Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы цытджын ӕгъдауӕй байгом музейон къуым «Скъолайы историй фӕлгӕндзты…». Мадзалмӕ фӕуазӕг ис бӕстӕйы Президент Бибылты Анатоли ӕмӕ зӕрдиаг арфӕйы ныхӕстӕ загъта, ацы диссаджы равдыстыл чи бацархайдта, уыдонӕн. «Ацы скъолайы рауагъдонты ‘хсӕн тынг бирӕ курдиатджын гоймӕгтӕ уыдис ӕмӕ ис, кӕцытӕ стыр хайбавӕрд бахастой нӕ культурӕмӕ, спортмӕ, ӕхсӕнадон цардмӕ. Мах сӕ стыр бузныг стӕм ӕмӕ сын хъуамӕ аргъ  кӕнӕм. Нӕ истори куы рох кӕнӕм, нӕ райгуырӕн бӕстӕ куы нӕ уарзӕм ӕмӕ ахӕм аккаг гоймӕгтӕн куы нӕ кад кӕнӕм, уӕд нын фидӕн нӕ уыдзӕнис. Зӕрдиагӕй мӕ фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр ацы скъолайы рауагъдонтӕ уой Ирыстонӕн аккаг хъӕбултӕ ӕмӕ сӕ нӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕссӕм», – загъта Бибылты Анатоли.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ма ацы скъолайы уыдис госпитал дӕр ӕмӕ дзы цӕсгомджынӕй куыстой бынӕттон дохтыртӕ. Уыдон, сӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕххуыс кодтой цӕф хӕстонтӕн ӕмӕ сӕ профессионалон хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, равдыстой стыр хъӕбатырдзинад. Бирӕ хӕстонтӕ сӕрæгасӕй баззадысты дохтырты  фӕрцы  ӕмӕ  уый та стыр арфæйаг хъуыддаг у.

Къамтыл цæст ахæсгæйæ, банкъарæн ис Ирыстоны истори дӕргъвӕтин рӕстӕджы. Сӕ фылдӕр сты зӕронд, фӕлӕ уыдон цӕсты афтӕмӕй тынгдӕр ахадынц. Ам сты бирӕ сгуыхт гоймӕгты къамтӕ, – политиктӕ артисттӕ, спортсментӕ, ахуыргӕндтӕ, хӕсты хъайтартӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ахӕм музейӕн стыр нысаниуӕг ис кӕстӕр фӕлтӕры партион хъомылады. Сæрыстырдзинад чи æвзæрын кæнынц, уыцы къамтӕм кӕсгӕйӕ, ахуырдзаутæ, æнæмæнг, фӕзӕрдӕргъӕвддӕр уыдзысты ахуырмӕ, сӕ уагахаст дӕр хуыздӕрӕрдӕм фӕивдзӕнис, фӕзындзӕнис сӕм тырнындзинад. Раздӕры рауагъдонтӕ сын уыдзысты цӕвиттон.

Музейон къуым организаци æрцыд скъолайы 85 азы сæраппонд.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.