Дыууадæс азы рацыди, фæлæ

Нæ гас кæны  Ирыстонæн йæ хъæдгом.

Цæмæн ныццагътой сабиты?!

Цæмæн!

Дзуапп чи ратдзæни, знаг фæуæд фæсмонгонд!

Ацы аз 12 азы сæххæст, историйы иууыл æгъатырдæр æмæ æмбал кæмæн нæй, уыцы Беслæны трагедийыл. Адæймаджы æппæт æууæлтæ чи фесæфта, уыцы террористтæ дунейыл цæрæг адæмты сæйраг æмæ иумæйаг æргъадтыл фæкодтой дыууæ ахъаззаг цæфы – амынæты кæй нæ исынц, уыцы сывæллæтты æмæ 1-æм сентябры алы ахуыргæнинагæн дæр стыр æхсызгон мысинагæй чи баззайы, уыцы бон. 12 азы размæ алы ныййарæг йæ удæй арт цагъта, йæ хъæбул йе скъолайон æмгæртты æхсæнæй куыд хæрзконддæрæй разына, ууыл, уæлдайдæр, фыццаг хатт скъолайы дуарæй чи бахызт, уыдоны мадæлтæ. Цæмæй зыдтой æмæ сын уый фæстаг къахбавæрд уыд сæ уарзон скъоламæ. Беслæны трагеди дуне нызмæлын кодта йæ æлгъаг, уæззау æмæ терроризмы фæзындмæ æнæуынондзинадæй. Æнахъом, рæзгæ сывæллæттæ чи – йæ ныййарæгимæ, чи – йæ хо, йе ‘фсымæримæ, сæ уарзон ахуыргæнджытимæ дыууæ æхсæв æмæ æртæ боны æвзæрстой, адæймагад цæй ныхмæ у æмæ ныббарæн цæмæн нæй, ахæм хъизæмæрттæ, хæлæн æрмæ-джыты уæлæ æнæ дон, æнæ хойрагæй…

«Мæ рис – Беслæн» – ахæм номимæ ацы аз мысæн мадзал уагъд æрцыд нæ горæты Мады Майрæмы аргъуаны раз Сæрибары фæзуаты.

Мысæн мадзал ацы аз цыд æнæ мадзаламонæгæй, æнæ раныхасгæнджытæй… Нæ æм-бæстæгтæ Беслæны трагеди æвдисæг стендты размæ хастой дидинджытæ, дон, сывæллæтты хъазæнтæ.

Ардæм, 12 азы размæйы трагикон цаутæ æрæмысынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ, скъоладзаутæ, студенттæ, ахуыргæнджытæ. Уæззау мелодийы зæлтимæ каст цыдысты трагедийыл фыст æмдзæвгæты зæрдæмæхъарæг рæнхъытæ. Уыдон-иу бавнæлдтой адæймаджы зæрдæйы арф рæбынмæ æмæ цæстысыгтæ сæхигъæдæй бар-æнæбары згъордтой.

13 сахат æмæ 05 минуты. Раст уыцы рæстæг Беслæны скъолайы айхъуыстысты фыццаг гуыппытæ, фыццаг амæттæгтæ.

Сæрибары фæзуаты уыцы афон скъоладзаутæ дзæнгæрæджы фæдисы хъæрмæ суагътой бабынуæвджыты нымæц – 334 урс дымсæджы.

Мады Майрæмы аргъуаны йерей Яков афтæ дзырдта:

– Ацы тæригъæддаг хъуыддаг куы арæзтой не знæгтæ, уæд сæ фæндыд иу –  цæмæй нæ нæ зонгуытыл æрлæууын кæной, кæрæдзиимæ нæ сызнаг кæной, цæмæй ферох кæнæм Дунескæнæджы.

Уый сæ къухты никуы бафтдзæн!

Мах никуы ферох кæндзыстæм, сæ удтæ цæй тыххæй рауæлдай кодтой нæ рæзгæ сабитæ Беслæны скъолайы. Фыдæнæн мах хъуамæ ноджы æввахсдæр уæм кæрæдзимæ, кæрæдзи фылдæр уарзæм, лæггад æмæ æххуыс кæнæм, цæмæй Ирыстон æмæ йæ адæм размæ цæуой.

Мысæн мадзал кæронмæ бахæццæ, фæлæ адæм уæззау мысинæгтыл хъуыды кæнгæйæ, уæззау къахдзæфтæй цыдысты æмæ трагедийы нывтæ æвдисæг стендтыл ногæй сæ цæст хастой.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.