Республикæйы медицинон кусджытæ банысан кодтой сæ профессионалон бæрæгбон

Æрæджы июны Хуссар Ирыстоны медицинон кусджытæ цытджын æгъдауæй банысан кодтой сæ профессионалон бæрæгбон – Медицинон кусæджы бон, кæцы нæ республикæйы æрвылаз дæр нысангонд фæцæуы 17-æм июны.

Медицинон кусджытæн сæ бæрæгбоны сæраппонд раарфæ кæнынмæ киноконцертон зал «Чермен»-мæ æрбацыдис нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Афтæ ма дзы хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы Абхазы республикæйы æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Цытджын мадзалы райдианы Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги зæрдæбын арфæ ракодта йæ коллегæтæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ сын загъта бузныг сæ хæрзиуæгон стыр куысты тыххæй. «Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Стыр бузныг, сымах, бирæ азты дæргъы республикæйæн уæззау рæстæджыты уæ куыст цæсгомджынæй кæй æххæст кодтат æмæ нæ адæмы æнæниздзинадыл кæй аудыдтат, уый тыххæй. Сымах, медиктæ, кæддæриддæр стут бæрзонд гуманизмы дæнцæг æмæ уæ куысты хъуыддагмæ цæут профессионалон æгъдауæй. Медикты куыст æмæ архайды сæйрагдæр фæдыздæхт у кæддæриддæр рынчынтæн гъæдджын медицинон æххуыс бакæнын æмæ  уый уæ къухты цы бафта, уый уын мæ зæрдæ зæгъы. Республикæ Хуссар Ирыстонæн уæззау азты сымах уæхски-уæхск слæууыдыстут æмæ æххуыс кодтат рынчынтæн, цæфтæн æмæ афтæмæй стыр æххуыс бакодтат нæ республикæйы сабырад æмæ хæдбардзинад æрхæссынæн», – загъта Тотчиты Георги. Уый ма цыбыртæй банысан кодта, бынтон æвадат уавæрты, æхстыты бын нæ республикæйы медицинон кусджытæ цы удуæлдай куыст кодтой ныккæндты, уый. Стыр бæрндзинад кæй хастой хæсты рæстæджы æмæ бирæ адæймæгты мæлæты дзæмбытæй кæй байстой, уый дæр банысан кодта  министр. «Уыцы хæрзиуæгон куыст уын нæ республикæйы алкæцы адæймаг дæр йæ зæрдыл дары æмæ уæ стыр бузныг сты. Уырны мæ, абон, сабыр арвы бын цæргæйæ, ног медицинон технологитæй пайда кæнгæйæ, адæ-мæн гъæдджын медицинон æххуыс кæнгæйæ, нæ республикæйы æм-бæстæгтæй фылдæр арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ кæй исдзыстут, уый», – загъта министр. Тотчиты Георги ма адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, тыхст рæстæгæй суанг абонмæ дæр æфсымæрон Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны республикæйæн цы стыр хæрзты бацыд, уый, уыдоны æмрæнхъ медицинон фадыджы дæр. «Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы махмæ арæзт æр-цыдис цалдæр бæрзондтехнологион æмæ гъæдджын медицинон уагдоны, уыдоны ‘хсæн – операцион-хирургион корпус гемодиализы центримæ. Уæ-рæсе нæм æрæрвыста йæ хуыздæр лæппуты æмæ чызджыты, цæмæй абон æххуыс кæной сæ коллегæтæн, медицинон кусджытæн уыцы технологитæ хуыздæр базоныны сæраппонд, цæмæй сæ адæмæн хоскæныны    хъуыддаджы, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр спайда кæной», – загъта министр. Уый фæстæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой, ацы бонмæ чи нæ фæцард, медицинон фадыджы æппæт уыцы кусджыты рухс нæмттæ.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Би-былты Анатолийæн. Уый медицинон кусджыты професси банымадта æхсæнадон царды иууыл хæрзиуæгондæрыл. «Æз абон сымахæн сыгъдæгзæрдæйæ зæгъын арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ. Арфæ кæнын дохтыртæ, астæуккаг медперсонал, кæстæр медперсонал æмæ ацы къабазы ветерантæн. Уыдон сты уыцы медиктæ, кæцытæ сæ куысты фæлтæрддзинад дих кодтой сымахимæ, медицинон сусæгдзинæдтæ уын амонгæйæ.

