Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæмæ хауæг фарстытæн азы кæрон хатдзæгтæ аразгæйæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр ин-формацион фæрæзты минæвæрттæн радзырдта, зæгъгæ, ацæугæ аз министрадæн уыд цымыдисон æмæ вазыгджын.

Дунейы алы къуымты цы æнæхайыры вирус апарахат, уымæй æвыдæй нæ баззад нæ чысыл республикæ дæр. Министры ныхæстæм гæсгæ мах дæр фесæфтам бирæ цæрдхъом æмбæстæгты, хиуæтты, хæлæртты. Ацы низимæ уæззау тох цæуы, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон къухдариуæгады органтæ сæ куыст кæнынц.

«Пандеми нæ бандæвта министрады куысты гъæдыл. Æддагполитикон æмархайды хъуыддаджы аивгъуыйгæ аз уыд цымыдисон», – банысан кодта министр.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, 2021 аз кæй райдыдта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты фембæлдæй.  Æмæ уыцы фембæлд уæрæсейаг коллегæимæ фæлхатт æрцыд азы кæрон дæр 20 декабры горæт Сочийы. Уыцы мидисджын фембæлдтыты арæзт æрцыд хатдзæгтæ æмæ нысан æрцыдысты дунейы аренæйыл нæ дарддæры къахдзæфтæ. Уынаффæ цыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсемæ хауæг фарстытыл. Уæрæсейаг дипломат ныфс бавæрдта, нæ бæстæмæ ахаст кæй баззайдзæн æнæивгæйæ æмæ дарддæр дæр æххуыс кæй цæудзæн Хуссар Ирыстонæн йæ паддзахаддзинад фидар кæнын æмæ экономикон рæзты хъуыддæгты.

Дывæр æмбæстагдзинады тыххæй

Ивгъуыд аз Мæскуыйы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæг-ты министрты фембæлды рæстæджы къухтæ фыст æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты æхсæн 2021-2022 азтæн консультациты планыл». Æмткæй сисгæйæ 2021 азы Хус-сар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн фыст æрцыд аст сразыдзинады, фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хайадистæй.

Министры ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейæн ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, уыцы дывæр æмбæстагдзинады фарст æрбæстон кæныны тыххæй къухтæ фыст æрцыдысты ивгъуыд аз 20 сентябры Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бæстыхайы. Ацы кадджын мисси сæххæст кодтой бæстæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

«Сразыдзинадмæ гæсгæ Хуссар Ирыс-тоны æмбæстæгтæн фадат уыдзæн, фæ-хуымæтæггонд фæткмæ гæсгæ, уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсын. Банысан кæ-нын хъæуы уый дæр, æмæ ивгъуыд аз 1 декабры Хуссар Ирыстоны Парламент кæй сратификаци кодта ацы сразыдзинад. Ныфс нæ ис, æмæ ацы аз УФ-йы Федералон Æмбырд йæ куыстмæ куы æрæвнала, уæд ратификаци кæй æрцæудзæн уым дæр», – загъта министр.

Нæ горæтимæ ис æфсымæрдзинады бастдзинæдтæ

2021 азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыст æмæ архайды ма сæйраг бынат ахсы Уæрæсейы Федерацийы субъекттимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ фæарфдæр кæныны хъуыддаг.

12 майы видеоконференцийы руаджы къухтæ фыст æрцыд Цхинвал æмæ горæт Владивостокы æхсæн æфсымæрон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй сразыдзинадыл. Медойты Димитры ныхæстæм гæсгæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Владивостокы ис егъау ирон диаспорæ, кæцы архайы не ‘мбæстæгты æнгом кæныныл. Уыцы горæты ма кусы цытджын консул Деметы Ясон, кæцы архайы Хуссар Ирыстоны интерестæ бахъахъхъæныныл. Ахæм æнгæс сразыдзинад ма, уымæй размæ, Владивосток бафыста Дзæуджыхъæуимæ. Уый нысан кæны афтæ, æмæ Хуссар Ирыстон дæр слæууыд ацы фæрнджын фæндагыл æмæ дарддæр кусдзæн ацы фарстыл.

Æддагведомствæйон уагдоны сæргъ-лæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, нæ горæтæн ма сразыдзинæдтæ кæй ис дыууæ италиаг горæтимæ – Градар  æмæ Рандаццоимæ.

«Уыдон минæвæрттæ уыдысты Хуссар Ирыстоны æмæ сразыдзинæдтæй сæ иуыл къухтæ фыст æрцыд Цхинвалы. Ацы æхсызгон хъуыддаг у нæ министрады æддагполитикон архайды иу хай æмæ йæ дарддæр кæндзыстæм ацы аз дæр», – банысан кодта Медойты Димитр.

