Дзауы районы уагъд æрцыдысты бæрæгбонон мадзæлттæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн. Информацион агентад «Рес»-ы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй скъоладзаутæ Дзауы Кады æмæ мысæн аллейæйы сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Мадзалы хайадисджытæ иу минуты бæрц æмырæй алæугæйæ ссардтой Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ. Афтæ ма Дзауы астæуккаг скъола æмæ скъола-интернат сорганизаци кодтой мысæн изæр. Йæ хайадисджытæ æрымысыдысты, 1989-æм азæй 2008-æм азмæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд сæ цард чи радтой, уыдоны рухс нæмттæ.

Мысæн изæры ахуырдзаутæ радзырдтой фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты царды фæндæгтыл, бакастысты номарæн æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой зарджытæ.

Мадзалы хайад райстой фæмардуæвæг æфсæддонты ныййарджытæ æмæ æввахс хиуæттæ, ОМОН-ы кусджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.