Абон махмæ арæзт æрцыд гемодиализы хайад, ис нын ног, абоны домæнтæн чи дзуапп кæны, ахæм операцион-хирургион комплекс. Абон махмæ арæзт цæуы,  нырыккон домæнтæн чи дзуапп кæндзæнис, ахæм гуырæн хæдзар. Ис нын сывæллæтты ногарæзт поликлиникæ, цыран нын нæ сывæллæттæн кæнынц бæрзонд квалификацион медицинон æххуыс. Æмæ иууыл сæйрагдæр та у, абон нын Уæрæсейы Федерациимæ фидар, хæларадон бастдзинæдтæ кæй ис медицинон фадыджы дæр, уый. Фидарæй нæ бон у зæгъын, уыдоны фæрцы нæ медицинон лæггæдты æмвæзад æмæ гъæд кæй кæндзысты хуыздæр, уый. Ацы хъуыддаг махæн у стыр ныфсы хъуыддаг, ууыл æнцой кæны нæ хорз фи-дæн дæр. Æз стыр бузныг дæн Уæрæсейы Федерацийы Æнæ-низдзинад хъахъхъæныны ми-нистрадæй, сæрмагондæй та министр Вероника Скворцова æмæ йе ‘ххуысгæнæг Анатолий Гулинæй. Мах абон цы аразæм медицинæйы фадыджы, уый аразæм нæ республикæйы цæрæг адæмы хæрзæбонæн, цæмæй нæ республикæйы æмбæстæгтæ исой бæрзондтехнологион æххуыс. Не ‘мбæстæгтæ ног медицинон кластермæ куы æрбацæуой, уæд хъуамæ кæддæриддæр исой æнæмæнгхъæуæг æххуыс æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæ рæвдыд ныхас æмæ лæмбынæг ахаст, кæцы тынг æнæмæнгхъæуæг вæййынц алкæцы рынчынæн дæр. Уымæн æмæ моралонæй уæ рæвдыд ныхасæй сымах хосгæнæг вæййут кæцыфæнды рынчынæн дæр. Бузныг уын уæ хъарм ахасты, уыцы адæмы тыххæй, кæцыты фæхъæуы уе ххуыс.

Абон нæ медицинæйы, кæй зæгъын æй хъæуы, ис дзы ахæм къабæзтæ, кæцытæ фæстейæ баззадысты. Фæлæ архайæм, цæмæйдæриддæр сæ ракæнæм размæ æмæ нæ дохтыртæн уа фылдæр гæнæнтæ. Зæгъæм, ахæм уавæры ис офтальмологи. Уым æнæмæнгдæр хъæуы сæвæрын ног ифтонггæрзтæ, афтæ ма æндæр рæтты дæр. Æмæ сæ сараздзыстæм. Тотчиты Георгиимæ мах скъуыддзаг кæнæм уыцы фарст дæр, цæмæй Гуырдзыстонмæ цы рынчынты арвитæм, уыдонæн нæхимæ хос кæнæм. Махмæ уыдзæнис уыцы ифтонггæрзтæ æмæ уыцы операцитæ кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны территорийыл, бæрзондтехнологион æххуыс сын кæнгæйæ.

Зынаргъ медицинон кусджытæ, ноджыдæр уын арфæ кæнын уæ хæрзиуæгон профессийы тыххæй. Ут нын кæддæриддæр æнæниз æмæ хъæлдзæг. Мах уæ бирæ уарзæм», – загъта Бибылты Анатоли. Уый фæстæ Президент цытджын æгъдауæй схорзæхджын кодта медицинон кусджыты иу къорды Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй.

Медицинон къабазы кусджытæн ма арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Уый сæрмагондæй банысан кодта, медицинон кусджыты дæсныйад бæрнон, ахсджиаг æмæ хæрзиуæгон кæй у, стæй Уæрæсейы Федераци нырмæ куыд æххуыс кодта Хуссар Ирыстонæн, афтæ дарддæр дæр алыварсонæй кæй æххуыс кæндзæнис. Уый фæстæ Марат Кулахметов Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны æмæ социалон рæз-ты министр Вероника Скворцовайы барамындмæ гæсгæ хорзæхтæ радта, нæ рынчындоны Уæрæсейы Федерацийæ цы дохтыртæ кусы, уыдонæн.

Цытджын мадзал адарддæр кодта бæрæгбонон концерт, кæцыйы бацæттæ кодта РХИ-йы Культурæйы министрад.

         ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.