Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомыл кæныны 2017-2019 азты программæйы фæлгæтты Национ музейы нæ республикæйы ахуыргæнинæгтæн бакæсдзысты лекцитæ.

Музейы кусджытæ уыдонæн радзурдзысты канд экспозициты артефактты (социалон æмæ культурон зонæнтæ хæссæг предметæ) тыххæй нæ, фæлæ ма афæлгæст сараздзысты нæ ивгъуыд цардыл дæр.

Æвзонг лекцитæм хъусджытæ базонгæ уыдзысты рагон скифты историимæ, базондзысты ма алантæ куыд бандæвтой нырыккон европæйаг æхсæнады рæзтыл, куыд æндæвтой Кавказыл. Базонгæ ма сæ кæндзысты рагон æрмдæсныйадимæ, ирон нывгæнджыты аивадимæ æмæ æндæр ахæмтимæ.

Музейы директор Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, лекцитæ каст цæудзысты 8-11 кълæсты ахуыргæнинæгтæн. «Лекцитæ конд уыдзысты 18 темæйæ. Уыдоны дзырд цæудзæн культурæйыл, ирон адæмы нырыккон æмæ ивгъуыд политикон цардыл, – загъта директор.  Фылдæр хъуыды сæ здæхт цæудзæн ирон адæмы цардуаг æмæ æгъдæуттæм. Ацы программæ дæр фылдæрбæрцæй бындуриуæг кæндзæн дзырд «æгъдау»-ыл. Нæ кусджытæ ма ахуыргæнинæгтæн фенын кæндзысты æмæ радзурдзысты бирæ цымыдисон æмæ æнæмæнгхъæуæг зонæнтæ. Мæнмæ гæсгæ лекцитæ хъуамæ суой традицион, æмæ уымæй музей йæхимæ аздахдзæн кæстæр фæлтæры хъусдард».

Лекцитæ каст кæй цæуынц нæ республикæйы зонад æмæ ахуырады министрадимæ иумæ. Уыдон сты ацы программæйы сæйраг æххæстгæнджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.