Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидмæ æрæрвыста мæсæллæйы тел, Хуссар Ирыстоны зæрдылдарæн бон – 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийыл 8 азы сæххæсты боны сæраппонд

 

Телы сæрмагондæй дзырдæуы:

«Цытджын Леонид Харитоны фырт!

Стыр хъынцъымы æнкъарæнтимæ Цæгат Ирыстоны мысынц 2008 азы августы цаутæ, Хуссар Ирыстоны сабыр, фынæй горæттæ æмæ хъæутæ хъомысджын æхстыты бын куы фесты.

Ныппырх сты рынчындæттæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, скъолатæ, культурæйы объекттæ, зæххы æмвæз систы цæрæн кварталтæ. Уæрæсейы разамынады æвиппайды реакци, ныфсхастдзинад æмæ фæндвидардзинад, афтæ ма уæрæсейаг æфсады салдатты хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинад ныппырх кодтой агрессорты сау фæндтæ.

Мах никуы ферох кæндзыстæм, Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырады тыххæй сæ цард чи радтой, уыдоны. Нæ æвæджиаг хæс у уыцы хæрзиуæгон мысынад фидæны фæлтæртæм адæттын. Цæгат Ирыстоны цæрджыты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй ацы зæрдылдарæн боны дæуæн, Леонид Харитоны фырт, æмæ æппæт не ‘фсымæртæн мæ цæст уарзы æнцойдзинад райгуырæн зæххыл, æмзæрдæдзинад, æнтыстытæ æмæ дидинрафтыд.

 

***

Приднестроваг-Молдоваг Республикæйы Президент Евгений Шевчук РХИ-йы Президент Тыблты Леонидмæ æрæрвыста мæсæллæйы тел, Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны гарзджын агрессийы радон бон кæй нысан цæуы, уый сæраппонд

Телы сæрмагондæй дзырдæуы:

«Цытджын Леонид Харитоны фырт!

Стыр цыт дын кæнгæйæ, Приднестровьейы адæмы, йæ разамынады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй æрвитын зæрдæбын мæсæллæйы ныхæстæ æппæт ирон адæмæн, Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы райдианы боны сæраппонд.

2008 азы цаутæ æнустæм арф фæд ныууагътой Хуссар Ирыстоны историйы, ирон адæмы, сæ хæдзæрттæ æхсарджынæй чи хъахъхъæдтой, сæ фыдæлты зæххыл цæрыны æмæ мадæлон æвзагыл дзурыны барыл чи тох кодтой, æппæт уыдоны мысынады.

Республикæ Хуссар Ирыстон стыр аргъ бафыста сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады тыххæй. Æнусон кад, чи фæмард сты, ирон адæмы аккаг фидæны сæраппонд æхсарджынæй чи тох кодтой, уыдонæн.

Приднестровæгтæ, кæцытæ 1992 азы рацыдысты хæсты тугкалæн фæлварæнтыл, зонынц сабыр царды аргъ. Абон мах хъынцъым кæнæм Хуссар Ирыстоны адæмимæ иумæ æмæ мысæм, райгуырæн бæстæйы хæдбардзинады сæрыл тохы чи фæмард сты, уыдонæн.

Уадз, ацы фыдохы бон нæ хъынцъымы æнкъарæнтæ суæт, æфсымæрон ирон адæмы фарс кæй хæцæм, уый æвдисæн.

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТ ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИДМÆ

Цытджын Леонид Харитоны фырт!

Æппæт луганскæгты номæй айс мæ иууыл зæрдæбындæр мæсæллæйы ныхæстæ æппæт ирон адæмæн Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы райдайæн боны сæраппонд.

2008 азы августы Хуссар Ирыстоны сабыр горæттæ æмæ хъæутæ æхст цыдысты алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Уæд сæ хæдзæртты бахъахъхъæнынмæ растадысты мингай цæрджытæ, кæцытæ æхсарджынæй æмæ хъæбатырæй бахъахъхъæдтой сæ фыдæлты зæххыл цæрыны æмæ мадæлон æвзагыл дзурыны бар.

Уæ бирæ хъизæмæрттæбавзарæг зæххыл фондзбонон хæст урæд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы. Æнустæм рухсаг уæд ирон адæмы аккаг фидæны сæрыл фæмардуæвджытæ! Æнусон кад цардæгас хъайтартæн, кæцытæ сабыр рæстæджы кусынц сæрибаруарзаг республикæйы йе ‘мбæстæгты хæрзиуæгæн.

Луганскы цæрджытæ, кæцытæм дæр æрхауд 2014 азы гарзджын ныхмæлæуды карз фæлварæнтæ бавзарын, зонынц аргъ сабыр цардæн. Хуссар Ирыстоны адæмимæ иумæ мах мысæм, райгуырæн бæстæйы хæдбардзинады сæрыл тохы чи фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ.

Цытимæ,

Луганскы Адæмон Республикæйы Луганскы горæты администрацийы сæргълæууæг Манолис Пилавов

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.