(Памфлет)

 

Йæ ардбахæрд чи басæтты, уый хуыйны мæнгард, ома уыцы адæймагыл нæй æу-уæнк. Уый, гæнæн ис, æмæ дæ ауæй кæна бахъуыды сахаты. Уый зонгæйæ, æви æндæр исты аххосаг уыди ацы хъуыддагæн, дохтыртæн ард бахæрын кæнынц. Уыцы ардбахæрды ном хуыйыны Гиппократы ардбахæрд. Гиппократы ардбахæрды цы фыст ис, уый чи бакæса, уымæн кæд зæрдæ ис, уæд æм æнæмæнг бахъардзæн. Сæрæй уал дзы ис ахæм ныхæстæ, ома, сомы кæнын… æппæт хуыцæуттæй. Дарддæр дзы ис фыст, зæгъгæ архайдзынæн, цæмæй æппæтдæр аразон рынчыны хæрзиуæгæн, никуы ратдзынæн, мады гуыбынмæ сывæллоны амарынмæ чи хъавы, уымæн ахæм фадат. Никуы рахъæр кæндзынæн сусæггаг цы у, уый. Фæлæ дзы иууыл диссагдæр у, йæ кæронбæттæны цы ис, уый: кæд, зæгъгæ, æз ацы ардбахæрд æххæст кæнон, уæд æз амондæй хайджын уон мæ царды æмæ мæ куысты, адæмы хорзæх мæ уæд кæддæриддæр, фæлæ кæд æз ацы ардбахæрд фехалон, уæд уыдонæй уон æнæхай.

Ацы ардбахæрд, дохтыр чи нæ у, уымæн дæр йæ зæрдæйы уидæгтæ банкъуысын кæны… Цымæ цæмæн у ахс-джиаг алы дохтыр дæр ахæм намысы дзырд ратта Хуыцауы раз? Уымæн æмæ адæймаг ацы мæнг дунейы фæдзæхст у фыццаг Хуыцауæн, стæй та дохтыртæн. Адæймаг йæ тæк-кæ тыхстæй, йæ цард æмæ уд тæрæзтыл æвæрд куы вæй-йынц, уæд фыццаг æххуысмæ уыдонмæ фæсиды.

Йе, уымæ гæсгæ мæн сагъæсы æппары, иуæй-иу адæмæй куы айхъусын: «Дохтырмæ бацæуин, фæлæ мæм æхца нæй», зæгъгæ. Цымæ сымах никуы фехъуыстат ахæм ныхæстæ?! Науæд та ахæм цæвиттон: бацыд ацæргæ лæг дохтырмæ. Уымæн йæ цæстырухс сæфын райдыдта. Дохтыры раз мæгуыр, сæргуыбырæй æрлæууыд. Дохтыр уазал цæстæнгасимæ бады, æмæ дзырдбыд аразы. Чизоны йæм афтæ кæсы, ома уыцы лæг бирæ рацард, цы ма йыл мæт кæнын, фæлæ Гиппократы ардбахæрды уый тыххæй ницы фыст ис, ома, кæд адæймаг фæцудыдта, фæзæронд, уæд бад æмæ дзырдбыд араз йæ цæсты раз, кæннод та политикæйы кой кæн… Удтæ Хуыцаумæ се ‘ппæтдæр барст сты, зæрдæтæ та æргом. Уæд цыма дохтыр æрыгон адæймаджы тынгдæр хъæуы, кæнæ уымæн йæ уд уæлдайаг у? Рынчын уазал ахастыл куы æм-бæла, уæд уый ноджы нæ фæнизджын уыдзæн? Æви йæ бирæ дохтыртæ нæ зонынц, æнæниздзинад адæймагæн йæ уды æнæниздзинадæй аразгæ кæй у? Æви ма нæ цардæфхæрд адæм уый цух сты, цæмæй дохтыры къухтæм бахаугæйæ, сæ ныфс ссарыны бæсты схуыст бавзарой? УФ-йы Конституцийы 41 статья 1-аг хайы фыст ис: «Алкæцы адæймагæн дæр ис æнæ-низдзинад хъахъæнын æмæ хос кæныны бар. Паддзахадон æмæ муниципалон медицинон уагдæтты рынчынтæн хос цæуы бюджеты хардзæй, фиддонтæ æмæ æндæр æфтиæгты фæрцы». Уымæй уæлдай ма нæм медицинæйы дæр æмæ æндæр фадгуыты дæр цы лæггæдтæ хауы, уыдон Уæрæсейы Федерацийы хардзæй æххæст цæуынц…

Уый уый фæдыл дзурын, æмæ иуæй-иу мæгуыр уд дохтыртæ къæм кæй æвæрынц ацы арфæйаг дæсныйады хаххыл цы бирæнымæц намысджын адæймæгтæ кусы, уыдоны кадыл. Сусæггаг нæу, уыдонæй иутæ æхца исыныл кæй фæцалх сты, æмæ афтæмæй та нæ адæм сабыргай фыдæнхъæл кæнынц адæммæ сæ фæлмас ахаст æмæ аудындзнады фæрцы йæхицæн стыр ном чи скодта, уыдонæй дæр. Адæмы зæрдæтæ та дохтыртыл се уæнк куы фесæфой, уæд сын æвдазы хос дæр ницы уыйбæрц фæахъаз уыдзæн.

Хæсты азты нæ дохтыртæ равдыстой стыр хъæбатырдзинад, æмæ ацы уайдзæфтæ уыдонмæ нæ хауынц. Уыдон сæ удтæ æвæрдтой мæлæт æмæ царды тæрæзтыл, æмæ хæстонты æмрæнхъ тох кодтой нæ адæмы абоны сæрвæлтау. Иуæй-иу дохтырæн та, сæ мызд нæ фаг кæны, зæгъгæ, сæ цонг фæдаргъ кæнынц мæгуыр, фæкæсынхъуаг адæммæ дæр исты æнхъæлцау. Цардæй фæлтæрд адæм хорз зонынц, æхца хинæйдзаг кæй у, æмæ уый балхæнынмæ кæй хъавы, хорзæй нæм цыдæридæр ис, уыдон: адæймаджы зæрдæйы фарн, йæ кад, йæ намыс, йе ‘гъдау.  Уый хауы хосгæнæгмæ дæр. Чизоны æмæ ацы ны-хæстæ искæйы намысмæ фæныхилой, чизоны æмæ ацы уайдзæфтæ кæмæ хауынц, уыдоны риуы цы зæрдæтæ ис, уыдон боныфæстагмæ базмæлой, æмæ мауал бацæуой сæ тæригъæды мæгуыр æвæ-гæсæг адæмæн. Кæд нæ, уæд ацы аипп æвæрдзысты, се ‘хсæн цы хуыцауыхайджын дæсны кусджытæ ис, уыдоныл дæр, æмæ кæд сæ кад æмæ намысыл бынтондæр нæ ауæр-дынц, уæд баввæрсæд мæн-гарды номыл, уымæн æмæ йæ ардбахæрд чи басæтты, уый уæдæ æндæр цы хъуамæ схо-нæм.

Годжыцаты Н.  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.