Фæстаг рæстæджы нæ мадæлон ирон æвзаджы рæзтмæ уæлдай хъусдард здæхт цæуы, куыд не ‘взонг республикæйы къухдариуæгады, ирон æвзаджы специалистты, афтæ, зæрдæйæ йæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл чи риссы, уыдоны ‘рдыгæй дæр. Хицауады æмвæзадыл райст æрцыд сæрмагонд бирææмгъуыдон программæ ирон æвзаджы рæзты фæдыл. Ацы программæйы ис къорд комлексон мадзалы. Æвзагыл æппынæдзух хъуамæ куыст цæуа æмæ се ‘взаг хъуамæ хъахъхъæной алы нацийы минæвæрттæ дæр. Науæд афтæ куынæ уа, уæд æвзаг фесæфы. Алы æвзагæн дæр ис йæхи ратæдзæнтæ, йæхи истори, йæхи рæсугъддзинад. Куыд ивгъуыд æнусты, афтæ ныр дæр Ирыстоны ис ахæм гоймæгтæ, кæцытæ сæ цард æнæхъæнæй дæр сбастой сæ мадæлон æвзагимæ. Ирон æвзагмæ æгæрон уарзондзинад æмæ аудындзинад æвдисгæйæ, уыдонæй бирæтæ рацыдысты стыр ахуыргæндтæ æвзагзонынады. Уыцы адæймæгты лæггæдтæ Ирыстоны раз сты æгæрон, ирон адæмæн сты æцæг хæзнайы хуызæн.

Бузныг зæгъын мæ фæнды профессор Битарты Зояйæн, ирон æвзаджы рæзтыл зæрдæбынæй кæй архайы, уый тыххæй. Стæй ма уый тыххæй дæр, æмæ 1982 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты куы ахуыр кодтон, уæд нын ахæм цымыдисон лекцитæ каст æмæ уæлдай тынгдæр уæд бауарзтон мæ мадæлон æвзаг, цæрæнбонтæм мын арф тæлмæнтæ  ныууагътой мæ зæрдæйыл йæ лекцитæ.

Æз кусын райдиан кълæсты   ахуыргæнæгæй нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 26 азы. Иумиагæй та ахуыргæнæджы куыст кæнын 35 азы бæрц. Уыцы азты дæргъы архайдтон сывæллæттæн сæ мадæлон æвзаг уарзын кæныныл. Æртæ азы та кусын полилингвалон кълæсты. Ацы кълæсты кусгæйæ, уæлдай хъусдард здæхтон ирон æвзагмæ, æппынæдзух мадæлон æвзагыл уагътам алыгъуызон интегративон мадзæлттæ, æмæ-иу сывæллæттæ ирон æвзагыл уæлдай хуыздæр куы сдзуапп кодтой, уый-иу мæ зæрдæйæн уыд тынг æхсызгон. Ирон æвзагыл ауагътам гом урок математикæйæ æмæ алфæмбылай дунейæ дæр. Арæх нæм гом уроктæм æрбацæуынц горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады минæвæрттæ. РХИ-йы Ахуырады æмæ зонады министрады минæвæрттæ нын ауадзынц, тестирование кæй хонынц, уый, æмæ афтæмæй сбæрæг кæнынц ахуыргæнæджы зонындзинæдтæ.

Нæ къæсæрыл æрбалæууыд ног, 2017 аз æмæ уый цытæн дæр бацæттæ кодтам ногазон мадзал, цыран фылдæр уыдзысты ирон кæфтытæ, зарджытæ, æмдзæвгæтæ. Иудзырдæй, архайæм, цæмæй нæ хъомылгæнинæгты цайдагъ кæнæм сæ мадæлон æвзагыл дзурыныл. Мæ хъомылгæнинæгты куы афæрсын, зæгъын, уæ ныййарджытæ рафыстой æмæ кæсынц ирон газет «Хурзæрин» æмæ мын æвæрццаг дзуапп куы раттынц, уæд райгондæй баззайын. Æз мæхæдæг æрвылаз дæр рафыссын газет «Хурзæрин».

Фæнды мæ раарфæ кæнын не ‘мбæстæгтæн Ног азы цытæн. Уадз, фарны аз фæуæд алкæмæн дæр. Уадз, нæ сывæллæттæ хъомыл кæнæнт сабыр арвы бын, нæ рагфыдæлты диссаджы хорз æгъдæуттæ хъахъхъæнгæйæ.

Мæргъиты Иринæ,

6-æм астæуккаг скъолайы райдиан

 кълæсты ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.