15-æм мартæй 18-ӕм мартмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дыууæ дæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 307 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 15 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 24 адӕймаджы. Дыууæ барсæттæджы горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта фæйнæ 2 мин сомы, цыппары та – фæйнæ 1 мин сомы.

24-æм марты Дзауы районы милицийы кусджытæ Дзауы районы Абанойы хъæуы æрцахстой Цхинвалы 39-аздзыд æмæ 29-аздзыд цæрджыты, кæцытæм сæ зæрдæ фехсайдта æнæзакъонæй наркотикон буарадтæй пайда кæнынмæ. Дохтыртæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй ацы æмбæстæгтæ спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана» – йæ. Сæ хъуыддаг сын дарддæр æвзардзæн тæрхондон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.