Ирон аив литературæйыл æрцыд уæззау зиан – йæ царды 96-æм азы не ‘хсæнæй фæхъуыд зындгонд ирон поэт, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты æцæг хайадисæг, Фыдыбæстæйон дзæвгар хорзæхты кавалер Мæргъиты Къоста.

Мæргъиты Иосифы фырт Къоста райгуырд, Ирыстоны дудгæбæттæй иуы – фæсарæйнаг хотыхтæй ифтонг гуырдзы Ирыстоны хуссарварс цæрæг æнæхотых, армыдзаг ирон адæмæн 1920-æм азы геноцид куы расидтысты, нæлгоймаг æмæ сылгоймаг, саби æмæ зæронд куынæ уал æвзæрстой, сæ къухы чи æфтыд, уыдоныл тугуарæн куы кодтой, чъырын арты сæ куы сыгътой, уый хæдфæстæ – 1922-æм азы, сусæны мæйы 15-æм бон, Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Мимилойы комы.

Ахуыр кодта сыхаг хъæу Принеуы авдазон скъолайы, стæй Аунеуы ирон скъолайы, афтæмæй йæ райдыдта поэзи йæхимæ æлвасын. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй 1938-æм азы 16-аздзыдæй. Уыцы аз областон газет «Коммунист»-ы (ныры «Хурзæрин»-ы) ныммыхуыр кодта йæ фыццаг æмдзæвгæ «Уалдзæг» æмæ æвзонг лæппуйыл басагъта базыртæ. Каст чингуытæ, æмдзæвгæтæ фыста хъæууон царды нывтыл, фæллойыл, фыццаг уарзтыл…

1941-æм азы Аунеуы астæуккаг скъола каст куы фæци, æмæ йæм Сырх Æфсады рæнхъытæм куы æрсидтысты, уæд ын, бирæ ирон поэттау, хæсты быдыры удмарæн бонтæ æрмæст царды скъола нæ уыдысты, фæлæ æгъатыр царды æгъатыр рæстдзинад, стæй литературæ хуыздæр банкъарыны скъола дæр. Æфсадмæ йæ куы акодтой, уæд хæстон ахуырты фæстæ, 1942-æм азы цыппурсы мæйы 1945-æм азы кæрдæджы мæймæ, ома, хæсты фæудмæ, хайад иста тугкалæн тохты. Советон Æфсадæй йæ сдемобилизаци кодтой 1946- æм азы фæуды. Хæсты фыдæвзарæнтæ йæхи сæрыл бавзæрста, царды скъола дæр, поэзийы рæстдзинады скъола дæр ын уыдон уыдысты.

Хæсты фæстæ иу аз акуыста йæ райгуырæн хъæуы колхозы, стæй рацыд Сталинирмæ. Куыста Хуссар Ирыстоны радиокомитеты ирон алæвæрдты редакторæй. 1950-æм азæй 1952-æм азы кæфты мæймæ уыд журнал «Фидиуæджы» литкусæг, стæй ацыд газет «Коммунист»-ы редакцимæ хайады сæргълæууæгæй. Уыд журнал «Фидиуæджы» бæрнон нымæрдар, газеты тæлмацгæнæг.

Уыцы куыстытимæ Къоста йæ зæрдæ никуы сивта йæ сæйраг куыст – литературæйыл, уæлдайдæр, поэзийыл, кæд ын-иу уымæн рæстæг нал фаг кодта, уæддæр. Нæ йын фаг кодта поэтикон фæлтæрддзинад дæр. Фæлæ æххуысы къухмæ æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд. 1937-æм азы фæстæ нæм нал баззад фæлтæрд хистæртæ. Афтæмæй поэт æнæхатгæ нæ уыд, йæ царды, уæлдайдæр, йæ литературон куысты йæ кæй къуылымпы кæны, профессионалон ахуырад æм кæй нæй, уый. Уымæ гæсгæ 1957-æм  азы ацыд Мæскуымæ ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы дæлбар М. Горькийы номыл Литературон институты Уæлдæр, дыууæазон литературон курсытæм. 1961-æм азы фæсаууонмæ бацыд уыцы институтмæ, æмæ дзы фæцахуыр кодта 1965-æм азы онг. Уый йын бирæ феххуыс йæ поэтикæ фæхъæздыгдæр, фæарфдæр кæнынæн. Уыцы хъуыддаг бæрæгæй фæзынд йæ уацмыстыл.

Мæргъиты Къостайы  1975-æм азы цыппурсы мæйы Хуссар Ирыстоны фысджытæ сæ конференцийы равзæрстой Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон нымæрдарæй.

Дæс азы нæ фысджыты разамонæгæй фæкуыста цæсгомджынæй, стæй сæрибар æрцыд йæхи курдиатмæ гæсгæ æмæ уæдæй фæстæмæ дзæвгар рæстæджы фæкуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы литературон консультантæй.

Къоста хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстон хæсты II-аг къæпхæны (1985-æм аз) æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады (2002-æм азы) æмæ Хæлардзинады (2007) ордентæй, «Хъæбатырдзинады тыххæй» (1944-æм аз), «Варшавæ ссæрибар кæныны тыххæй» (1945-æм аз), æмæ «Германыл фæуæлахиз уæвыны тыххæй» (1945-æм аз), стæй бирæ æндæр юбилеон майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй. Лæвæрд ын æрцыд культурæйы сгуыхт кусæджы ном. Рухсмæ рахæссын ын бантыст фынддæс поэтикон æмбырдгонды бæрц: «Мæ зарджытæ» (1952), «Зæрдæйæ-зæрдæмæ» (1956), «Суадон» (1960), «Царды фæндæгтыл» (1964), «Уæзæг» (1968), «Æвзæрст уацмыстæ (1972), «Агурын ме ‘взонгад» (1975), «Фондз чызджы зарæг» (1978), «Æвзæрст уацмыстæ» (1982), «Горячие камни» (рацыд Мæскуыйы, рауагъдад «Советский писатель»-ы 1982-æм азы), «Цард æмæ мæлæт» (1986), «Фыццаг уарзт» (1989), «Зæрдæйы хъуырдухæнтæ» (2003), «Гуыргъахъхъ фæндæгтæ» (2011) æмæ æнд. «Горячие камни»-йы тыххæй йын 1982-æм азы лæвæрд æрцыд республикæйы Министрты Советы преми «Фондзазоны азфыссæг». Йæ аив уацмыстæ йын чиныгкæсджыты ‘хсæн йæ ном никуы бауадздзысты амæлын.

Рухсаг у!

Ирыстоны Фысджыты цæдис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.