РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТ БИБЫЛТЫ АНАТОЛИЙЫ МÆСÆЛЛÆЙ УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ВЛАДИМИР ПУТИНÆН

Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Хуссар Ирыстоны адæм хъыгзæрдæйæ райстой Степановскы пункты цур «Саратовские авиалинии»-йы хæдтæхæг Ан-148 æрхауыны рæстæджы уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæй фæмард сты, уыцы трагикон цау.

Мæсæллæй зæгъын Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, нæ адæм æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дæуæн, зианджын бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн,  æппæт Уæрæ-сейы Федерацийы адæмæн.

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХИЦАУАДЫ СÆРДАР ПУХАТЫ ЭРИКЫ МÆСÆЛЛÆЙ УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ХИЦАУАДЫ СÆРДАР ДМИТРИЙ МЕДВЕДЕВÆН

Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ адæм хъыгзæрдæйæ райстой хæдтæхæг Ан-148 кæй æрхауд, уыцы хабар. Хъынцъым кæнын æмæ мæсæллæй зæгъын Уæрæсейы Федерацийы Хицауадæн æмæ æппæт уæрæсейаг адæмæн,  афтæ ма фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн.

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОН-ПАДДЗАХАД АЛАНИЙЫ ПАРЛАМЕНТЫ СÆРДАР ГАССИТЫ ПЕТРЫ МÆСÆЛЛÆЙТÆ

УФ-ЙЫ ФЕДЕРАЛОН ÆМБЫРДЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ СОВЕТЫ СÆРДАР В.И. МАТВИЕНКОЙÆН

Хъыгзæрдæйæ райстам трагикон хабар «Саратовские авиалинии»-йы бæлццæттæласæн хæдтæхæджы æрхауды рæстæджы  бирæ адæймæгтæ кæй фæмард сты, уый фæдыл. Ацы фыдохы бонты мах стæм сымахимæ æмæ сæ хиуæттæ, хæстæджыты чи фесæфта, уыдонимæ дих кæнæм сæ маст. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты, æгас хуссарирыстойнаг адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй мæсæллæй зæгъын зианджын бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн.

 

 

УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ФЕДЕРАЛОН

ÆМБЫРДЫ ПАДДЗАХАДОН ДУМÆЙЫ  СÆРДАР

В.В. ВОЛОДИНÆН

Хъыгзæрдæйæ райстон бæлццæттæласæн хæдтæхæджы æрхауыны рæстæджы цы бирæ адæймæгтæ  кæй фæхъуыдысты, уыцы хабар. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй мæсæллæй зæгъын авиакатастрофæйы фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн.

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОН-ПАДДЗАХАД АЛАНИЙЫ  УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ÆХХÆСТБАРДЖЫН МИНÆВАР

МАРАТ КУЛАХМЕТОВÆН

Цытджын Марат Минюры фырт!

Хъыгзæрдæйæ райстон «Саратовские авиалини»-йы бæлццæттæласæн хæдтæхæг Ан-148 æрхауды рæстæджы 71 уæрæсейаг æмбæстаджы кæй фæмард сты, уыцы хабар. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй мæсæллæй зæгъын фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.