Æрвылаз дæр Ирыстоны курдиатджын лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи фæцæттæ кæнынц фæсивæдон форум “Машук”-мæ. Уырны сæ, форум сын сæ фæндтæ сæххæст кæнынæн стыр ахъаз кæй фæуыдзæн, уый.

«Машук»-ы архайынц æрмæст Кавказы цæрджытæ нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы минæвæрттæ дæр. Хуссар Ирыстонæй форумы хайад исынц дыууæ сменæйы, 15 адæймаджы скондæй. Форумы гранттыл тох кæндзысты 170 проекты. Ацы аз «Машук»-ы темæтæ сты: «Карьерæ, сфæлдыстад, зонад, бизнес, разамынд, æхсæнад, патриотизм, спорт».  Форумы  æдæппæтæй  ис  30 ахуырадон фæзы.

Куыд иннæ азты афтæ ацы аз дæр форум  у тынг цымыдисон. Фæсивæдæн уагъд цæуынц алыгъуызон ахуыртæ, лекцитæ, тренингтæ, семинартæ, фембæлдтытæ зындгонд адæймæгтимæ – актертимæ, æхсæнадон æмæ политикон архайджытимæ, амалхъом адæмимæ.

Фæсивæдон форумы архайджытæн фадат уыд Ирыстоны культурæимæ хуыздæр базонгæ уæвынæн. Æнæхъæн бон нæ республикæйы минæвæрттæ “Машук”-ы архайджытæн æвдыстой сæ цымыдисагдæр куыстытæ.

Фæсивæдæн ацы форум хорз фæрæз у, сæ курдиат равдисынæн. Кафты æмæ зарды зæлтæ хъуысынц алырдыгæй. Цатырты цард та сын уæлдай æнкъарæнтæ æвзæрын кæны.

Форумы фæрцы фæсивæд зонгæ кæнынц кæрæдзиимæ, исынц дзы фæлтæрддзинад ахуыр кæнынц, зын уавæрты архайын куыд хъæуы, ууыл.

Проекттæн аргъ чи кæны, уыдонæй бирæтæ кæддæр сæхæдæг дæр уыдысты форумы архайджытæ. Цæгат Ирыстонæй цалдæр адæймаджы аргъ кæндзысты фæсивæды проекттæн. Истори куыд æвдисы, афтæмæй та 8 азмæ «Машук»-ы сæвзæрд, царды абон ахъаз чи сты, ахæм сæдæгай проекттæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.