28-æм апрелы Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндон егъау бæрæгбонон концертæй банысан кодта йæ сырæзты 55-азы юбилей. Актон зал уыд бæрæгбонвæлыст, сценæйы къулыл конд уыд Æлборты Феликсы портрет.

Юбилейон мадзалмæ уыйбæрц адæм æрбацыд æмæ бахъуыд уæлæмхас бандæттæ æрбахæссын. Уазджыты ‘хсæн уыдысты РХИ-йы Хицауды минæвæрттæ: Гобозты Вячеслав, Беджызаты Батрадз, культурæйы министр Зæгъойты Рада, зонадон æмæ æхсæнадон интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæнæндоны раздæры къухдариуæггæнджытæ, рауагъдонтæ. Кадджын уазæгæн ардæм фæхуыдтой музыкалон ахуыргæнæндоны бындурæвæрæг Æлборты Феликсы цардæмбал Остъаты Ларисæйы.  Дзæуджыхъæуæй сæрмагондæй юбилеймæ æрцыд РЦИ-Аланийы паддзахадон филармонийы артист Чехойты Леонид.

Æрæмбырдуæвджытæм раарфæ кодта уагдоны директор Гæджиты Жаннæ. «Ахæм нысаниуæгджын бонты мах алыхатт дæр æрымысæм Æлборты Феликс Шалвайы фырты ном. Афтæ зæгъæн ис, ацы ахуыргæнæндоны йын хонæм йæ хъæбул. Сæрыстырæй дарддæр хæсдзыстæм йæ ном, хъахъхъæндзыстæм кадджын традицитæ», – загъта Гæджион.

Музыкалон ахуыргæнæндоны  кадджын 55 азы

Экраныл æвдыстой видео уагдоны тыххæй. Концерт та райдыдта РХИ-йы гимнæй. Сæххæст æй кодта ахуыргæнæндоны академион хор Хъуылымбегты Иринæйы сæргълæудæй. Концерты уыдис 25 номырæй фылдæр, уыдоны æхсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвджыты номыл  музыкалон номыр дæр.

Зæгъойты Рада раарфæ кодта юбиляртæн Президент, Хицауад æмæ йæхи номæй. Президенты Барамындæй РХИ-йы Адæмон ахуыргæнæджы кадджын ном лæвæрд æрцыд Гæджиты Жаннæйæн. РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæджы ном та саккаг кодтой Хидашели Элисойæн. Кады грамотæтæй хорзæхджын æрцыдысты уагдоны цалдæр кусæджы. Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодтой Æлборты Феликсы идæдз Остъаты Ларисæйы. Студенттæ Цхуырбаты Аланæ æмæ Гæбæраты Артурæн саккаг кодтой Культурæйы министрады кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæ. Юбиляртæн раарфæ кодтой нывгæнæн ахуыргæнæндоны директор Зассеты Сæрмæт æмæ 2-æм музыкалон скъолайы директор Æлборты Дианæ.

 

