Æдылы афтæ куы зæгъа, æдылы дæн, зæгъгæ, уæд уый æдылы нал у. Уый бирæ адæмтæм дзурынц афтæ. Æмæ дæ кæд фæнды базонын, адæймаг хорз у æви цауд, уæд ын бафæрс йæхи, æмæ дын цы зæгъа, уый нæ, фæлæ цынæ зæгъа, ахæм у. Уый хицæн адæймæгтæм дæр хауы, стæй æнæхъæн адæмтæм дæр.

Фæстаг рæстæджы цæст арæх схæцы, интернеты хызæджы ирон æвзаджы уавæры тыххæй цы хъаугъатæ цæуы, уыдоныл. Иуæй уый хорз у, уымæн æмæ адæм уæлæхох не сты сæ мадæлон æвзагыл, фæлæ мæм диссаг кæсы иу хъуыддаг: кæнæ йæ адæм нал æмбарынц, иронау дзурын æмæ уырыссагау дзурын иу кæй нæу, науæд та… æмæ дзы дыккаг вариант нæй, æмæ уæд æвæццæгæн афтæ у. Адæймагимæ ныхас кæныс, æмæ дын дзуры: «У нас нет проблемы родного языка, мы все на нем свободно говорим и общаемся. Лично я всегда участвую в мероприятиях, посвященных развитию осетинского языка». Диссаг уæм нæ кæсы? Уынгæджы нæу ирон æвзаг, тыхивæзт æй куы кæнынц, æмæ уаллон калмыл йæхи куыд барста æмæ йæ астæуыл куыд аскъуыд, уый ми йын нæ чындæуы? Алы æмæ алы «мероприятия»-ты уырыссагау фæтардзæгъдæн кæн, стæй дæ былтæ адау æмæ фæндараст нæ «рухс» фидæнмæ! Кусæм йæ райрæзтыл, æмæ ери-а, чингуытæ аразæм æндæр æвзæгтæй тæлмацгондæй. Нæхи мадæлон æвзагыл фыст дæсгай чингуытæ та рауагъдады æвгъæды бадынц, æмæ сын арыны фæрæз нæй. Æмæ философтæ ра-джы бахынцыдтой, хъуыды цалынмæ дæ сæры зонды ис, уæдмæ у аив, куы йæ ныффыссай, кæнæ йæ дæ былалгъæй куы радæттай, уæд сафы йæ аивдзинад. Тæлмац кæй ра-кæнай, уый та ма цы хъуамæ уа! Афтæ кæд скадавар стæм, æмæ нæхи ирон сабитæн ирон цардыуагæй хъæздыг æмæ фæлыст чингуытæ рауадзын нæ бон нæу, уæд дзы цымæ кæй сайæм? Куыд хъуамæ раудæгас уа æмæ сæндидза ирон сабиты зæрдæты æцæгæлон уды тæвагæй ирон удварн! Куыд хъуамæ срухс уой сæ чысыл удтæ æххæл-мæххæл, цавды, ритмы, æмзæлынады уагæвæрдтæн сæ кой дæр кæм нæй, ахæм æмдзæвгæтæй? Куыд хъуамæ бафæзмой иуæй-иу ахæм хъайтарты, кæцытæ уыдонæн сæ нырыккон царды уавæртæн æцæгæлон сты? Гъе, æмæ уырыссагау куыд фæзæгъынц, «свято место пусто не бывает», æмæ аздæхтысты æцæгæлон, фыдхъуын, фыдцъылыс æмæ фыдкæлæн уаг æмæ æгъдау æвдисæг фæлгæндзтæм, интернет хызæджы «сойджын хизæнты» æнæфсисæй мерс кæнынц æмæ нуазынц уыцы змæст донæй. Уыдæттæ не ‘ппæт дæр хорз æмбарæм, æмæ дзы нæ чысыл хуртæм дæрзæг ныхæстæ дæр фаг æрхауы. Æмæ цы саразой уыдон, кæд æмæ ацы дунемæ куы фæзындысты, уæд нæма зыдтой, кæдæм бахаудтой, уый. Уыдоны æназым удты уыди æрмæстдæр цыбæлдзинад, æмæ сæ чысыл цæстытæ куы байгом сты, уæд уыдтой мах цы фæнды, уый нæ, фæлæ сæ цæсты раз цы уыди, уый. Хъуыстой, сæ алыварс цы цæуы, уыдæттæ. Æмæ сын мах та Къостайы æмдзæвгæтæ тыххъарæгау кæнæм. Къостайы чи бафауа, уый а-зæххыл хъуамæ ма райгуыра, фæлæ нæм Къостайæ дарддæр ноджы бирæ номдзыд æмæ гениалон классиктæ ис: Секъа, Арсен, Цомахъ, Алихан, Иуане æмæ афтæ дарддæр. Ацы фысджыты уацмыстæ цæмæннæ хъуамæ æрцæуиккой экранмæ хаст? Раст нæ раздæры колхозон быдыртæ гæныстонæй куыд лæууынц æмæ хæмпæлæй, афтæ ацы ран дæр кæфтыл кæсæгтыл кусинаг быдыртæ нæй, æви? Кæд афтæ хъуыды кæнут, æмæ æз мæ хъал калын, уæд байхъусут: ныртæккæ æрцыд медиайы дуг. Адæм чиныджы тæфтыл нал цæуынц, уæлдайдæр та фæсивæд, æмæ мах нæ аивады æмæ литературæйы Нарты кадджыты, нæ литературон бынты экранмæ куынæ рахæссæм, уæд, дон къухты æхсæнты куыд адымы, афтæ адымдзысты нæ фæстагæттæ æмæ сæ фæстæмæ нæхи хæрзæгъдаумæ нал раздахдзыстæм, нал сын бауарзын кæндзыстæм ирон æвзаг, уымæн æмæ тыхмийæ ми нæй. Ацы хъуыддаг хорз æмбары бирæ аргъæутты автор Джыгкайты Беллæ æмæ архайы йæхи фыст ирон аргъæуттæ экранмæ рахæссыныл, фæлæ йын тынг зын у уыцы хъуыддаг саразын. Бирæтæм афтæ кæсы, ома уыдон фырхъæздыг митæ сты, фæлæ уый афтæ нæу! Уый адæймаг йæ фырмæгуырæй аразы, уымæн æмæ фæдисы дуг æркодта нæ адæмыл, æмæ йæ адæмы зæрдæйæ ратæдзгæ чи у, уый йæ хорз æмбары.  Ацы  хъуыддагæй  ратæдзынц бирæ æндæр хъуыддæгтæ. Зæгъæм, иу чысыл лæппу тынг рæхсы ныв кæнымæ, æмæ йын куы ‘ркæсын йæ конд фæлгæндзтæм, уæд ма дзы фыдуынддæр истæмæн скæнæн ис! Уый фæдыл æз куы фæсагъæс кæнын, уæд мын бирæтæ ныфсытæ æвæрынц, ныр рæстæг ахæм у, зæгъгæ. Æмæ диссаджы рæстæг у уæдæ, хæйрæджыты æмæ дæлимонты дуг кæд æркодта, уæд ма нæ цард дæр цы у! Кæд аивад дæр, йæ ном йæ уæлæ ис «аив»-ад, афтæ сфыдуынд ис, уæд æй схонæм «фыдуындад», æмæ нæ бон зонæм. Æмдзæвгæйы дæр кæд иу уагæвæрд дæр хъахъхъæд нал цæуы, уæд уый дæр исты ахæм схонæм. Кæд ирон æвзагыл нал дзурæм æмæ нæ нал хъæуы, уæд ууыл дæр басæттæм. Мæ зæрдæмæ цæуы уыцы адæмы хъуыддаг, ирон æвзагыл æргом йæ къух чи систа. Загътой, нæ нæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ фæци. Цы сæ нæ хъæуы, уый та сын, марадз, тыхæй бахъар. Науæд нæхи дæр æмæ искæй дæр цæмæн сайæм, кæд æмæ цалынмæ не ‘взаджы тæссаг уавæрыл басæттæм, уæдмæ уæлдæр цæуылты дзурын, уыдон дæр скъуыддзаг не ‘рцæудзысты.

Бирæтæ чизоны, ныхасæн тых ис, зæгъгæ, уый æнхъæл дзурынц, ирон æвзагæн ницы тас у, фæлæ ныхасæн тых уæд вæййы, йæ фарсмæ хъуыддæгтæ куы рæзы. Ныхасæн хъомыс уæд вæййы, адæймаджы йæ зивæг нæ, фæлæ йæ зæрдæйы риссаг куы дзурын кæны. Ахæм у мæ ныхас быцæугæнджытæн.

Годжыцаты Нелли 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.