Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд æхсæнадон змæлд «Матери Абхазии за мир и социальную справедливость»-ы минæвæрттимæ.

Фембæлды ма хайад райстой адæймаджы барты фæдыл РХИ-йы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Тасойты Инал æмæ организаци «Память и надежда»-йы сæрдар Куыдзеты Лидия.

Бибылты Анатоли банысан кодта, гуырдзыйы агрессийы рæстæджы се ‘ввахс хиуæтты чи фесæфта, уыцы сылгоймæгты егъау куыст.

«Сымах цы куыст кæнут, уый ахсджиаг у. Бавзаргæ рыстмæ нæ кæсгæйæ, сымах æвдисут уды фидардзинад, хъуыды кæнут хорздзинæдтыл, цардыл, æххуыс кæнут, зын цардуагон уавæрты чи бахауд, ахæм адæймæгтæн. Æз разы дæн Абхазы фыццаг Президентимæ, кæцы дзырдта, зæгъгæ, абхазаг адæмы уæлахиз, фылдæрбæрцæй у Абхазы хъайтарты мæдты фæрцы. Владислав Ардзинба уыд зонджын адæймаг, æцæгæйдæр, уæ хиуæтты хъайтардзинад, куыд ирон хæстонты хъайтардзинад, у сæ мæдты фæрцы», – загъта Президент.

Змæлд «Матери Абхазии за мир и социальную справедливость»-ы сæрдар Гульнара Кичба радзырдта, зæгъгæ, æмгуыстад кæны хуссарирыстойнаг организаци «Память и надежда»-имæ дæс азæй фылдæр.

«Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æрбангом кодта иу маст, нæ сывæллæттæ та уыцы æфсымæрдзинад сфидар кодтой тугæй. Æмæ мах дарддæр кæнæм нæ фыртты, не ‘фсымæрты, нæ цардæмбæлтты хъуыддаг, цæмæй фидæны фæлтæр сæ зæрдыл дарой æмæ мауал уой хæстытæ», – загъта уый.

Гульнара Кичба радзырдта, зæгъгæ, Куыдзеты Лидияимæ уый иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыд æндæр бæстæтæм, цыран уыдон архайынц, æхсæнды онг фæхæццæ кæнын Абхаз  æмæ Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй.

«Мах дзурæм, æрмæстдæр нæ сабырдад кæй хъæуы, уый. Мах никæмæ нæ балæбурдтам, мах æрмæст нæхи хъахъхъæдтам. Хъыгагæн, нын хæст  бирæ мастдзинад æрхаста æмæ нæ организаци уыцы хъæдгæмттæн хос кæны. Уый психологон, моралон æххуыс кæны фæмардуæвджыты бинонтæн, идæдз устытæн æмæ ветерантæн», – банысан кодта уый.

Фембæлды кæрон Президент бузныджы ныхæстæ загъта змæлд «Матери Абхазии за мир и социальную справедливость»-ы минæвæрттæн, хуссарирыстойнаг организацитимæ æмархайды тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстджын архайд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.