28 июны Мæскуыйы уагъд цæудзæн УФ-йы æмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмгуыстады фарстыты фæдыл Æхсæнпарламентон къамисы 16-æм рабадт.

Рабадты куысты хайад райсдзысты ÆПК-йы æмсæрдæрттæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ УФ-йы Хицауады Сæрдар Александр Хлопонин, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министр Лев Кузнецов æмæ йæ хæдивæг Андрей Резников, УФ-йы Президенты Администрацийы минæвæрттæ, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг къамисы хæйтты уæнгтæ.

Боны фæткмæ хаст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстонæн 2016 азы йæ социалон-экономикон райрæзты сæраппонд ныртæккæйы финансон æххуысы, æмæ республикæйы социалон экономикон рæзтæн ахъазгæнæг 2015-2017 азты Инвестицион программæ сæххæст кæныны фарстытæ.

Рабадты ма дзырд цæудзæн Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны, скъолайы агъоммæйы æмæ иумæйаг ахуырады, афтæ ма Цæрæнуатон-коммуналон æмæ тарифон разамынады системæйы модернизацийы фарстытыл.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.