СÆМБÆЛДЫСТЫ ЙЫЛ РУЧЪЫ ТЪУНЕЛЫ РАХИЗÆНЫ

17 декабры Хуссар Ирыстонмæ официалон балцы æрцыд Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечник. Луганскы делегацийыл цытджын æгъдауæй сæмбæлдысты Ручъы тъунелы рахизæны РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Олег, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг æмæ этнографион къорд.

Делегацийы сконды уыдысты Луганскы Адæмон Советы сæрдар Денис Мирошниченко, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Владислав Дейнего, Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Владимир Чернев.

 

СÆВÆРДТОЙ ДИДИНДЖЫТÆ

Луганскы Адæмон Республикæйы делегаци, йæ сæргъ Леонид Пасечник, нæ Республикæйы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланимæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой нæ горæты 5-æм скъолайы кæрты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвджыты номыл мемориалон цырты раз.

 

ФЕМБÆЛД ЦЫТДЖЫН УАВÆРЫ

18 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли горæт Цхинвалы цытджын уавæры фембæлд Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечникыл. Театралон фæзуаты нæ Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады Цытджын хъарагъул рæнхълæудæй сæмбæлдысты цытджын уазæгыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечникимæ азылдысты Цытджын хъарагъулыл. Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Леонид Пасечникæн загъта æгасцуай.

Дыууæ республикæйы паддзахадон гимн-ты зæлты айзæлыны фæстæ, уæлæмæ схæцыдысты паддзахадон тырысатыл.

Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы бæстæты сæргълæуджыты раз РХИ-йы Хъахъхъæнынады Цытджын хъарагъул рацыдысты цытджын маршæй.

Уый фæстæ дыууæ паддзахады сæргълæуджытæ официалон æгъдауæй базонгæ сты дыууæ республикæйы хицауады æмæ делегацийы уæнгты скондимæ.

 

ФЕМБÆЛД БÆРЗОНД ÆМВÆЗАДЫЛ

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечникы. Фембæлды рæстæджы дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ æрдзырдтой дыууæ бæстæйы æмахастыты фарстытыл. Фыццаджыдæр, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Луганскы Адæмон Республикæйы æвзæрстытæ кæд уагъд цыдысты тынг æн-дыгъд уавæрты, уæддæр адæм, зындзинæд-тæм нæ кæсгæйæ, сæ равзæрст сарæзтой.

«Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты паддзахадон хæдбардзинад банымайгæйæ мах нæ хъуыдыйы дардтам, адæмæн кæй ис сæхи хæдуагæвæрды бар. Афтæ ма мах зонгæ уыдыстæм уæ паддзахадон программæимæ, кæцы комкоммæдæр арæзт у Уæрæсейы Федерацийы ‘рдæм, æмæ уыцы тырнындзинад сымахимæ иумæйаг у нæ республикæйы адæмæн дæр», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ рады Леонид Пасечник бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстонмæ йæ фæхуынды æмæ йæ хорз кæй райстой, уый тыххæй.

«Хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ сты сæрыстыр сæ бæрзонд хæхтау, кæцыты ‘хсæн ис Хуссар Ирыстоны зæхх. Луганскы паддзахадон хæдбардзинад фыццаг чи банымадта, уый уыд уæ бæстæ, æмæ уын уый тыххæй стыр бузныг. Нæ адæмтæн бирæ цыдæртæ ис иумиаг æмæ дарддæр дæр араздзыстæм афтæ, цæмæй нæ бæстæты, нæ адæмты ‘хсæн тыхджындæр кæна æмгуыстад æмæ хæлардзинад», – загъта Леонид Пасечник.

Официалон фембæлды фæстæ дыууæ республикæйы сæргълæуджытæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Леонид Пасечник Бибылты Анатолийы схорзæхджын кодта Луганскы паддзахады бæрзонд хорзæх – «Хæлардзинады орден»-æй. Леонид Пасечник куыд загъта, афтæмæй ацы хорзæх у фыццаг, уымæн æмæ нын, зæгъгæ, нæ бæстæйы хæдбардзинад фыццаг банымадтат сымах.

 

РАУÆРÆХГОНД ФЕМБÆЛД

Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргъ-лæууæджы балцы фæлгæтты хицауады хæдзары залы РХИ-йы къухдариуæгад фем-бæлд ЛАР-йы делегацийы уæнгтыл. Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, Президенты уынаффæгæнджытæ Коцты Къоста æмæ Гæззаты Давид.

Фембæлды райдиан Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, нæ разы æрæвæргæ хæстæ æмæ бадзырдтæ сæххæст кæндзыс-тæм нæ республикæты хæрзиуæгæн.

