Хуссар Ирыстоны Национ банг ногæй рауадздзæн æвзист монетæтæ республикæйы рагондæр аргъуанты нывтимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта цхинвайлаг аргъуанты иерей Хетæгкаты Иаков.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Национ банджы сæргълæууæг Зассеты Феликсы бафæндыд дарддæр монетæтæ уадзын, кæцытыл уыдзысты Алайнаг епархийы аргъуанты нывтæ.

«Мах фембæлдыстæм, æмæ ныхас кæныны рæстæджы аскъуыддзаг кодтам ацы хатт та Тигъуайы Мады Майрæмы аргъуаны нывимæ монетæтæ рауадзыныл. Уый у Хуссар Ирыстоны иууыл рæсугъддæр аргъуан. Аргъуан тынг хъæздыг у йæ историон бынтæй, æмæ тынг цымыдисон у йæ архитектурæйæ. Аргъуан бацыд æхсæнадæмон аргъуанон бæрæгуаттæм, афтæ ма хаст æрцыд ЮНЕСКО-йы дунеон бынты чиныгмæ», – бамбарын кодта Хетæгкаты Иаков.

Дыккаг аргъуаны равзæрст у историон момент, – банысан кодта уый.

«Мах фесæфтам Сыгъдæг Георгийы (Сырх аргъуан) аргъуан æмæ нæ фæнды йæ зæронд нывтæм гæсгæ йæ сæндидзын кæнын, цæмæй историйы йæ хуыз баззайа монетæйыл. Уымæн æмæ уый у нæ Райгуырæн бæстæйы истори. Эскизтæ æрвыст цæудзысты Мæскуыйы монетон хæдзармæ, кæцы у монетон хæдзæртты хуыздæртæй сæ иу,  уым аразынц бæрзонд гъæды монетæтæ, сæ дизайнмæ гæсгæ дæр вæййынц тынг рæсугъд», – загъта аргъуаны службæгæнæг.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы рауагъды фæстæ Национ Банджы сæргълæууæгмæ ис ноджыдæр иу фæндон: дарддæр дæр монетæтæ уадзын.

«Мах фæндон бахæсдзыстæм Къостайыхъæуы, Монастъеры хъæуты аргъуанты, æмæ уый руаджы рагон хуссарирыстойнаг аргъуантæ махмæ монетæтыл баззайдзысты. Куыд фæстагмæ ацы сери 10 онг куы скæнæм, уæд сын уыдзæн коллекцион æргъад», – загъта аргъуаны службæгæнæг.

Фыд Иаков бамбарын кодта, зæгъгæ, æдæппæтæй план цæуы 600 æвзист монетæ рауадзын.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уый размæ Национ банг кæй рауагъта æвзист монетæтæ Цхинвалы Мады Майрæмы, Джеры æмæ Икъортайы хъæуты аргъуанты нывтимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.