кæнын. Мах куынæ фæтых уæм демографион проблемæйыл, уæд нын нæ территори бацахсдзысты æндæр этносты минæвæрттæ! Æз хъуыды кæнын ууыл, æмæ мах кæй хъæуы æппæт уавæртæ дæр саразын, уыцы нымæцы материалон характеры уавæртæ дæр ахæм бинонтæн баххуыс кæныны тыххæй, цыран ис æртæ сывæллонæй фылдæр. Уый гæнæн ис æмæ суа бæрæг стимул.
  2. Тынг карзæй æрæвæрын хъæуы фарст арæнгæрон пункт Дæллаг Зæрæмджы автомобилты бæрæг кæныны тыххæй (кæцы уагъд фæцæуы æгæрыстæмæй, дарддæры æнæдезактивацийæ) рентгены ифтонгад сликвидаци кæнæ та æруромыны тыххæй. Ацы пункты кусджытæн фидаргонд у, æгæрыстæмæй, боны мидæг цал автомашинæ хъуамæ басгарой, уый дæр (70-80!). Цыма хуссарирыстойнаг адæммæ цы зындзинæдтæ æрхаудысты, уыдон нын фаг не сты, уыйау ма нæ ноджы рентгены зианхæссæг радиацийы æндæвдады бын фæкæнынц. Радиацион æндæвдады фæдыл фæлварæнтæ фылдæр фæуадзынц цæрæгойтыл, æгæрыстæмæй, радиацион фон сбæрæг кæныны тыххæй дæр. Æз уыдтæн 5-6 паддзахады, фæлæ ахæмæй уыцы паддзахадты арæнтыл никуы федтон, уыцы нымæцы АИШ, Испан, Турк, Сомихстон, Абхаз æмæ афтæ дарддæр.
  3. РХИ-йы экономикæ сæндидзын кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг уавæр у Нары хъæуы (Дæллаг Зæрæ-мæджы таможнæйон пост) ирон-ирон кæнæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл таможнæйон барьертæ сисын, кæцытæ бонæй-бон карздæр кæнынц, бирæ хæттыты æнæ аххосæгтæй дæр барæй арæзт æрцæуынц даргъ радтæ. Уый серьезон ми нæу, уæлдайдæр та уыцы хъуыддаг хынцгæйæ, æмæ махмæ кæй æрцæуынц бирæ фæсарæйнаг уазджытæ куыд æввахс, афтæ дард фæсарæнтæй дæр, кæцытæ дызæрдыггæнгæйæ фæкæсынц, арæныл цы цаутæ фæцæуынц, уыдонмæ. Транскамы цæгат порталæй цалдæр километры æддæдæр таможнæйон посты равæрд нымайæм нонсенсыл, æмæ уæлдай ахсджиагдæр та у ацы пост Стыр Къостайы райгуырæн хъæуы æвæрд кæй у, уый, кæцы йæхи снывонд кодта мадæлон ирон адæмы цард алыварсонæй равдисынмæ. Цымыдисон у, цымæ йын цахæм реакци уыдаид ирон-ирон арæнмæ, кæцы идеямæ гæсгæ хъуамæ цæуид, РЦИ-Аланийы арфады нæ, фæлæ, номхуындæй, арæныл. Æмæ дæсгай азты та махæн уырнын кæнынц, зæгъгæ, уый у афтæхуыйнæг ирд арæнгæрон зонæ. Цымыдисон у, цымæ цы хуызæн у афтæхуыйнæг æнæирд арæн та?.
  4. Серьезон хъусдард аздахын хъæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны эффективон арæнгæрон æфсæдтæ саразынмæ, кæцытæ ахъаз кæниккой фыдæлтæй баззайгæ арæнгæрон ирон территоритæ фесафынæн нæ, фæлæ до-кументты бындурыл паддзахадон арæнгæрон хаххæн, ирон адæмы хъуыдытæ æмæ интерестæ практикон æгъдауæй хынцгæйæ, раст æмæ цивилизационæй скъуыддзаг кæниккой ахсджиаг паддзахадон хæстæ. Тынг ахсджиаг у, цæмæй арæн цæуа, номхуындæй, кæйдæр зæрдæ балхæныны тыххæй нæ, фæлæ æмарæн бæстæтимæ арæн кæныны хаххы тыххæй. (Æгæр бирæ нæ дæттæм нæ фыдæлты территоритæй Тырсыгомы Ларсы районы æмæ афтæ дарддæр).
  5. Максимум тыхтæй спайда кæнын хъæуы, цæмæй архайын райдайой не ‘рдзон ресурстæй, кæй зæгъын æй хъæуы, экологон проблемæтæ хынцгæйæ. Мах хъæуы цадæггай дотацийы уавæрæй рахизын. Уый тыххæй махæн ис алы уавæртæ дæр, æмæ уал нырма та, адæмы потенциал, кæцытæ ахъаз кæниккой нæ паддзахады цардуагон архайд æвдисæг æппæт фад-гуыты рæзты нырыккон æмæ эффективон системæйы рæзтæн, уыцы нымæцы зонад, ахуырад, культурæ æмæ цæр-джыты ппрофессионалон ориентацийæн (квалификаци).
  6. Серьезон æгъдауæй æркæсын хъæуы кадрон политикæйы фарстытæм æмæ фылдæр хъусдард та аздахын хъæуы æхсæннацион интерестæ среализаци кæнынмæ, æрхонгæ кусджытæ, афтæхуыйнæг рæстæгмæйонтæй спайда кæнгæйæ нæ, кæцытæй бирæтæ фæндон бахастой, æгæрыстæмæй, Цъоны хъæуы районы уæззау хæдтæхджытæн аэродром саразыны тыххæй æмæ æндæр æнæхъола фæндæттæ, фæлæ спайда кæнын хъæуы экономикæйыл зонадон методтæй разамынд кæныны тыххæй паддзахадон хъуыды-кæнынадимæ хисæрмагонд специалисттæй. Мах хъæуы ахæм специалисттæ, кæцытæ уыцы иурæстæджы æмбарой нæ адæмы менталондзинад дæр.
  7. Хъæуы серьезондæр хъусдард аздахын нывкæнынады, кафты, музыкалон аивады, историйы, литературæ, традицитæ æмæ æгъдæутты, театры къабазы национ культурæйы æнтыстытæ равдисынмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны базоной æнæхъæн дунейы. 2008 азы августы цауты тыххæй рæстдзинад, æмæ ирон адæмы национ-сæрибаргæнæн тохы æппæт рæстæг (æппынкъаддæрæй XX-æм æнусы 20-азтæй райдайгæйæ) хъуамæ æвдыст æрцæуа хисæрмагонд документалон æмæ аивадон уацмысты, кинофильмты, æппынфæстагмæ монументалон характеры скульптурон цыртдзæвæнты. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ æппæт уæлдæрзагъдгонд проблемæтæ махæн нæ бон кæй у сæххæст кæнын, цæмæй фидæны фæлтæрты раз нæ цæсгом уа сыгъдæг.

