Электроэнергийæ нæ горæты цæрджытæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæй цæуынц, уый ахсджиаг хъуыддаг у. Æнæ электроэнерги æмæ æрдзон газæй куыд зын цæрæн у, стæй сæ фæзынд та цас æхцондзинад æрхæссы адæймагæн, уый махæй алчидæр бавзæрста. Ныр ма стæм хатт зымæгон, стыр митуарды аххосæй цыбыр рæстæгмæ куы фæхицæн вæййы æмæ æнæрухсæй куы аззайæм, уæд стыхсæм. Цæмæй афтæ мауал уа, уый тыххæй та нæм ацы хъуыддаджы дæр Стыр Уæрæсе йæ къух фæдаргъ кодта.

Хуссар Ирыстонæн рахицæн æрцыд 25 мегаваты газо-турбинон генератор. Ацы хъуыддаг стыр æхсызгон уыд цæрджытæн. Æцæгæйдæр уый цæстуарзон æххуыс уыдзæн нæ адæмæн. Ахæм генератор стыр ахъаз уыдзæнис уæлвæткон уавæрты рæстæджы, куыд электроэнергийы альтернативон гуырæн, афтæ. Махæй алчидæр хорз æмбары, æнæ рухс, æнæ газæй ныры дуджы адæймагæн йæ цард цардыл банымайæн дæр кæй нæй. Фæлæ, хъыгагæн, алчи не ‘мбары, ныры дуджы, уæлдайдæр та базарадон ахастыты дуджы, алы товары аргъ дæр фидгæйæ кæй у. Уæлдайдæр та уыцы товар дæхæдæг куынæ уадзай, æддæрдыгæй йæ куы исай, уæд. Ацы хъуыддаг, хъыгагæн, нæ горæты цæрджытæй бирæтæ не ‘мбарынц, кæнæ та сæ нæ фæнды бамбарын, электроэнерги æмæ газы аргъ дæр фидгæйæ кæй у. Уыдон нæ республикæ кæны æлхæнгæ, нæхи уавæрты нæ бон нæу нæхи сифтонг кæнын ацы хæрзиуджытæй. Уымæ гæсгæ алкæйы хæс дæр у, цæмæй фида цы бахардз кæны, уымæн йæ аргъ. Ахæмтæ та бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ сæ хæрдзтæ дæр сбирæ вæййынц, ахизынц милуантæй æмæ паддзахады бар-æнæбары бахъæуы, уыцы хæрдзтæ бюджеты фæрæзтæй бамбæрзын. Афтæ куынæ уаид, уæд уыцы æхцайы фæрæзтæ зынгæ ахъаз уаиккой нæ республикæйы цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн.

Ацы фарст ахсджиаг кæй у, уый тыхсын кæны «Энергоресурс  Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæгады дæр æмæ исынц мадзæлттæ, цæмæй чи нæ фиды, уыдоны нымæц къаддæр кæна.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.