Сауцъиутæй фæзæгъынц, зæгъгæ, уыдон сæ базыртыл æрбахæссынц уалдзæг. Æцæгдæр афтæ у:  куы фæзынынц, уæд, уыныс: къададæттæ райдайынц згъорын, дзыккайысыф рафтауы дидин, фæзынынц фыццаг гæлæбутæ. Уалдзæджы нæм раздæр æртæхынц мадæлтæ, ссарынц бынæттæ æмæ райдайынц сæ зарджытæ. Зæгъын хъæуы, сауцъиутæ кæй бахъуыды кæнынц æмæ сæхæдæг дæр кæй фæзмынц бирæ æндæр цъиуты хъæлæстæ, куыд гæркъæраг, бурцъиу, цъиах. Æгæрыстæмæй, адæймæгтæй мæргъты хъæлæстæм хъусынмæ уæлæнгай ахаст чи дары, уыдонмæ дæр цымыдис равзæры сауцъиуы зард, уымæн æмæ уый йæ зарджыты баиу кæны куы хæфсы уасын, куы та – байраджы мыр-мыр…

Сауцъиутæ лæппынтæ рауадзынц бæлæсты мæрайы, донбылты цæрæг зæрватыччыты хуыккомты, уæлхæдзæртты къусчыты. Æрæфтауынц 5-6 айчы æмæ вæййынц фæныкхуыз. Сауцъиутæ, сæйраджыдæр, хæрынц уырынгонтæ, зулчъытæ æмæ сæтæлджыты æмæ сæ æрæмбырд кæнынц зæххы уæлцъарыл. Сæ ахстонмæ хæринаг дæттынмæ æрбатæхынц сахаты мидæг 35 хатты, ома, алы дыууæ минуты иу хатт. Адæм раджы бафиппайдтой, сауцъиутæ сын цы стыр пайда хæссынц, уый, æмæ æрбынат кæнынц адæймаджы цæрæнуатмæ æввахс. Уыдон хъахъхъæнынц зайæгойты тæссаг уырынгонтæй. XVIII-æм æнусы сын Уæрæсейы арæзтой къаннæг цæрæн бынæттæ æмæ уымæ гæсгæ се ‘ппæт нæ атæхынц хъарм бæстæмæ.

Хæрдмæдзог цъиу кæнæ та ныгъуыли дæр фæзыны рагуалдзæджы сауцъиутимæ уыцы иурæстæджы кæнæ та ноджы раздæр. Æрмæст сауцъитæ æртæхынц, ничи сæ базоны, афтæ, фæлæ ныгъуыли та тæхгæ-тæхын фæзары хъæлдзæгæй. Сæ цæрæнбынæттæ сты быдыр, угæрдæнтæ æмæ хизæнуæттæ æмæ уалдзæджы райдианæй суанг фæззæджы æмбисмæ фæхъуысы сæ зарæг. Зынгæ уырыссаг фыссæг Сергей Аксаков дзырдта, кæй фæхъусы ныгъуылийы зарджытæм суанг цæссыг æркалыны онг. Иван Соколов-Микитов та дзырдта, зæгъгæ, ныгъуылийы зарæг у диссаджы рæсугъд æмæ цъæхснаг æмæ фæцин кæнын уалдзæджы æрлæудыл. Поэттæ йыл ныффыстой æмдзæвгæтæ, композитортæ та йын йе ‘ппæт аивдзинад радæттой музыкæйы фæрцы. Ныгъуыли у иунæг ахæм, кæцы зары тæхгæ-тæхын, тымбыл зилдухгæнгæйæ, йæхи сисы арвы тыгъдадмæ æмæ та заргæйæ, æвиппайд рауадзы бынмæ. 2-3 кæнæ та 10-12 минуты фæхъуысы йæ рæсугъд цъæхснаг хъæлæс. Фæлæ тынг уазал кæнæ мæгуырау боныгъæд куы вæййы, уæд гæнæн ис æмæ зара зæххы уæлцъарыл дæр.

Ныгъуылийы йæ хуызмæ гæсгæ нæ раиртасдзынæ быдыры, угæрдæны, уæлдайдæр та, мадæл цъиу йæ зард æмæ тахтæй никæй хъусдард здахы йæхимæ. Къаннæг дзыхъхъы, йæ алыварс кæрдæг кæм фæхæцыд, уым фæзынд ахстон æмæ дзы æрæфтыдта 4-5 зæххы æнгæс рæвдуаны, хатт адæймаг сæ цурты куы рацæуы, уæд сæ хатгæ дæр нæ фæкæны. Лæппынтæ фæзынынц дыууæ къуырийы фæстæ æмæ сæм сæ ныййарджытæ фæхæссынц хæринаг. 10 боны фæстæ лæппынтæ ныууадзынц сæ ахстон, сæ бон тæхын нæма вæййы, фæлæ фезгъорынц сæ къæхты фæрцы тынг тагъд. Уæддæр вæййынц сæ ныййарджыты хъусдарды бын æмæ сæ æнæхъæн къуыри хæринагцух нæ ныууадзынц. Ныгъуыли лæппынтæ рауадзы дыууæ хатты, хуссар бынаты та – æртæ хатты. Хæры, быдырты цы уырынгонтæ ис, уыдон. Хатт ма хæры хойрагон культурæтæ дæр, æрмæст хойраджы нæмыг æфсирæй нæ тоны, фæлæ фæуидзы, зæхмæ дзы цы æркæлы, уыдон. Афтæмæй ахъаз у хоргуыстгæнæгæн, уымæн æмæ дзы уæд мыстытæм къаддæр бафтдзæн æмæ уыимæ иумæ быдыры къаддæр уыдзысты уыцы зиан-хæсджытæ.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.