Фæстаг дыууæ боны донхæццæ мит кæй æруарыд, уымæ гæсгæ сцæм сты нæ горæты уынгтæ, тротуартæ. Уый та зындзинад æвзæрын кæны цæрджытæн – иуæй сын зын цæуæн у, иннæмæй та ахæм сæлæф мит, куыд акæнынц, дуры гуыбыны дæр бахъары æмæ уайтагъд ахуылыдз вæййынц къæхтæ.

Ацы хъуыддаг хынцынц нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады кусджытæ æмæ кусынц горæты уынгтæ сыгъдæг кæныныл.

Комбинаты директоры хæдивæг Джиоты Филипп куыд зæгъы, афтæмæй кусджытæ знон сæумæрайсомæй æрывнæлдтой мит сыгъдæг кæнынмæ. «Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæм ма æрбаиу сты цъæхдарæнты хайады кусджытæ дæр. Активонæй архайынц митсыгъдæггæнæн машинæты шофыртæ дæр. Афтæмæй сæ куыст цæуы рæвдз», – зæгъы Филипп.

Уымæй дарддæр ма хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ æхсæдынц бæлæсты хус къалиутæ дæр. Куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм боныгъæдтæ амонынц, ацы куыстытæ бакæнын дæр. «Мах архайæм бæлæстæн канд сæ хус къалиутæ ралыг кæныныл нæ, фæлæ ма сæ уæлдай къалиутæ ралыг кæныныл дæр, цæмæй сын уа рæсугъд бакаст», – банысан кодта Джиойы фырт. Ахæм куыстытæ уыдон бакодтой Харебаты Исахъы æмæ Сталины уынгтыл.

Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæй дарддæр ма митсыгъдæггæнæн куыстытæ сæххæст кæнынмæ цæттæ сты горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ дæр.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Хъуылымбегты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй цæттæ сты ахæм куыстытæ бакæнынмæ, сæ техникæ дæр сты цæттæ. Фæлæ ацы аз ахæм карз зымæг кæй нæу, уымæ гæсгæ сын ацы аз ис къаддæр куыст.

«Фарон зымæг тынг уазал кæй уыдис æмæ-иу стыр ихтæ хæдзæртты уæлхæдзæрттыл кæй æрзæбул сты, уымæ гæсгæ тасдзинад æвзæрын кодтой фистæгæйцæуджытæн. Æмæ æнæмæнгхъæуæг уыд хæдзæртты уæлхæдзæрттæ сыгъдæг кæнын. Ацы аз ахæмтæй тас нæу æмæ нæ куыст бирæ фæрогдæр», – загъта Хъуылымбегты Роберт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.