Хуссар Ирыстоны банымады географи уæрæхдæр кæндзæн

Ирон-абхазаг ахастытæн арф историон уидæгтæ ис. Дыууæ бæстæйы адæмты хæлардзинад уæвынад кæны бирæ æнусты дæргъы. Аивгъуыйгæ аз официалон визиты фæлгæтты Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыд Абхазы президент Аслан Бжания. Ахæм æнгæс визит уыд нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатолийæн дæр Абхазмæ. Министры ныхæстæм гæсгæ нæ республикæты æхсæн къухтæ фыст æрцыд культурон, экономикон æмæ гуманитарон бастдзинæдтæ рæзын кæныны фæдыл къорд сразыдзинадыл.

«Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæд-бардзинад банымадтой ИНО-йы хайадисæг бæстæтæ дæр. Æддагполитикон уагдоны куыст дарддæр кæндзæн Лаитинаг-америкæйаг, европæйаг æмæ азиаг здæхтыты. Бæрæг ахастытæ нын цы бæстæтимæ ис, уыдоны æхсæн бæстæйы хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг рауæрæх кæнын æмæ йæ кæронмæ бакæнын, у нæ бæстæйы сæргълæууæджы комкоммæ бахæсгонд ахсджиаг хъуыддаг», – дзырдта министр.

Хуссарирыстойнаг делегаци ма хайад райста Никарагуайы президентон æвзæрстыты дунеон хъусдарджыты хуызы. Уымæй размæ ма дунеон хъусдарджытæй нæ бæстæйæ делегаци хайад райста 26 майы Сириаг Арабаг Республикæйы æвзæрстыты дæр, Парламенты Сæрдар Тадтаты Аланы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар дæр.

Нæ бæстæйы Æддагполитикон уагдон ахастытæ активонæй рæзын кæны ирон диаспорæтимæ. Кавказаг диаспорæты æхсæн бæрæг бынат ахсы Турчы егъау диаспорæ. Абхазаг, адыгейаг, кæсгон, цæцæй-наг æмæ æндæр националон организацити-мæ иумиагкавказаг темæтыл уадзынц æмæ хайад исынц иумиаг мадзæлтты. Æрæджы дæр туркы уагъд æрцыд ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы номыл мысæн изæр.

Дарддæр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Италийы республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл комитеты Генералон секретары фæхуындмæ гæсгæ Медойты Димитрæн ахсджиаг фембæлд уыд италиаг парламенты. Италиаг депутаттæ тынг цымыдис кæнынц Ирыстонмæ, Кавказмæ, фæлæ нын кæд Италийы республикæимæ официалон ахастытæ нæй, уæддæр уым стыр куыст кæнæм, кæцы ахъазгæнæг уыдзæн Хуссар Ирыстоны хуыздæр базонынæн Европæйы.

Æфсæддон ахуыртæ æвзæрын кæнынц тæссагдзинад

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хъусдард здæхт æрцыд сыхаг Гуырдзыстонимæ баст фарстатæм дæр. Уæлдайдæр, уырдыгæй цы хъусынгæнинæгтæ хъуысы, ома, ирон адæмимæ хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинад, сабырад æмæ стабилондзинадмæ тырнынады тыххæй. Фæлæ уыцы ныхæстæ æнæбындур сты, Гуырдзыстон куыд милитаризаци цæуы, уымæ гæсгæ.

«Мах æвдисæн стæм уымæн, æмæ нæ арæнтæм хæстæг уагъд кæй цæуынц НАТО-йы бæстæты æфсæддон ахуыртæ, æвдисæн стæм, Гуырдзыстон кæй тырны НАТО-йы скондмæ. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ дызæрдыджы æппарынц æрмæст мах нæ, фæлæ Уæрæсейы дæр», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы ахуыртæ комкоммæдæр тæссагдзинад æвзæрын кæнынц Уæрæсейы хуссар хайæн. Уымæ гæсгæ Уæрæсемæ иумæ, ист цæудзысты иумиаг мадзæлттæ, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæм æдасæй цæрой. Уыцы ахсджиаг хъуыддаджы – æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады фæдыл уæвынад кæны къорд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг сразыдзинады, арæзт æрцыд иунæг хъахъхъæнынадон тыгъдад.

Президент бæрзонд аргъ скодта министрады куыстæн

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли æддагполитикон уагдоны куыстæн скодта бæрзонд аргъ. Ныфс бавæрдта, дарддæр дæр министрад æддагполитикон аренæйы кæй кæндзæн нысанмæздæхт куыст, кæцы у бæстæйы паддзахадон суверенитет банымайынмæ здæхт, хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ кæм цæрынц, уымыты Хуссар Ирыстоны интерестæ хъахъхъæнын æмæ ирон диаспорæты минæвæрттимæ бадзырдтытæ уадзын.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ Медойты Димитр арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны адæмæн Ног æрлæугæ азы цытæн, йæ цæст сын бауарзта хæрзиуджытæ æмæ фидар æнæниздзинад.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.