Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, сылгоймагимæ кæй ис абарæн… Сылгоймаг у хуры тынтау рухс, рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ амонд хæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд æвидигæ тых ис уыцы дзырдты… Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймæгты бардуагмæ – Мады-мæйрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц ыл сæ хъæбулты.

Сылгоймаг. Иунæг дзырд у, фæлæ бирæнысаниуæгджын. Цал фыссæджы фыстой, фыссынц æмæ ноджыдæр фысдзысты сылгоймаджы тыххæй, йæ уæззау хъысмæтыл, йæ царды æнтыстытыл, цал поэты снывæзтой се ‘мдзæвгæтæ сылгоймаджы уарзтыл, йæ рæсугъд æнкъарæнтыл. Иууыл хуыздæр зарджыты фæзарынц зарæггæнджытæ мадыл. Кæуылты сылгоймаг-мад уыд Къостайы «Сидзæргæс», уæззау хъысмæты хицау йе ‘ххормаг сабиты сабыр кодта ныфсытæй, кæнæ Коцойты Арсены «Азау æмæ Таймураз»-ы хъайтар Азау цæвиттойнаг у йæ иузæрдион уарзтæй.

Цыфæнды зын уавæры дæр ирон сылгоймаг йæ уæздан ном хъуамæ макуы фæчъизи кæна, йæ сæрмæ æгаддзинад хъуамæ макуы æрхæсса æмæ йæ кæстæрты дæр хъуамæ ахуыр кæна ирон æгъдауыл æмæ кадыл.

Цард æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны сабыр æмæ фæлмæн зарæг, фæндыры кæлæнгæнæг дуне, нæлгоймаджы кадавар цæссыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы уæззау рыст… Æрмæстдæр Сылгоймаджы зæрдæйы уыдис уыдонæн райгуырæн.

Адæймаджы зæрдæмæ иууыл æввахсдæр мад у. Цыдæриддæр нæм хорзæй ис, æппæт уыдон райстам мадæй. Мах нæ тыхст, нæ рынчыны рæстæджы  мад æрсабыр кæны. Иууыл хæрзаддæр дзул мады конд у, иууыл фæлмæндæр мады къухтæ сты.

Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Æфсины армæй сой тæдзы», зæгъгæ. Сылгоймаг цард рæсугъдгæнæг, къонайы фарн тауæг у, æрмæст йæ иу фезмæлд æмæ мидбылхудт дæр адæймагæн ныфс æмæ хъару дæттынц цыфæнды зын рæстæджы дæр.

Сылгоймаджы бафхæрын нæ фыдæлтæм нымад уыд стыр фыдракæндыл, æмæ йын хастой карз тæрхон. Ǽмæ уый дзурæг у, нæ фыдæлтæ сылгоймагæн стыр аргъ, æгъдау кæй кодтой, ууыл.

Ирон æхсæнады сылгоймагæн уыд стыр кад æмæ намыс. Тынг бæрзонд уыд æвæрд хæдзары бинонты ‘хсæн æфсины бынат. Бæхджын размæ-иу сылгоймаг куы фæци, уæд-иу æнæмæнг хъуамæ йæ бæхæй æрхызтаид æмæ салам раттаид. Уæдæ сылгоймæгтæ лæгты рæзты фæцæйцæуой – уыдон иу сын сыстадысты. Сылгоймæгтæн сæ хистæр арфæ ракодтаид, æмæ-иу сын загъта: «Сбадут, уæ хорзæхæй». Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи сты, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыууæ нæлгойма-джы хыл кæнынц, æмæ сылгоймæгтæй исчи се ‘хсæн йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу æвæстиатæй сæ хыл фæуагътой, сæ кæрдтæ-иу кæрддзæмтты сæвæрдтой, афтæмæй.

Раздæры заманты уынаффæйы бар уыд æрмæстдæр нæлгоймæгтæн. Бинонты ‘хсæн нæлгоймаг уыд хæдзары хицау, æмæ йын сылгоймаг йæ ныхас кæддæриддæр æххæст кодта, фæстæмæ йæм нæ дзырдта. Уæлдайдæр та адæмы ‘хсæн. Уымæн æмæ уымæй уый фегад кодтаид йæхи дæр, йæ сæры хицауы (йæ лæджы), йæ бинонты дæр. Зондджын сылгоймаг кæмдæриддæр йæ лæджы кад бæрзонддæр кæныныл архайы, уæд уыимæ йæхæдæг дæр кадджындæр кæны. Сылгоймаг Ныхасмæ нæ цыд æмæ лæгтимæ уынаффæ нæ кодта. Нæ цыд кувæндæттæй бирæтæм дæр. Цæвиттон, рагзаманты нæ адæммæ нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы хæстæ уыдысты хицæн, æмхæццæ нæ кодтой. Хъыгагæн, абон иуæй-иутæй уый  ферох, æмæ бирæ бинонты ‘хсæн бæрæг нал вæййы, усæй лæгæй чи у «лæгдæр», уый.

