Тъехты Баграт кæй фæзиан, уый тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент мæсæллæйы тел арвыста Баграты бинонтæ æмæ хæстæджытæм. Мæсæллæйы телы дзырдæуы:

«Стыр фыдохимæ фехъуыстон зындгонд ирон ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, ахуыргонд æмæхсæнадæн Тлийы зæппадзтæ чи базонын кодта, дунейы уыцы зындгонд археолог, 150 зонадон куыстæй фылдæры автор, Хæлардзинады ордены кавалер æмæ ноджы къорд паддзахадон хорзæхты хицау, историон зонæдты доктор, профессор Тъехты Баграт Виссарионы фырты фæзиан. Нырма йын æрæджы банысан кодтам йæ юбилей, фæлæ нæм уый не ‘рцыд, рынчын кæй уыд, уый аххосæй. Тагъд цы сæнæниз уыдаид, уый тыххæй нæ фæндиæгтæ, стыр хъыгагæн, нæ сæххæст сты.

Тъехты Баграты фæзианæй Ирыстон фесæфта æрмæст стыр ахуыргонд-патриоты нæ, фæлæ æхсæнады активон архайæджы. Уый къорд азты дæргъы æвзæрст цыд РХИ-йы Парламенты депу-татæй, иууыл уæззаудæр рæстæджыты уый Хуссар Ирыстоны аккагæй æвдыста Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Советы æмæ йæ Президиумы, уыд Хуссар Ирыстоны историон æхсæнады сæргълæууæг.

Тъехты Баграты бинонтæ æмæ хæстæджытæн зæрдæбынæй мæсæллæй кæнгæйæ, мæн уырны, йæ рухс ном æнустæм цæргæйæ кæй баззайдзæн, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты».

***

РХИ-йы  Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик мæсæллæйы тел арвыста ахуыргонд-кавказзонæг, историон зонæдты доктор, Респуб-ликæ Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, скифтæ-аланты иртасынæдты Цæгат Ирыстоны центры директор Тъехты Баграты бинонтæ æмæ хæстæджытæм, кæцы фæзиан 87-аздзыдæй.

«Ирыстоны зонадон æхсæнадыл æрцыд уæззау зиан. Йæ цардæй ахицæн æрмæст стыр ахуыргонд нæ, фæлæ йæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот, бæрнджын æмбæстаг, зондджын, курдиатджын ахуыргæнæг æмæ хорз адæймаг, кæцыйы фæрцы къухы бафтыд Фыдыбæстæйы археологи ног къæпхæнмæ сисын.

Йæ бирæазон иртасынадон æмæ педагогон архайдæй Тъехты Баграт Ирыстоны ахуырад æмæ зонадмæ бахаста уæзгæ бавæрд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбын мæсæллæй зæгъын цытджын Баграт Виссарионы фырты бинонтæ æмæ хæстæджытæн. Баххæстгæнæн кæмæн нæй, уыцы уæззау зианыл хъынцъым кæнын сымахимæ иумæ», – дзырдæуы телы.

* * *

Тынг фæмаст кодтон зындгонд ахуыргонд, Республикæ Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, историон зонæдты доктор, профессор, археолог-кавказзонæг Тъехты Баграт Виссарионы фырты зианыл, кæцы уæзгæ хуынтæ бахаста историон æмæ археологийы зонæдты рæзтмæ, йæ цард иууылдæр снывонд кодта зонадæн лæггад кæнынæн.

Стыр нысаниуæг ис йæ ахуырадон бынтæн. Уыдон сты 300 зонадон куыстæй фылдæр, уыдоны ‘хсæн цъус не сты фундаменталон иртасынæдтæ, кæцыты бындурыл фыст æрцыдысты йæ бирæнымæц  монографитæ. Тлийы зæппадзты иртасынæдтæ йæ æркодтой ног зонадон архайдмæ, уыдон ын историон зонындзинæдты   иртасынады фадыджы радтой рæзты ног импульс. Уымæй мах, ирæттæ арф зонынæдтæ райстам нæ историон ивгъуыды тыххæй. Зындгонд гоймаджы ролы æмæ йæ зонадон куыстыты нысаниуæгæн аккаг аргъ хъуамæ скæнæм мах æмæ нæ фыдæлты ноджы  бирæ фæлтæртæ.

Тъехты Багратæн стыр кад кодтой æрмæст зонадон æмæхсæнады нæ, фæлæ ма, йæ хъысмæты руаджы кæимæ уыд зонгæ, æппæт уыдон дæр.

Куыд нæ адæмы хуыздæр фырттæй сæ иу, афтæ йæ рухс ном æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.