«Ныфс мæ ис Хуссар Ирыстон, Луганскы Адæмон Республикæйы паддзахадон хæд-бардзинад банымайыны хъуыддаджы иннæ паддзахадтæн кæй уыдзæнис бафæзминаг. Ацы процесс у æнæрлæугæ. Йæ рæстæджы махæн дæр дзырдтой, зæгъгæ, нын нæ паддзахады хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы фæстæ ничиуал банымайдзæн, фæлæ уый афтæ нæ рауад. Куыд зонут, афтæмæй нын нæ паддзахадон хæдбардзинад банымадтой цалдæр паддзахады, ацы аз та – Сириаг Арабаг Республикæ. Хуссар Ирыстоны интерестæ цы дунеон фæзуæттыл хъахъхъæд цæуынц, уым мах æппæтдæр араздзыстæм, цæмæй размæ цæуой æмæ хъахъ-хъæд цæуой Луганскы Адæмон Республикæйы интерестæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый ма загъта, зæгъгæ, Луганскы Адæмон Республикæйы æмбæстæгтæ сты куыстуарзон æмæ уымæ гæсгæ сæ къухты бафтдзæн, сæ разы æрæвæргæ хæстæ аскъуыддзаг кæнын.

Леонид Пасечник ноджыдæр бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн, кæцы йæ рæстæджы равдыста стыр гуманон ахаст ацы бæстæмæ æмæ йын, зындзинæдтæм æнæ кæсгæйæ, банымадта йæ паддзахадон хæдбардзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иууыл ахсджиагдæр хъуыддагыл нымайы дыууæ республикæйы адæмы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, цæмæй алы æмбæстагæн дæр уа царды хорз фадæттæ.

«Ис бирæ фарстатæ, кæцытыл хъæуы æруынаффæ кæнын. Æрбаиу кæнын хъæуы нæ тыхтæ иу нысанмæ цæугæйæ. Мах но-джыдæр хъуамæ æрбангом уæм, цæмæй нæ къухты бафта æмæ нæ дунейы банымайой. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ оппонентты хъуа-мæ рамбулæм зондæй, цæмæй равдисæм не ‘хсæнады иумиаг эффективон хъуыдыкæнынад», – банысан кодта Леонид Пасечник.

 

ФЕМБÆЛДЫ ФÆСТИУДЖЫТЫЛ ДЗУРГÆЙÆ

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæгимæ бадзырдтытæн фæстиуджытæ аразгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы республикæ цæмæй иумæ размæ цæуой, уый тыххæй сын ис æххæст æмбарындзинад.

«Мах фембæлды рæстæджы банысан кодтам ахæм къахдзæфтæ, кæцыты руаджы нæ паддзахадты æмахастытæ алы здæхты дæр æмбæлон æмвæзадыл уагъд цæудзысты. Хуссар Ирыстонæн Луганскы бæстæимæ ис тынг хорз ахастытæ, кæцыты руаджы нæ республикæты экономикон, социалон æмæ политикон фадгуыты фæлгæтты æмархайд уæрæх кæндзыстæм. Æппæт ацы фарстатыл дзырд цæудзæн, нæ къухтæ æхсæнпад-дзахадон сразыдзинадыл куы ‘рфыстæуа, уæд», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, экономикон рæзты фадыджы цы фарстатæ сæвзæра, уыдоныл уынаффæ цæудзæн РХИ-йы экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади æмæ Экономикон фарстыты фæдыл Луганскы бæстæйы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Владимир Черневы фембæлды рæстæджы.

Луганскы Адæмон республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечник куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ дыууæ республикæйы ‘хсæн ис бирæ æмархайды фæндæгтæ.

«Абоны фембæлды рæстæджы бирæ ахсджиаг фарстатыл дзырд цыд. Уыдонæй иууыл сæйрагдæр у, дыууæ бæстæйы адæмты царды уавæртæ фæхуыздæр кæ-нын. Уый тыххæй мах бакуыстам стратегион здæхты бæрæг фæндæгтыл, цæмæй иумиагæй Хуссар Ирыстоны æмæ Луганскы бæстæты территоритыл цы уавæртæ ис, уыдонæй пайда æрцæуа эффективонæй», – дзырдта Леонид Пасечник.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн йæ ахсджиаг раныхасы фæдыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, фембæлды рæстæджы цы фарстатыл уынаффæ цыд, уыдон реализаци цæудзысты æввахс рæстæджы. Леонид Пасечник ма куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл ис иумиаг регистрацигонд уагдон. Уымæй зæгъæн ис, æмæ экономикон фарстатæ биноныг кæныныл куыст кæй цæуы.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ,

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.