Дзауы районы Гуфтайы астæуккаг скъолайы коллектив алыварсонæй дæр архайы сæ ахуыргæнинæгтæн сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау бацамонын æмæ сæ царды раст фæндагыл бафтауынмæ. Уыимæ ма скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ алыхатт дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц алыгъуызон бæрæгбонтæ, ауадзынц мысæн изæртæ фæмардуæвæг хъайтарты тыххæй дæр.

14-æм апрелы Гуфтайы астæуккаг скъолайы уыд мысæн изæр гуырдзиаг агрессорты къухæй фæмардуæвæг Михайленко Александры (Сашæ) ном æрæмысыны тыххæй. Мысæн мадзалмæ фæхуыдтой хъайтары мад Лалыты Хадизæты, йæ цардæмбал æмæ йæ фырты, афтæ ма мадзалмæ æрбацыдысты Дзауы районы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Битеты Мария, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, Сашæйы хæлæрттæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта скъолайы организатор Тедеты Ингæ. Уый æрдзырдта ирон хæрæфырты цардвæндаджы тыххæй. «31 марты уый банысан кодтаид йæ 56 азы райгуырæн бон. Уый райгуырд 1960 азы Украинæйы горæт Светловодскы. Фæстæдæр йæ мад, цхинвайлаг чызг Лалыты Хадизæт фæстæмæ цæрынмæ æрыздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ.

Сашæ ахуыр кæнынмæ бацыд нæ горæты 2-æм астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци 1977 азы. Уыд тынг зæрдæхæлар æмæ æмгаруарзаг лæппу. Æдзухдæр цæттæ уыд тыхст адæймагæн баххуыс кæнынмæ. Йæ ахуыргæнджытæй сæ иу, къласмæ бахизгæйæ, куыддæр Сашæйы æнæхин æрттивгæ цæстытæ ауыдта, афтæ йæ схуыдта „Солнечный мальчик“ æмæ ацы ном йæ уæлæйæ нал ахауд скъолайы фæудмæ. Æниу æй афтæ кæй схуыдта, уымæй нæ фæрæдыд, уымæн æмæ уый йæ цард нывондæн æрхаста Ирыстоны æнæнымæг хуры тыххæй. Уыд æфсады дæр, скъолайы фæстæ каст фæци Ставрополы медицинон институт. Кусын-мæ йæ æрвыстой Брянскмæ, фæлæ йæхи раивын кодта, дыккаг райгуырæн бæстæ йын чи сси, йе ‘взонджы бонтæ цы Ирыстоны арвыста æмæ фæстæдæр та йе ’взонг цард цы Ирыстоны тыххæй радта, уырдæм йæ мады æрвадæлтæм. Куыста Цхинвалы стоматологон поликлиникæйы нырма дохтыр-хирургæй æмæ уый фæстæ та поликлиникæйы сæйраг дохтырæй. Поликлиникæйы кусгæйæ, никуы никæмæн базивæг кодта, цафонфæнды рæстæг дæр æм ма баулæфыдаиккой, уайтагъд-иу сæ уæлхъус февзæрд, æгæрыстæмæй-иу æй акодтой Хуссар Ирыстоны дæрддагдæр хъæутæм дæр. Чи фæнымайдзæнис, Сашæ кæмæн балæггад кодта, уыцы рынчынты», — радзырдта уый.

Сашæйыл фыст æмдзæвгæтæ кастысты скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Уый фæстæ ныхасы рацыд йæ мад Хадизæт дæр. Уый бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатортæн æмæ радзырдта йæ фырты цардæй мысинæгтæ: «Йæ чысылæй фæстæмæ йын бауарзын кодтон адæмы æмæ Ирыстоны зæхх. Арæх-иу æй акодтон æрдзы хъæбысмæ дæр, цæмæй йæхи цæстæй уыдтаид Ирыстоны рæсугъд кæмттæ. Иу хатт та йæ акодтон Дзауы районы Мугуты хъæумæ. Уый алæмæттаджы æрдз куы ауыдта, уæд фæхъæр кодта, мæнæ цы рæсугъддзинад уынын, ацы æрдз Швейцарийы æрдзæй рæсугъддæр куы у. Мæ хъæбул музыкæ дæр тынг уарзта. Уыд тынг хæларзæрдæ адæймаг. Нæ сыхæгтæ нæ ныхмæ хæст куы расидтысты, уæд ын иу ран æрбадт нал уыд, иууылдæр уыд йæ хæстон æмбæлттимæ. Гуырдзы йæ тынг агуырдтой, цхинвайлаг уырыссаг лæппу, дам, иронау дæр æмæ гуырдзиагау дæр хорз зоны. Йæ фæдыл зылдысты æмæ сæ сау фæнд сæххæст кæнын сæ къухты бафтыд. Бирæ уарзта Ирыстоны, фæлæ йын дзы цæрын нæ бантыст. Йæ тугæйдзаг пысултæ мын нырма дæр æвæрд сты».

Сашæйы тыххæй йæ мысинæгтæ загъта йе скъолайон хæлар Чехойты Александр: «Тынг хорз æмгар фесæфтам, уыд æнахуыр хæларзæрдæ. Иууылдæр йæхи æппæрста æндыгъддæр рæттæм. 27-æм майы иу тохы рæстæджы мæлæтдзаг цæф фæцис, бæргæ ма архайдтой дохтыртæ мæлæты дзæмбытæй йæ ратоныныл, фæлæ… 30-æм майы йæ цардæй ахицæн 32-аздзыдæй. Ныгæд æрцыд 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты», — загъта уый.

Михайленко Сашæйы адæм бахъуыды кодтой хорз адæймаг æмæ хъæбатыр хæстонæй.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.