Музейы коллектив агуры фадæттæ, цæмæй æвæрд цы предметтæ не сты, уыдонæй ног экспозицитæ саразой. Хæс æрмæст уый мидæг нæй, цæмæй уыдонæй равзæрст æрцæуой æмæ адæмы размæ рахæссой иууыл ахсджиагдæр æмæ цымыдисондæр æрмæджытæ, бæлвырд, æнцонвадат информацийæ сæ сифтонг кæнгæйæ, фæлæ ма адих кæной бæстыхайы агъуысты æнæстандартон фæзуат ахæм хуызы, цæмæй экспонаттæ хуыздæр равæрд æрцæуой.

Ацы процесс æнæ зындзинæдтæй нæ цæуы, уымæн æмæ равдисын хъæуы бирæ тематикон здæхтыты æрмæджытæ.

Фæлæ уæддæр, Уæрæсе республикæйы хæдбардзинад банымайыны 10 азы нысан кæныны размæ, музейы фæзынд цалдæр хайады.

«Махмæ бирæ æрмæджытæ ис нæ республикæйы историйы тыххæй, кæцытæ аккаг сты равдисынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, алцыдæр музейон практикæйы фæткойтæм гæсгæ сæвæрын нæ рауайдзæн. Фæлæ мах бафæлвардзыстæм, цæмæй музеймæ æрбацæуджытæ феной, нæ  фонды бирæ цымыдисаг æрмæджытæ», – загъта хайады къухдариуæггæнæг Дриаты Фатимæ.

Музейы директор Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, ног экспозицитæ байгом кæныныл музей бацархайдта Уæрæсе республикæйы хæдбардзинад банымайыны 10 азы цытæн.

«Коллектив фæстаг мæйы дæргъы куыста æнæрынцойæ, цæмæй бæрæгбонмæ цы плæнттæ уыд, уыдон сæххæст кæной. Дыккаг уæладзыджы залы цы хайадтæ ис, уыдонмæ ма бафтыдтам цыппар хайады, кæцытæ, сæйраджыдæр, революцион æмæ постреволюцион дуджы дзурæг сты Хуссар Ирыстоны истори, спортивон сгуыхтдзинæдтыл. Фæзынд дзы Хетæгкаты Къостайы тыххæй къуым, афтæ ма рауæрæх президентон лæвæрттимæ хайад», – фехъусын кодта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, музеймæ цæуджытæм бирæ цымыдисаг экспозицитæ æнхъæлмæ кæсы. Сæйраджыдæр, Хетæкгаты Къостайы къуымы сæвæрдтам йæ конд нывтæ, кæцыты бирæ азты дæргъы нæ федтой Хуссар Ирыстоны.

«Куыд зонæм афтæмæй, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста зынд-гонд у куыд курдиатджын нывгæнæг æмæ уазнывтæ аразæг. Фыццаг хатт музейы ног бæстыхайы къултыл ауыгъд æрцыдысты æцæг хæзнатæ, дыууæ нывы национ генийы цъилынагæй арæзт  «А. Поповайы сурæт» æмæ «Спас Неукротимый».

Музейы директор куыд банысан кодта, афтæмæй музеймæ цымыдисдзинад рæзы. Ацы азы райдианæй фæстæмæ йæ бабæрæг кодтой 7 мин адæймаджы бæрц. Бирæ адæм æрбацыдысты ирон адæмы съезды æмæ Уæрæсе РХИ-йы хæдбардзинад банымайыны бон нысан кæныны рæстæджы.

Тменаты Аннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.