Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæнтæм хæстæг уагъд æрцыд инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты форматы юбилеон 70-æм фембæлд. Фембæлдæн хатдзæгтæ аразгæйæ, хуссарирыстойнаг фарсы къухдариуæггæнæг Санахъоты Дауыт информацион фæрæзтæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ хайадисджытæ банысан кодтой, механизмты форматы ахадындзинад, зæгъгæ, уый руаджы скъуыддзаг цæуынц арæнгæрон территоритыл цæрæг æмбæстæгтæм сæвзæргæ фарстытæ.

«Мах уынаффæ кодтам арæнтыл æрцæугæ цаутимæ баст фарстатыл, цы мадзæлттæ райсын хъæуы, цæмæй арæнтыл инциденттæ мауал уа. Фембæлды хайадисджытæ се ‘ппæтдæр сразы сты ууыл, ома, арæнтыл уавæр у стабилон, кæд æмæ хицæн бархалæн цаутæ æрцыд, уæддæр. Хыгъдон рæстæджы, ома, ацы мæйы дæргъы паддзахадон арæнтыл æнæзакъонæй чи хызт, ахæм аст æмбæстаджы æрцыдысты урæд. Уыдонæй дыууæйæ нырма ахст сты, иннæтæ æмбæлон процедурæтæ рацæуыны фæстæ æрвыст æрцыдысты Хуссар Ирыстонæй», – банысан кодта Дауыт.

Уымæй дарддæр ма фембæлды дзырд цыд, Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ дæр кæй халынц паддзахадон арæнтыл хизыны фæтк, уыцы фарстыл. Санахъоты Дауыт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарс растыл нæ нымайы ахæм архæйдтытæ æмæ хъусдард аздæхтой, цæмæй ахæм цаутæ нырæй фæстæмæ мауал æрцæуой.

Дзырд ма цыд, паддзахадон арæнтыл ставдкъах фос кæй ахизынц ууыл дæр,  кæцытæ сты арæнгæрон дыууæ фарсы территорийыл цæрæг æмбæстæгты. Уый фæдыл, зæгъгæ, райсын хъæуы мадзæлттæ, цæмæй бынат ма уа ахæм цаутæн.

Санахъоты Дауыт куыд загъта, афтæмæй фембæлды раразмæ кодтой паддзахадон арæнтæ делимитацийы æнæмæнгхъæуæг фарст, цæмæй арæнтæм æввахс цæрджытæ цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдон аиуварс кæнынæн уавæртæ уа. Уый хауы, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм дæр.

Гуырдзиаг фарс бадзырдты рæстæджы раразмæ кодта Гуырдзыстоны ахст æмбæстæгтæ ахæстоны цы уавæрты сты, уый.

Санахъоты Дауыты ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ бадынц ахæм уавæрты, цахæм уавæрты сты иннæ ахст æмбæстæгтæ, уымæй дæр уыдон ныхмæ ницахæм архæйдтытæ ист цæуы. Куыд иннæтæм, афтæ гуырдзыстонаг ахст æмбæстæгтæм ахасты хъахъхъæд цæуынц закъоны нормæтæ.

Механизмты фæлгæтты ма дзырд цыд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты тыххæй дæр. Санахъоты Дауыт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы ахсджиаг фарстыл куыст цæуы æртæфарсон координацион механизмы фæлгæтты Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хайадистæй. Фæлæ механизмты куысты фæлгæтты ацы фарст скъуыддзаг нæ цæуы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.