Музыкалон ахуыргæнæндоны сырæзты историйæ

Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндо-нæн бындур æвæрд æрцыд 1968 азы композитор Æлборты Феликсы хъæппæрисæй. Йæ фыццаг директор дæр уыд Æлборы фырт. Автономон областы музыкалон ахуыргæнæндон байгом кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Фæлæ маэстройæн йæ ныфс нæ саст. Йæ фæнд сæххæст кæнын æй уæлдай тынгдæр бафæндыд Гуры музыкалон ахуыргæнæндон куы бакодтой, уый фæстæ. 1982 азы Хуссар Ирыстоны автономон областыл 60 азы сæххæсты цытæн Стыр парчы концертон залы уагъд цыдысты цытджын мадзæлттæ. Тбилисæй æрцыд Советон Гуырдзыстоны къухдариуæгад. Областы культурон царды уавæры тыххæй доклад бакаст Æлборты Феликс. Цытджын мадзалы кæрон ныхасы бар ракуырдта Гуырдзыстоны культурæйы министр, композитор Тактакишвили. «Цалдæр ныхасы зæгъын мæ фæнды Хуссар Ирыстоны культурон царды тыххæй доклад чи бакаст, уыцы адæймаджы тыххæй. Нæ консерваторийы уарзон рауагъдон Æлборты Феликс Гуырдзыстоны культурæйы министры но-мыл ныффыста сидт, цыран æрдомдта Хуссар Ирыстоны автономон областы музыка-лон ахуыргæнæндон бакæныны тыххæй. Мах æм фæсидтыстæм нæхимæ æмæ йын æмбарын кодтам, зæгъгæ, Тбилисы ис цыппар музыкалон ахуыргæнæндоны, цыран ахуыр кæнынц уæ фæсивæд дæр, иу та ис Къахеты, æмæ ныр та байгом кодтам Гуры.  Цхинвалæй Гурмæ у 30 километры æмæ уе студенттæ уырдæм цæуæнт ахуыр кæнынмæ. Фæлæ Æлборы фырт немæ не сразы, æрхаста йæхи аргументтæ. Дзырдта, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстон у областон центр, цæрджытæ дзы бирæ ис, адæм тынг музыкалон сты. Сымахмæ ис бирæ музыкалон скъолатæ, хъæуы уæ кадртæ рæзын кæнын, æгæрыстæмæй, Гуры дæр бакодтат!», – дзырдта уый. Æппынфæстаг нæ сразы кодта, æмæ культурæйы министрады коллегæйы æркастыстæм ацы фарстмæ. Уымæн йæ къухты бафтыд Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндон бакæнын. Курæг уæ дæн, бахъуыды кæнут уæ областы историйы ацы эпизод», – дзырдта Тактакишвили.

Ахуыргæнæндон йæ куыст райдыдта музыкалон скъолайы бæстыхайы, кæцы уыд уæды областы мидхъуыддæгты управленийы бæстыхайы ныхмæ. Феликс Шалвайы фырт домдта, цæмæй сарæзтаиккой ног бæстыхай. Адæмон нывгæнæг Сергей Минасовимæ сарæзтой проект æмæ йæ ахастой Гуырдзыстоны культурæйы министрадмæ. Афтæ арæзт æрцыд ахуыргæнæндон. 2003 азы 27-æм майы РХИ-йы уæды президенты барамындæй Цхинвалы паддзахадон музыкалон ахуыргæнæндонæн лæ-вæрд æрцыд Æлборты Феликсы ном. Æндæр æмæ æндæр азты ам директортæй куыстой Хетæгкаты Русудан, Плиты Жаннæ, Битеты Павел, Пæрæстаты Остин, Чехойты Леонид, Саркисян Карина, Сиукъаты Лианæ. 13 азы бæрц та уагдонæн æнтыстджынæй разамынд кæны Гæджиты Жаннæ. Ахуыргæнæндоны кусынц РХИ-йы адæмон æмæ сгуыхт ахуыргæнджытæ. Сæ зонындзинæдтæ абоны студенттæн амонынц уагдоны раздæры рауагъдонтæ Харебаты Марта, Гатыгкоты Нинæ, Дудайты Сæрмæт, Къæбысты Сæрмæт, Сланты Ацæмæз, Гасситы Ацæмæз. Ахуыргæнæндоны къæсæрæй рахызтысты ахæм зындгонд адæймæгтæ куыд Григорян Геворг, Хæбæлаты Лали, Джиоты Вероникæ, Амага Готти, Цоциты Тамарæ æмæ бирæ æндæртæ. Абон уагдоны архайынц фортепиано, хорæн дирижир кæнын, адæмон инструментты – фæндыр, аккордеон, домра, эстрадон æмæ академион вокал, хореографион хайадтæ. Ныртæккæ ахуыргæнæндоны ис 98 студенты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.