Знон, 19 сентябры нæ республикæмæ æрцыд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов. Уый азылдис æмæ бабæрæг кодта  Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг  2015-2017 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты.

Лев Кузнецовимæ объекттыл азылдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

Лев Кузнецов цалынмæ горæтмæ не ‘рбацыд, уæдмæ уал бабæрæг кодта, горæтæн цæгатварсæрдыгæй цы медицинон-социалон центр арæзт цæуы, уый. Объект аразы хуссарирыстойнаг фирмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Мегаполис-Т».

Бæрæг куыд у, афтæмæй ам раздæр хъуамæ арæзт æрцыдаид рæуджыты низæн хосгæ-нæн диспансер, фæлæ нæ республикæйы Æнæниздзинады министрад сæ уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй ацы объект суа медицинон-социалон центр. Уырдæм раконд æрцæудзысты æвæгæсæг зæрæдтæ, уымæн æмæ ныртæккæ кæм сты, уыцы агъуыст ис аварион уавæры.

Лев Кузнецов бацымыдис кодта рæуджыты низæй хосгæнæн диспансеры дарддæры хъысмæтмæ. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги куыд загъта, афтæмæй уал уый уыдзæнис йæхи бынаты æмæ æрцæудзæнис капиталон цалцæг.

Уый фæстæ Лев Кузнецов бабæрæг кодта соматикон рынчындоны территорийыл арæзтцæуæг объектты. Бацыд æмæ федта гуырæн хæдзары ног бæстыхайы арæзтад æмæ бафиппайдта, иу азы размæ арæзт цы хъуамæ æрцыдаид, уымæн кæрон кæй нæма скодтой, уый. Уæрæсейаг уазæг æмæ йе ‘мбæлццæттæ бацыдысты арæзтцæуæг операцион-хирургион корпусмæ. Уый азылдис фыццаг æмæ дыккаг уæладзыджы хатæнтыл æмæ федта, арæзтадон куыстытæ гъæдджынæй арæзт кæй цæуынц, фæлæ бафиппайдта, куыстыты темптæ æгæр сабыргай кæй цæуынц, уый æмæ тас кæй у, эксплуатацимæ рæстæгыл лæвæрд куынæ æрцæуа, уымæй. Загъта, зæгъгæ, æппæт тыхтæй дæр сархайын хъæуы, цæмæй куыстытæ рæстæгыл баконд æрцæуой. Ацы объект та аразы арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ-Юг». Арæзтады къухдариуæггæнæг Коцты Олег куыд загъта, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр кæй фæуыдзысты банысангонд æмгъуыдтæм.

Лев Кузнецов ма базонгæ ис сывæллæттæн ног арæзт республикон реабилитацион рынчындоны куысты уавæртимæ. Уый федта, ам æппæт уавæртæ дæр кæй ис сывæллæттæн æмбæлон медицинон æххуыс бакæнынæн.

Арæзтцæуæг объекттыл зилгæйæ, бацыдысты ног университетон комплексы арæзтадмæ дæр. Объект аразы хуссарирыстойнаг фирмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Мегаполис – Т».

РХИ-йы Арæзтады министр куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ объекты кусынц 85 адæймаджы бæрц. Архайынц дзы техникæйы 6 иуæджы. Куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Культурон-хиирхæфсæн корпусы ныртæккæ ахорынц къултæ. Актон залы æвæрынц паркетон фæйнæджытæ. Бæстыхайы мидæгæй монтаж кæнынц ауындзгæ цырæгътæ. Тагъд темптæй æххæст цæуынц æддейæ куыстытæ дæр. Ам кусынц инженерон хызæгтæ уадзыныл, цоколы фæлындзынц керамикон плиткæйæ. Административон ахуыргæнæн корпусы та цæуынц фасадахорæн куыстытæ. Ам ма уæлдæр ахуырады агъоммæ цæттæгæнæн корпусы фыццаг уæладзыджы фæуд кæнынц къулты сæрдæн куыстытæ, æвæрд цæуынц мидæггагон дуæрттæ æмæ корпусæн йе ‘ддаг хуыз плиткæйæ фæлындзыны куыстытæ. Æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой рæстæгыл банысангонд æмгъуыдтæм.

Объекты генералон подрядгæнæг Джусойты Константин куыд загъта, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц гъæдджынæй, график хъахъхъæнгæйæ. Финанскæнынад у рæстæгыл, æнæкъуылымпыйæ.

Уæрæсейаг министр ма базонгæ, Инвестпрограммæмæ хаст æндæр объектты куыстытæ куыд цæуынц, уыдонимæ.

Знон ма Лев Кузнецов фембæлд Республикæйы Президент Бибылты Анатолиимæ. Уый фæстæ та ауагътой министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фарстыты фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.