Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæрдар бабæрæг кодта Мамсыраты Хаджи-Умары номыл №5  астæуккаг скъола.

Пухаты Эрик раарфæ кодта скъолайы директор Бестауты Азæ æмæ æппæт педагогон коллективæн æрбалæугæ Ног азы цытæн, æмæ скъолайæн балæвар кодта музыкалон комплекс караокеимæ ахуыртæ æмæ улæфт организаци кæнынæн.

«Арфæ уын кæнын æрбалæугæ Ног азы цытæн! Уадз, æмæ уый алкæмæн дæр суа æнтыстджын, ирд хабæрттæ æмæ уæлахизтæй йедзаг. Сæйрагдæр уый у, цæмæй скъолайы арæзт æрцæуой æнтыстджын ахуырадон-хъомыладон процессæн æппæт уавæртæ. Скъолайы музыкалон центр кæй хъæуы, уый æз базыдтон педагогон конференцийы рæстæджы. Уый фæстæ æлхæд æрцыд æмæ ныр фадат фæзынд сымахæн æй балæвар кæнынæн», – загъта Пухаты Эрик.

Бузныджы ныхæстæ загъд æрцыд ахуыргæнджытæн дæр. «Уæ куыст, профессионализм æмæ бæрзонд уды миниуджытæ бирæбæрцæй бæрæг кæнынц республикæйы сомбон», – загъта Хицауады Сæрдар.

Бестауты Азæ дæр бузныджы ныхæстæ загъта Пухаты Эрикæн йæ лæвары æмæ скъолайы архайдмæ йæ аудгæ ахасты тыххæй.

Хицауады Сæрдар раарфæ кодта Парламенты депутат, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уалыты Розæйæн йæ райгуырæн боны цытæн æмæ йын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ куысты æмæ царды.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.