21-æм сентябрæй 27-æм сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фондз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой цыппар адæймаджы, уыдоны хсæн уыд иу æнæххæст кары сывæллон.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу адӕймаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 196 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 4 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

21 сентябры рынчындонмæ уæззау цæфæй æрбахаудта Знауыры районы Малдайы хъæуы 66-аздзыд цæрæг, кæцыйæн дохтырты бон нал бацис баххуыс кæнæн æмæ, хъыгагæн, фæмард. Оперативон-сгарæн мадзæлтты фæстиуæгæн куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг фынгыл бадт йе рдхорды хæдзары, Знауыры районы Зæдбадæны хъæуы 48-аздзыд цæрæгмæ. Фынгыл бадгæйæ архайдтой хиарæзт лыстæгкалиброн дамбацаимæ æмæ сын æхсæнграз æнæнхъæлæджы фæирвæзт. Хæдзары хицау ахст æрцыд æмæ ныридæгæн уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.

22 сентябры милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой нæ горæты 46-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад «марихуанайæ».

23 сентябры Цхинвалы районы милицийы хайадмæ Къостайыхъæуы 23-аздзыд цæрæг барвæндонæй бахаста цуанон æхсæнгарз «Мосина» 20 нæмыгимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.