Социалон зонæдты доктор, Автономон æнæкоммерцион организаци Зонадон-аналитикон æмæ иртасæн «Æмбæстагон рæзты центр»-ы президент, эксперт Максим Васьков ИА «Рес»-æн интервьюйы йæ хъуыдытæ дзуры УФ-йы Паддзахадон Думæмæ ацæугæ æвзæрстыты æмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн кæрæдзиимæ ахастыты тыххæй.

– Максим Александры фырт, иумæйагæй сисгæйæ, цахæм аргъ скæндзынæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ ацæугæ æвзæрстытæн?

– Иумæйагæй сын аргъскæнæн ис афтæ, æмæ бахъахъхъæд æрцыд стабилондзинад æмæ рæзты курс Уæрæсейы. «Иууон Уæрæсе» фылдæр хъæлæстæ кæй райста, уый бафидар кодта, иууыл активондæр æмæ уæлдай кæмæн нæу, ахæм уæрæсейæгтæ кæй æууæндынц уыцы курсыл, кæцы мидæггагон æмæ æддагон политикæйы æххæст кæны Владимир Владимиры фырт Путин. Нырыккон цардыл дунеон кризис бирæфарсонæй кæй æндавы, уый хынцгæйæ, ацы равзæрст æцæгæйдæр у арф ахъуыдыгонд. Æвзарæн кампанийы рæстæджы, уæрæсейæгтæн уыдис альтернативæтæ, кæцытæ баст уыдысты Уæрæсейы æддагполитикон позицитæ фæлæмæгъдæр кæнынимæ, цæмæй санкциты фæкъаддæр кæнæ бынтондæр сисой. Фæлæ ахæм политикон тыхтæ райстой бынтон цъус хъæлæстæ. Уæрæсейы, куыд æхсæнадæн йæхи мидæг, афтæ йæ уæлдæр политикон æмвæзадыл дæр уынынц уыцы проблемæты, кæцытæ баст сты экономикæйы системон æмæ структурон реформæтæ ауадзыны, коррупцийы ныхмæ тох фæтыхджындæр кæныны æмæ æндæр ахæмты æнæмæнгхъæуындзинадимæ. Фæлæ ахæм проблемæтæ универсалон сты кæцыфæнды Паддзахадæн дæр. Паддзахадон Думæмæ цы политикон партитæ бацыдысты, уыдон хауынц, афтæхуыйнæг, патриотон коалицимæ. Уыдон хæцынц Владимир Путины æвварс куыд дунеон аренæйы Уæрæсейы национ интерестæ æмæ кад хъахъхъæныны, æддагон активон политикæйы, Хъырым æмæ Севостополы æрбаиу кæныны. Уыимæ мидæггагон политикæйы алыгъуызон цæстæнгастæм нæ кæсгæйæ, уыдонæн иугъуызон ахаст ис мидуæрæсейаг процессты ахсджиагдæр ориентиртæм. Ацæугæ æвзæрстытæ уынын кæнынц, уæрæсейæгтæ кæй æрбангом сты æддагон тасдзинæдты æмæ санкцион хæсты раз. О, махæн ис нæхи проблемæтæ, æмæ сæ мах аскъуыддзаг кæндзыстæм, фæлæ Уæрæсейæн хæларадон чи не сты, уыцы æддагон тыхты экономикон æмæ социалон уавæр февзæрдæр кæнынмæ бафæлвæрдæн æмæ æвзæрстыты фæстиуджытыл бандавынæн лæвæрд æрцыд цæхгæр ныхкъуырд.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ, цæуыл дзурæг у либералон блокы партиты æмæ ныгуылæйнаг позицитимæ ралæу-уынмæ чи тырныдтой, уыцы тыхты мæгуырау фæстиуæг?

