«Ленингоры поселочы цы иумæйагахуырадон скъола ис, уый дæр 5-æм сентябры цытджын æгъдауæй сæмбæлд йæ ахуыргæнинæгтыл. Скъолайы ис 85 скъоладзауы. Ацы аз скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт бахызт 8 фыццагкъласоны», – хъусын кæны Ленингоры районы администрацийы пресс-службæ.

Ахуырдзаутæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Илларион.

Бæрæгбон æнкъард кодта, цалдæр боны размæ Ленингоры районы цы трагикон цау æрцыд, уый – аварийы фæстиуæгæн фæмард скъолайы ахуыргæнинæгтæй сæ иу. Иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой уымæн йæ ном, афтæ ма Бесланы трагедийы амæттæгты æмæ Уæрæсейы сæрмагонд операцийы фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ.

Дарддæр цытджын мадзалы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметов. Уый ахуыргæнинæгтæн раарфæ кодта, фæдзæхста сын цæмæй уæндонæй къахдзæфтæ кæной размæ. Ма зивæг кæной ахуыркæнынмæ. Уымæн æмæ, зæгъгæ, æрмæстдæр афтæмæй бахаудзыстут «зонындзинæдты галуанмæ». Скъолайон азтæн та аргъ кæнут абон, уымæн æмæ уый фæстæ уæ царды иууыл рæсугъддæр тæлмæнтæ æмæ мысинæгтæ баст уыдзысты скъолайы азтимæ.

Ахуырдзаутæн æмæ ахуыргæнинæгтæн зæрдæбын арфæ ракодта Гæджиты Илларион дæр.

Скъолайы директор Битарты Лали мадзалы рæстæджы куыд фехъусын кодта, афтæмæй се скъола райста уæзгæ хуын. Уырыссаг гумманитарон миссийы руаджы уыдон æрбакодтой уырыссаг кълас. Кæцы ифтонг æрцыд æппæт литературæ æмæ цæстуынгæ æрмæджытæй. Скъолайы ахуыр кæнынц Арæнгæрон службæйы минæвæртты сывæллæттæ. Ныр уыдон æмæ ма иннæ ахуыргæнинæгтæ дæр ацы къласы фæрцы бирæ зонындзинæдтæ исдзысты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.