3 октябры Къостайыхъæуы æмæ Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъолатæн уыд цымыдисон фембæлд Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы.

Райдианы залмæ бахастой Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса æмæ йын йæ равзæрд æмæ сырæзты тыххæй лæмбынæг æрдзырдта Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы 10 къласы ахуыргæнинаг Тегкаты Иосиф. 11 къласы ахуыргæнинаг Мамиты Павел та æрдзырдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон гербы алыварс. Уый фæстæ скъолайы зарæггæнджыты къорд сæххæст кодтой Хуссар Ирыстоны гимн. Джиоты Милана, Тараты Ирэна æмæ Джергаты Альбинæ та аив бакастысты Ирыстон æмæ ирон адæмы хъæбатырдзинæдтыл фыст æмдзæвгæтæ.

Скъоладзауты фембæлдмæ бацæттæ кодтой Тедеты Тамилæ æмæ Бæззаты Аксанæ.

3-аг скъолайы ахуыргæнæг Бекъойты Майя та залы уæвджытæн радзырдта Ирыстон 1989 азæй 2008 азмæ, Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы, цы стыр зындзинæдтæ бавзæрста, уыдоныл æмæ сын фехъусын кодта, ацы хабæрттыл æвдыст кæй æрцæудзæнис йæ фыст драмæ.

Драмæйы дзырд цæуы, дыууæ фырты мад зæрдæдзæбæх æмæ æнæмæтæй куыд æххæст кæны йæ райсомы зылдтытæ. Æнæнхъæлæджы райхъуыстысты, адæм уæдмæ ахуыр кæуыл нæма уыдысты, уыцы æхстытæ. Мад бакатай кодта, фæуагъта йæ куыстытæ, сыхæгтæй дæр ма сæм чидæртæ æрбауад. Кæрæдзийæн ныфсытæ æвæргæйæ æвдыстой фыдгæнджытæм сæ хæрамдзинад. Æхстытæ нал æмæ нал фæуд кæнынц, алырдыгæй хъуысын райдыдтой æнамонды хабæрттæ. Уæдмæ лæппутæй иу æнкъард æмæ æрхæндæг, сæркъулæй æрбацыд йе ‘мбæлттимæ. Мадæн ма цы зонын хъуыд йæ рæбинаг цæджындз, йæ хъæбултæй иу кæй бабын, уый, бауадзыг æмæ æрхауд зæххыл. Автор куыд загъта, афтæмæй æрмæг фыст æрцыдис Тасойты Иналы хъæбатырдзинæдтæ æмæ йæ бинонты номыл. Драмæйы мады роль хорз сæххæст кодта 3-æм скъолайы ахуыр-гæнинаг Мæргъиты Кристинæ. Кристинæйы арæхстджын архайды фæрцы залы уæвæг адæймæгтæй алчи дæр банкъардта уæды рæстæджы уæззау уавæр. Уыимæ ма се ‘хсæн нæ уыд, йæ цæстытæ доны кæмæн нæ разылдысты, ахæмтæ дæр. Уæззау нывты раивта зарæг «Цхинвал, никæмæн ратдзыстæм дæу». Сæххæст æй кодтой Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Мадзал балхынцъ кодтой ирон кафт «Хонгæ»-йæ.

Гæззаты Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.