Афтæ хуынд ацы бонты Æвзæнгты республикон библиотекæйы Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты цытæн цы мадзал уагъд æрцыд, уый.

Сылгоймæгты дунеон боны цытæн бæрæгбонон мадзал сорганизаци кодтой Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ сæ директор Тъотъоты Ленæйы сæргълæудæй æмæ дзы хайад райстой нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 6-æм «а» къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ, Козаты Маринæ, Мæлдзыгаты Фатимæ, Медойты  Аллæ, Гæззаты Юринаимæ. Бæрæгбонон изæрмæ фæуазæг сты ахуырдзауты ныййарджытæ æмæ æндæр æрхонгæ уазджытæ.

Мад, Гыцци, Нана! Куыд диссаг сты ацы дзырдтæ! Мад!.. Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг, хуры тынтæ уарæг!.. Куыд хъуамæ ферох уой мады бирæ фæлмæн ныхæстæ, йе къухты хъарм, йе рæвдаугæ цæстæнгас, йæ аудæг ахаст! Мад!.. Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ, алы кары адæймаджы цæстытыл дæр ауайы йæхи ныййарæг мады фæлгондз, – дзырдтой мадзал амонджытæ Уалыты Лика æмæ Зæгъойты дыууæ фаззоны Георги æмæ Григори. Уыдон зæрдæбын арфæтæ ракодтой æрæмбырдуæвджытæн диссаджы уалдзыгон бæрæгбоны сæраппонд. Уый фæстæ ахуыргæнинаг Кокойты Радик бакаст мады тыххæй Чеджемты Æхсары фыст уацмысæй скъуыддзаг.

Ахуырдзаутæ ма кастысты Чехойты Оля,  Кокайты Тотрадз, Джиджойты Сурæт, А.Костецкий, Хостыхъоты Зинæ, Хуыджеты Азæйы æмæ æндæр поэтты фыст æмдзæвгæтæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 6-æм «а»  къласы ахуыргæнинæгтæ иууылдæр активон хайад кæй райстой мадзалы, Уыдон се ‘ппæт дæр  бакастысты мадыл фыст æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæ сæххæст кодтой цалдæр кафты, уыцы нымæцы ирон национ кафт «Симд» дæр. Скъоладзаутæ Харебаты Данæ æмæ Хъуылымбегты Аланæ равдыстой инсценировкæ.

Æвзæнгты республикон библиотекæйы директор Тъотъоты Ленæ  зæрдæбын арфæйы ныхæстæ нæ бавгъау кодта æрæмбырдуæвджытæн Сылгоймæгты дунеон боны сæраппонд. Бузныджы ныхæстæ загъта 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæн Дыгъуызты Лианæйы сæргълæудæй сæ хъомылгæнинæгтæ библиотекæйы уагъдцæуæг мадзæлтты активонæй хайад кæй райсынц, уый тыххæй. Уæлдай бузныджы ныхæстæ ма загъта мадзалмæ æрбацæуæг æвзонг сылгоймаг, ХИПУ-йы ахуыргæнæг Æлборты Людæйæн. Куыд рабæрæг афтæмæй ис фондз хъæбулы, уыдонæй йын дыууæ фырты сты фазæттæ. Тототы чызг æрсидт Ирыстоны æппæт æвзонг сылгоймæгтæм, цæмæй цæвиттон райсой æмæ бафæзмой Æлборты чызджы.

Мадзалы рæстæджы 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта се скъолайы 6-æм къласы ахуырдзау Джиоты Арсены сгуыхтдзинæдтимæ, равдыста йын йæ бирæнымæц майдантæ, кубоктæ æмæ кады грамотæтæ. Æвзонг лæппу архайы боксæй, уый ныридæгæн хайад райста Уæрæсейы, Цæгат Каваказы, Ирыстоны уагдцæуæг алыгъуызон ерысты æмæ алыхатт дæр бацахсы призон бынæттæ.

Мадзалы организатортæн бузныджы ныхæстæ загъта ХИПУ-йы ахуыргæнæг Хуыгаты Заирæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  абон ацы  мадзалы цы ахуырдзаутæ истой хайад, уыдонмæ кæсгæйæ, зæгъæн ис, Ирыстонæн хорз фидæн кæй ис, ирон æвзагæн фесæфынæй тас кæй нæу, уый. Ныййарджыты номæй та арфæйы ныхæстæ загъта фазæттæ Зæгъойты Григори æмæ Георгийы мад Тадтаты Алинæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмя библиотекæйы кусджытæн афтæ зæрдæбынæй сын сæ сывæллæтимæ кæй кусынц, уый тыххæй. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Сылгоймæгты дунеон боны цытæн библиоекæйы кусджытæ кæй бацæттæ кодтой сæрмагонд стенд. Мадзалы рæстæджы экраныл æвдыст цыдысты Ирыстоны зынгæ сылгоймæгты нывтæ.

Мадзалы кæрон сывæллæттæ акафыдысты вальс.  Æвзæнгты библиотекæйы кусджытæ ахуыргæнинæгты суазæг кодтой адджинæгтæй.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.