19 майы нæ горæты Мамсырайы фырты уынджы Централон библиотекæйы уагъд æрцыд ирон героикон эпос “Нарты кадджыты”  æмæ  “Нарты равзæрд”-ы тыххæй мадзал. Мадзалы хайад райстой библиотекæйы кусджытæ, чиныгкæсджытæ, афтæ ма горæты дыккæгæм астæуккаг сколайы ахуыргæнинæгтæ дæр.

Мадзал бацæттæ кодта дыккæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзабиты Лорæ. Уый сарæзта афæлгæст Нарты кадджыты тыххæй:

“Ирон адæмон сфæлдыстадæн йæ сæйраг къабаз йæ апп æмæ йæ зæрдæ сты зындгонд Нарты кадджытæ. Уыдон сæ мидисджын аивадон хæрзгъæддзинадæй сæхимæ æркæсын кодтой дунейы стырдæр ахуыргæндты, сæвæрдтой ирон героикон эпосæн фидар национ бындур. Ацы национ бындурыл ма æндæр адæмтæ дæр æвæрдтой сæхи бындурон хæйттæ. Фæлæ ирон адæмон кадджытæн сæ национ бындур ничиуал байста. Уымæн æмæ Нарты кадджыты геройтæ схъомыл сты ирон æхсæнады, гуыргæ дæр ракодтой ирон артдзæсты, хъуыстой ирон мады зарæг æмæ мингай азты дæргъы æмдзу кæнынц нæ адæмы историимæ. Нарты кадджытæ рагæй фæстæмæ æркæсын кодтой бирæ зындгонд ахуыргæндты…”

Нарты кадджыты тыххæй ма æрдзырдтой библтиотекæйы кусджытæ Тедеты Эльзæ æмæ Хъотайты Маринæ.  Хъотайты Маринæ ма бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ “Ирон фæндыр” дæр.

Афтæ ма мадзалы раныхас кодта æмæ йæ хъуыдытæ загъта Нарты кадджты тыххæй Централон библиотекæйы методикон хайады гæс Гуыззыттаты Этери. –  “… Ирон адæмон сфæлдыстадæн йæ æвидигæ æмæ дзаджджын къæбицы стыр æмæ зынгæ бынат ахсынц Нарты кадджытæ. Нарты кадджыты зындгонддзинад, сæ ахадындзинад æнæфæзынгæ нæ фесты Кавказы адæмты адæмон сфæлдыстадыл. Ис сæм бирæ æмхуызон сюжеттæ. Фæлæ дызæрдыггаг нæу, уыдон сæ кæй райстой ирон адæмæй æмæ сыл æнусæй-æнусмæ кæй æвæрдтой сæхи фæд.

Мæ ныхасы кæрон ма мæ фæнды зæгъын, цæмæй нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктыл лæмбынæгдæрæй амоной нæ адæмон сфæлдыстад. Цæмæй сæ кад бæрзæндты хæссой æмæ йæ дæлæмæ макуы æруадзой. Афтæ кодтой нæ фыдæлтæ, афтæ хъуамæ кæнæм мах дæр”.

Мадзалы хайадисджытæн фадат уыдис базонгæ уыдаиккой нарты кадджыты тыххæй цы равдыст бацæттæ кодтой, уыимæ. Ам фенæн уыд алыгъуызон литературæ, кæцытæ дзурæг уыдысты Нарты кадджытыл.

Дзабиты Лорæ ма мадзалы  æрдзырдта Ирон æвзаджы боны тыххæй дæр кæцы æрвылаз дæр нысан цæуы 15 майы.

– Ирон æвзаг у нæ царды бындур. Йæхи хъысмæт ис нæ мадæлон æвзагæн, кæцы нæм æрхæццæ скифтæ, сæрмæттæ, аланты дугæй. Нæ адæмау не ̀ʻвзаг дæр фæцыдис даргъ æмæ вазыгджын фæндæгтыл, фæлæ уæддæр мæлын нæ бакуымдта, уымæн æмæ мæлын нæ бакуымдтой чи йыл дзырдта, уыдон дæр. Йе ̀ʻвзаг чи нæ зоны æмæ уарзы, уымæн йæ адæмы  ̀хсæн цæрæн нæй. Не ̀ʻвзаг куы амæла, уæд æнæфесæфгæ нæй ирон адæмæн дæр. Уый нæ алчи дæр хорз æмбары, фæлæ алчи нæ аразы, уымæй кæнгæ цы у, уый, дзурын ыл кæй хъæуы. Бирæ ныййарæг йæхæдæг рæстмæ уырыссагау зонгæ дæр нæ кæны, афтæмæй тыхдзырд фæкæны йæ сывæллонмæ уыцы æвзагыл. Уæдæ сывæллон гыццылæй фæстæмæ куы нæ хъуса ирон ныхас уæд сафы йæ ирон æгъдау, ирондзинад, ирон культурæ.

Дзабиты Лорæ цы сывæллæтты бацæттæ кодта мадзалмæ, уыдон зæрдæргъæвдæй дзырдтой ирон æвзаджы тыххæй æмдзæвгæтæ. Афтæ ма  сæвæрдтой чысыл инсценировкæтæ дæр. Мадзалмæ æрбацæуæг уазджытæ сæм кастысты тынг цымыдисæй æмæ райстой стыр æхцондзинад.

Кæронбæттæны раныхас кодта æмæ зæрдæбын арфæ ракодта мадзалы хайадисджытæн Мамсырайы фырты уынджы Централон библиотекæйы сæргълæууæг Прокопенко Иринæ æмæ сын бакодта чысыл зæрдылдарæн лæвæрдтæ дæр.

               Æлборты Агуындæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.