Нæ республикæйы æрдз бæркадджын у алыгъуызон хъæздыгдзинæдтæй. Æрмæст мыддарды куыстæй дæр райсæн ис бирæ æфтиаг, æххæстбæрцæй йыл куы кусиккам, фаг хъусдард æм здæхт куы цæуид, уæд. Раст у, абоны бон, развæлгъау зонæнтæм гæсгæ, мыды чыргъæдты нымæц цъус кæмæн сты, ахæмтæ бирæ ис, йе ‘ргом ацы ахсджиаг къабазмæ тынгдæр чи аздæхта, уыдон та сты 25 адæймаджы. Уыцы нымæц бынтон цъус у, раздæры азтимæ абаргæйæ. Цæвиттон, ивгъуыд æнусы 60-æм азты тынг бирæ уыдысты мыддарды куыст зæрдиагæй чи кодтой, ахæм колхозтæ. Уыдон сæ продукцийæн ныккæнæн дæр нæ уыд дардтой мыды чыргъæдтæ сæдæгай æмæ истой хæрзгъæд мыд. Уыдæттæ та къухы æфтыдысты Арцеу, Ксуис æмæ æндæр раззагон хæдзарадты дæсны мыдгæсты фæрцы. Ахæм мыдгæстыл нымад уыдысты Болататы Дауыт, Мамытаты Габе, Борцвадзе Митъо, Коцты Лаврент, Джабаури Валикъо, Бестауты Бабуца, Чъыбылты Раман, Хуыбецты Тъатъе æмæ æндæртæ. Уыдонæн уыцы куысты сусæгдзинæдтæ цæстуарзонæй бацамыдта зынгæ мыдгæс Гаглойты Дауыт. Мыдгæстæн ма стыр æххуыс уыдысты, уæд арæх цы литературæ цыд мыхуыр, уыдон дæр.

Дæсны мыдгæс Тедеты Хъауырбегæн 1960-æм æмæ 1965-æм азты мыхуыры рацыдысты ахæм чингуытæ, куыд «Мыдгæстæн æххуысæн» æмæ «Куыд зилын хъæуы мыдыбындзытæм». 1966-æм азы та мыхуыры фæзынд Джиоты Къостайы «Куыд аразын хъæуы мыды чыргъæд æмæ куыд зилын хъæуы мыдыбындзытæм». Газет «Советон Ирыстон»-ы, (ныры «Хурзæрин»-ы раздæры журналист æмæ мыдгæс Бибылты Георги рæстæгæй рæстæгмæ мыхуыр кодта уацтæ æмæ уыдон дæр стыр æххуыс уыдысты куысты дарддæры æнтыстæн.

Мыддарды куыст цæмæй нæ республикæйы размæ ацæуа, суа фылдæр æфтиæгты гуырæн, уый тыххæй тыхсы нæ горæты Пушкины уынджы 28-æм хæдзары цæрæг Джиоты Феликс æмæ фæнд кæны мыдгæсты ассоциаци саразын. Уый ацы куыст кæны 50 азмæ æввахс æмæ фæстæмæ разы, ацы куыстыл кæй фæхæст, уымæй. Уый тынг ахъаз уыдзæн мыдгæстæн сæ дарддæры куысты, исдзысты æмæ кæрæдзийæн амондзысты сæ куысты фæлтæрддзинад куыд теоретикон, афтæ практикон æгъдауæй дæр. Æрæджы мыдгæсты иу къорд æрбамбырд сты æмæ уал ауагътой инициативон къорды фыццаг æмбырд. Къорды уæнгтæ Джиоты Феликс, Цхуырбаты Валери, Леонид æмæ æндæртæ æрдзырдтой сæ куысты фæлтæрддзинадыл.

Нæ климатон уавæрты цы мыд райсæм, уый вæййы тынг хæрзад æмæ адджын. Цæмæй ууыл тынгдæр баууæндыдаин, – зæгъы Джиойы фырт уый тыххæй 80-æм азты мæ райсгæ мыдæй фæлварынæн ахастон Мæскуыйы Адæмон Хæдзарады æнтыстыты Æппæтцæдисон Равдыстмæ. Уым нæ мыдæн саккаг кодтой æртыккаг бынат, фыццаг уыд Башкири æмæ дыккаг та – Алтайы мыды продукци. Афтæ æмæ махмæйы æрдз мыддарды куыстæн у тынг хорз.

Раззагон мыдгæс Цхуырбаты Леонид дæр мыддарды куыстмæ стыр хъусдард здахы, ис æм 150 мыды чыргъæдæй фылдæр, дары куысты хорз фæлтæрддзинад æмæ сæ æрвылаз дæр райсы бирæ мыд. Райдианы йын вæййынц дæлвæз зонæйы, уый фæстæ сын сæ бынат аивы хæххон бынатмæ, æдзух сæм дары йæ хъус. Æмæ канд йæхи мыдыбындзытæм нæ базилы, фæлæ ма йе ххуысы къух фæдаргъ кæны, нырма æвæлтæрд чи у, ахæм райдайгæ мыдгæстæм дæр. Ацы инициативон къорды уæнгтæ фембырд сты, цæмæй мыдгæстæн уа йæхи иугæнд, устав, сæрмагонд магазин æмæ æндæртæ. Ахæм цæдис раджы сырæзт Абхазы республикæйы æмæ махæн дæр æвзæр нæ уыдзæн йæ саразыныл ын куы батыхсæм, уæд. Уый тыххæй æнæмæнг бадзурын хъæудзæн Хъæууон хæдзарады министрадимæ – иу кæнæ иннæ мыдгæсæн йæ продукци республикæйæн æддæмæ ласыны тых-хæй лицензи куы уа, уæд къуылымпытыл нал æмбæлдзæн. Æппæт уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг фарстатыл, куыд зæгъынц, афтæмæй æрдзурдзысты, æввахс рæстæджы куы æрæмбырд уой, сæ цæдис куы сырæза, уæд.

      Хуыбиаты Никъала

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.