Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварад йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм. Хайад дзы райсдзысты РХИ-йы æмбæстæгтæ, кæцытæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад.

Хуссар Ирыстоны территорийыл фæнд кæнынц æдæппæтæй 9 æвзарæн фадыджы бакæнын.

Уæрæсейы минæварады куыд банысан кодтой, афтæмæй æвзарæн фадгуытæ гом æрцæудзысты горæт Цхинвалы, Знауыр, Дзау, Ленингоры поселочы æмæ Дменисы хъæуы.

«Ныртæккæ Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамис Уæрæсейы закъондæттынадмæ гæсгæ æвзарæн процесс организаци кæныны фæдыл аразы алыхуызон мадзæлттæ. Минæварады ныфс ис, Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ активон хайад кæй райсдзысты æвзæрстыты рæстæджы», – банысан кодтой уæрæсейаг дипломатон минæварады.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварад дарддæр хъусын кæндзæн республикæйы территорийыл æвзæрстытæм цæттæ кæныны æмæ сæ ауадзыны тыххæй.

Зæрдыл дарын кæнæм, Уæрæсейы Федерацийы Советы Федерацийы 2017 азы 15 декабры уынаффæмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы радон президентон æвзæрстытæ нысан кæй æрцыдысты  2018 азмæ 18 марты.

Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ гæсгæ Уæрæсейы паддзахады сæргълæууæг æвзæрст æрцæудзæн 6 азы æмгъуыдмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.