Хуссар Ирыстоны бацæттæгонд æрцыд æмæ рауагъдæуыд болгайраг адæмон аргъæутты чиныг болгайраг æмæ ирон æвзагыл.

Чиныгæй пайдагæнæн уыдзæн астæуккаг кълæсты ахуыргæнинæгтæн. Афтæ ма ацы чиныг фæахъаз уыдзæн нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад райтынг кæнынæн æмæ болгайраг адæмон сфæлдыстад парахат кæнынæн. Аргъæутты чиныг рауад тынг хæдхуызон, кæсын æй хъæуы дыууæ фарсæрдæм иуæрдыгæй ирон æвзагыл, иннæ ‘рдыгæй та – болгайраг æвзагыл. Æвзонг чиныгкæсджытæн сæ бон у æмæ кæрæдзийыл абарой дыууæ æвзаджы дзырдтæ æмæ хъуыдытæ.

«Ацы чиныгыл цы коллектив бакуыста, уыдонæй зæгъæн ис, сæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм адæймæгтæ кæй сты, уый», – загъта йæ хъуыдыйы чиныгсаразæг Санахъоты Мураты номыл хуссарирыстойнаг-болгайраг хæлардзинады æхсæнады сæрдары хæдивæг Плиты Инал. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Мыхуыры хæдзары къухдариуæггæнджытæ æмæ кусджытæн, чиныг уадзынæн сын кæй баххуыс кодтой, æмæ йыл бæрзонд профессионалон æгъдауæй кæй бакуыстой, уый тыххæй. Чиныг рауагъд æрцыд РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты рауагъдады комиссийы тæрхонмæ гæсгæ æмæ хуссарирыстойнаг-болгайраг хæлардзинады æхсæнады хъæп-пæрисмæ гæсгæ.

Болгайраг аргъæутты ирон æвзагмæ ратæлмац кодта зынгæ ирон поэт, тæлмацгæнæг, филологон зо-нæдты кандидат, ХИПУ-йы доцент Гобозты Валери. Болгайраг тексты автор у журналист, телеалæвæрд «Облаче ле бяло»-йы амонæг Райна Манджукова. Ирон æвзаджы тексты автор та у академик Джусойты Нафи. Болгайраг аргъæуттæ æрæмбырд кæныныл бакуыста болгайраг ахуыргонд, профессор Михаил Крастев, разныхасы автор у ХИЗИ-йы директор, хуссарирыстойнаг-болгайраг æхсæнады сæрдар Гаглойты Роберт.

Чиныджы цъарыл æхсæнады эмблемæйы автор та у, æнæрæстæджы не ‘хсæнæй чи фæхъуыд, уыцы курдиатджын нывгæнæг Джуссойты Инал, иллюстраци – æвзонг нывгæнæг Кокойты Мария.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.