Мыхуырӕй рацыд журнал «Max дуг»-ы ацы азы 1-аг номыр.

РЦИ-Аланийы адӕмон поэт, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цӕдисы раздӕры сӕрдар Ходы Камал банысан кодта йæ 80 азы юбилей. Журналы ацы номыры мыхуыр цæуы Кӕсӕг-Балхъары Фысджыты цӕдисы сӕрдар Муталип Беппаевы арфӕ. Афтæ ма Камалæн йе ʻмдзӕвгӕты цикл «Уды урс цӕхӕртӕ» ӕмӕ литературон фельетон «Сӕрджынтӕ ӕви ӕнӕсӕртӕ». Журналкæсæг ма бакæсдзæн филологон зонæдты кандидат Тъехты Тамерланы интервью юбиляримæ «Ирон ныхас ӕхцон у удӕн», зӕгъгӕ, ахӕм сӕримӕ. Афтæ ма алы рӕстӕджыты Камалы тыххӕй нӕ литературӕйы зиууӕттӕ Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил, Гусалты Барис, Касаты Батрадз ӕмӕ Гӕбӕраты Юри цы хъуыдытӕ загътой, уыдон.

    Рубрикæ «Нæ тæлмацтæ», зæгъгæ, мыхуыр æрцыд Зынгæ уырыссаг фыссӕг ӕмӕ сценарист Василий Шукшины сфӕлдыстадӕй радзырдтæ «Дард зымӕгон изӕртӕ» ӕмӕ «Демагогтӕ», ирон ӕвзагмӕ сæ ратæлмац кодта педагогон зонæдты кандидат Бежаты Фаризӕ.

Прозӕйы жанрæй ма журналы мыхуыр æрцыд Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон фыссӕг Хуыгаты Сергейы радзырдтӕ «Гӕдули» ӕмӕ «Дзаттæйы дурты цæнд».

Ацæугæ аз журнал «Мах дуг» мыхуыр кӕнын райдыдта УФ-йы Фысджыты цæдисы уӕнг Торчынты Хъазыбеджы ӕмдзӕвгӕтӕй фыст роман «Зейнап» (9-10 номырты). Ацы номыры уацмыс бакӕсдзыстут дарддӕр.

Рубрикӕ «Max дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны Камалы цард ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндаг ӕвдисӕг къамтимӕ.

Журналкæсджытæ кӕддӕриддӕр æхсызгонæй бакæсынц Мамиаты Таймуразы уацтæ. Рубрикæ «Нæ удварны лæгтæ», зæгъгæ, мыхуыр кæны Мамиаты Таймуразы этнографион уацтӕ Фаллаг комы Хуыцауы дзуары ӕмӕ Пуриаты авд дзуары тыххӕй.

«Адæмон сфæлдыстад», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуы аргъау «Æртæ æфсымæры».

Рубрикӕ «Ирон прозӕйы антологи»-йы бын бакӕсдзыстут Ирыстоны Фысджыты цӕдисы æмсӕрдар Агънаты Гӕстӕны цыбыр биографи æмæ радзырд «Тигъсӕрдӕг».

«Мах дуг» ма мыхуыр кæны, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг, УФ-йы Нывгæнджыты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, РЦИ-Аланийы Культурæйы раздæры министр Дзантиаты Анатолийы амæлæты фæдыл некролог.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.