– Ам иу рæстæджы гæнæн ис цалдæр ахсджиаг аспектыл дзурæн. Фыццаджыдæр, Уæрæсейы ис иттæг æмбæрстгонд патриотикон позици æмæ паддзахадон инстинкт, кæцы Уæрæсейы къорд хæттыты ирвæзын кодта бирæ æвзæрдæр кризисты уавæрты, æмæ, æгæрыстæмæй, егъау мастштабон хæстыты рæстæджы дæр. Уæрæсейы ис бирæ алыгъуызон политикон тыхтæ, æмæ æхсæнады хъæуы бæрнон либералон партийы фæзынд, фæлæ уæрæсейæгтæн куы уынын кæнынц дилеммæ либерал кæнæ патриот, уæд дзуапп бæлвырд у, ахæм партитæн нæй фидæн, æмæ уый фенын кодтой æвзæрстытæ. Хъæуы æрмæстдæр бæрнон æмæ патриотон парти, кæцы, патриотон æргъæдтыл æнцой кæнгæйæ, хæцы æмбæстагон æхсæнады рæзты æвварс, афтæ ма ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ потенционалонæй цæттæ сты ахæм партийы тыххæй хъæлæс дæттынмæ, фæлæ уый – нырма потенциалонæй. Политикон партиты номхыгъды ахæм парти нæ фенгæйæ, уыдон баззадысты сæ хæдзæртты. Ахæм политикон тыхтæн ситуаци ноджы февзæрдæр, куы рабæрæг уыдонæн сæ бастдзинад Уæрæсейæн знагиуæгон æддагполитикон тыхтимæ. Уæрæсейы алчидæр хорз зоны ахæм тыхты архайды цæвиттон Украинæйы, цыран цæхгæр æрхауд царды æмвæзад æмæ райтынг æмбæстагон хæст. Ахæм цæвиттон уымæйразмæ уыд Гуырдзыстоны, цыран Михаил Саакашвилийы агрессивон, ныгуылæны æвварсхæцæг режим йæхи уайтагъд сгæрзифтонг кодта æмæ бафæлвæрдта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты геноцид саразын. Æмæ ноджыдæр бирæ цæстуынгæ цæвиттонтæ ис æрхæссæн арабаг бæстæты цардæй. Уымæй дарддæр ма раргом политикæйы профессионализмы хъуагдзинады проблемæ. Нæй рамбулæн æвзæрстыты, цалдæр мæймæ парти саразгæйæ æмæ регионты функционерты куыстхъом хызæг нæ саразгæйæ. Æнæ политикон организацийæ идеологийы уæвынадæн ницы нысаниуæг ис. Егъау политикон партитæн ис æххæст куыстхъом структурæтæ регионты, кæцытæ кусынц æрмæст агитацион кампанийы рæстæджы нæ, фæлæ æдзух. Либералон здæхты партитæн та уыдон не сты, кæнæ та уæвынц формалонæй. Уыимæ ма либералон тыхтæн сæ бон нæ бацыис кæрæдзиимæ бадзурын æмæ сæ архайдтытæ сиу кæнын. Уый фæстиуæгæн сæ æв-зарджытæ дезорганизаци æрцыдысты æмæ уый æркодта мæгуырау фæстиуджытæм.

Нырма ничи аивта профессионализм политикæйы, æвзарджыты моитивтæ сæ вазыгджындзинадимæ æмбарыны арæхстдзинад, æрвылбонон партион куыст, уымæн сты ахæм сæ фæстиуджытæ дæр.

– Цæмæй уыдзысты ахсджиаг ацы æвзæрстыты фæс-тиуджытæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн кæрæдзиимæ ахастытæн?

– Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастытæн сæ фæстиуджытæ сты тынг оптимистон. Уæрæсейы хицауиуæгады æрмæст нæ баззадысты, фæлæ ма ноджы фæфидардæр сты уыцы политикон тыхтæ, кæцытæ Хуссар Ирыстоны уынынц æфсымæрон адæм æмæ дарддæр фидардæр æмæ рæзын кæнынц интеграцийы процесстæ. Уæрæсейы конструктивон æмæ патриотон тыхты фæуæлахиз уынын кæны, интеграцимæ курс, Хуссар Ирыстоны æддагон тасдзинæдтæй бахъахъхъæнын æмæ иумæйаг экономикон рæзт кæй баззайдзысты æнæфæивгæйæ. Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырт дæр уынын кæны, Владимир Владимиры фырт Путин æмæ Уæрæсейы конструктивон политикон тыхтæ кæй уынын кæнынц, ахæм паддзахадон æргъадтæ æмæ архайды стиль. Мæ бон у зæгъон уыцы æргъады, куыд зынынц уыдон Хуссар Ирыстонмæ ахасты, фæрсæрдыгæй сын куы аргъ кæнай, уæд. Уый у æмбæстагон сабырад æмæ æндæр цæстæнгас адæймæгтæн æмæ политикон конкуренттæн аргъ кæнын – уый фенын кодтой 2012 азы цаутæ. Æндæр ахсджиаг момент у Уæрæсейы интерестæм цытджын ахаст дарын, иууыл ахсджиагдæр та – политикон экстримæй хи хизгæйæ, республикæйы стабилон æмæ фидар рæзтæн уавæртæ ифтонг кæнынмæ арæхстдзинад. Фæнды мæ банысан кæнын, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æмбæстæгтæн хъæлæс дæттыны процесс иттæг дырысæй организаци кæй æрцыд, уый дæр. Æгæрыстæмæй, ацы аспекты дæр уый уынын кæны Хуссар Ирыстоны аудгæ ахаст Уæрæсейы интерестæм æмæ намысджын æмгуыст-кæнынадмæ цæттæдзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.