Номхуындæй, зонадон-техникон интеллигенци, æнæниз-дзинад æмæ социалон ифтонгады органты, культурæ, ахуырад, æмæ иумиагæй, нæ паддзахады цардуагон æппæт сфе-рæты минæвæрттимæ иумæ хъуамæ уой не ‘хсæнады монон потенциалы инициатортæ æмæ реализатортæ, иууон культурон-информацион тыгъдад сфидар кæнгæйæ, историон-культурон исады, социалон культурон инфраструктурæ бахъахъхъæнын æмæ рæзты тыххæй, профессионалон аивад æмæ адæмон сфæлдыстады, энергийы хисæрмагонд  гуырæнтæ æмæ æрдзон ресурсты рæзтæн уавæртæ сифтонг кæнгæйæ.

Æппæт уæлдæрзагъдгонд хъуыдытæ ахъаз фæуаиккой, нæ паддзахадæн дунеон æмвæзадмæ рахизынæн. Мæн уырны цы проблемæтыл æрдзырдтон, уыдон царды ныббиноныг кæнын нæ бон кæй суыдзæн.

ГАГЛОЙТЫ Роберт,

Уанеты Захары номыл ХИЗИИ-йы директор,

РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг,

Дунеон æхсæнадон змæлд «Иры

 Стыр Ныхасы» Хуссар Ирыстоны

регионалон хайады сæрдар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.