Чызджыты хъомыл кодтой уæздан æмæ хиуылхæцæгæй, сылгоймаджы миниуджытæй æххæстæй. Къæйных ныхасгæнæг, æдзæсгом лæгой  чызгæн адæмы ‘хсæн кад нæ уыд. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыд. Уæдæ стыр æгаддзинадыл нымад уыд, чызг лæппуты ‘рдæм æгæр куы кастаид, уый дæр. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтæм нæ цыдысты. Кæд-иу æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл фем-бæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд – хорз. Исчи чызгмæ йæ æнгуылдзæй дæр бавнæлдта – додой кодтаид йæ сæр. Уымæн æмæ ахæм цау æгаддзинад хаста æгас мыггагæн дæр. Лæппутæ æмæ чызджытæ æдæрсгæ æмбæлдысты кæрæдзийыл æрмæст-дæр иунæг бынаты – хъазты. Куывдты æмæ чындзæхсæвты лæппутæ ерысæй æвдыстой сæ арæхстдзинад, се ‘гъдау. Æмæ-иу кæд зæрдæмæ чи цæуы, уыцы чызгимæ къухы бафтыд акафын, уæд хæрдмæ дæ худ æппар. Уымæй уæлдай симды уыдис гæнæн чызджы цонгыл хæцгæйæ кафын.

Ныры цард бирæ ивддзинæдтæ бахаста кæстæрты ахастытæм. Раздæр уæвæн кæмæн нæ уыд, ахæм хъуыддæгтæ ныр æрвылбонон систы. Фæлæ ма абон дæр лæппутæн сæ фылдæр, бинонты хъуыддаг бакæныны афон куы æрцæуы, уæд фæкæсынц рог æмæ къæйных чызджытæм нæ, фæлæ нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы аргъ цæмæн кодтой, уыцы миниуджытæй æххæст æфсармдзаст æмæ уæздан чызджытæм.

Раздæр стыр бинонты ‘хсæн сылгоймæгтæ (æфсин, чызджытæ, чындзытæ – хистæрæй кæстæрæй, æххæст кодтой, æрмæстдæр сæм цы куыстытæ хауд, уыдон: хæринаг кæнын, сывæллæттæм зилын, æфснайын æмæ афтæ дарддæр. Сылгоймаджы хъуыддæгты йæ «фындз чи тъыссы», ахæм нæлгоймаг тынг йæхи фæхудинаг кодтаид, худинаджы амæттаг, зарæггаг фæуыдаид. Уыцы æгъдаумæ гæсгæ, ирон лæг йæ сывæллæтты нæ рæвдыдта, суанг сæм къухæй дæр не ‘внæлдта, уæлдайдæр та хистæры раз. Цымыдисаг у ахæм хабар. Раджы заманы, хистæримæ ныхас кæнгæйæ æрыгон лæг бафиппайдта, йæ чысыл фырт, зæххыл быргæйæ мæнæ-мæнæ уæлхæдзарæй дæлæмæ ахаудзæн. Уæд йæ ныхас дарддæр кæнгæйæ, лæг аивæй сывæллоны хæдоныл йæ къахæй ныллæууыд, æмæ йыл афтæ хæцыд, цалынмæ йæ мад фæзынд, уæдмæ. Йæ хъæбулы аирвæзын кæныны охыл дæр ирон лæг нæ ахызт æгъдауы сæрты, нæ йæ систа йæ къухмæ  хистæры æфсæрмæй.

Куыд нæ хъуамæ æрымысæм мах абон Ирыстоны хæствæллад æмæ рыстзæрдæ мадæлты рухс ном?!. Цал æмæ цал ныййарæджы скодтой  саутæ? Цал æмæ цал мадæн нал ‘рыздæхт йæ фырт хæсты быдырæй? О, ныййарæг мад, куыд фидар æмæ фæразон разындтæ! Хъæбулы сæфтæн, дам, арс дæр нæ фæразы, – фæзæгъынц. Фæлæ ирон Мад бафæрæзта, арсæй тыхджындæр разынд.

Хъыгагæн, абон дæр дудынц хæсты хъæдгæмттæ, абон дæр зæххыл цæуы хæстытæ, алыхуызон фыдбылызтæ. Абон дæр нæ сур кæнынц мадæлты цæссыгтæ… Æмæ хæсты фæмард кадимæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау дæ хъæбул, – уымæн ис бамбарæн!.. Фæлæ цæй æмæ кæй тыххæй аскъуыд Беслæны мадæлты зæрдиæгты рæзгæ цард? Куыд баурома уыцы маст ныййарæг? Куыд цæра дарддæр уыцы мад, цалдæр рæзгæ уды кæмæй фæхъуыд уыцы сау фæззыгон бон?! Фæлæ Мад фæразон у, Мад арсæй тыхджындæр у, æмæ та стыр хъæбатырдзинад æмæ æгъдау равдыста ам дæр ирон Мад!

Уæдæ Хуыцау зæххыл цы рæсугъд дидинæг сфæлдыста, уыдонæй иу у сылгоймаг. Уый у къонайы фарн æмæ царддæттæг, æна, мад, хо æмæ чызг.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.