Хуыты африкæйаг йемынæ фæзынд Ленингоры районы дæр. «Раздæхæны хъæуы цы хуыты фермерон хæдзарад ис, уым ветеринарон хайады специалисттæ сбæрæг кодтой ацы вирусон инфекци. Рыны фæстиуæгæн абоны бон районы амард 29 хуыйы. Цæмæй иннæ хуытыл дæр ма апарахат уа тæссаг низ, уый тыххæй районы ветеринарон кусджытæ хъæутæм бахизæнты сæвæрдтой  сæрмагонд барьертæ, кæцытыл цæугæйæ машинæты цæлхытæ   æрцæуынц дезинфекци. Ветеринарон кусджытæ низ кæм фæзынд, уым, цæрджытæн ауагътой инструктаж. Хъæууон администрациты сæргълæуджытæ фæдзæхст æрцыдысты, цæмæй адæмæн æмбарын кæной, уæрмыты  кæй хъæуы ныгæнын хуыты, уымæн æмæ низæн ис æмбæхст формæ. Хатт хуыты хицæуттæм афтæ фæкæсы, ома, чизоны исты хуызы аивæрзой сæ фос. Фæлæ уыцы низæй ивæрзæн нæй. Чи дзы аивæрзы, уый та нал сæндидзы. Раздæр азты дæр ахæм фæдзæхстытæ æмæ амындтытæ африкæйаг йемынæйы тыххæй истой хъæууон цæрджытæ, фæлæ бирæтæ уыцы амындтытæ мурмæ дæр нæ æрдарынц», – загъта районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжелæ.

Хуыты африкæйаг йемынæйы фæзынд Паддзахадон æдасдзинады комитет бæдты, АИШ-æн сыхаг гуырдзиаг территорийыл цы биологон лаборатори ис, уый архайдимæ. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы лаборатори арæзт æрцыд адæмы хæрзиуæгæн, æцæгæй та у адæймаджы ныхмæ  биологон хæцæнгарз. Сусæггаг нæу Америкæйаг Иугонд Штатты хæстон проекттæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы Гуырдзыстоны республикæ фæстæ кæй нæ лæууы. Уымæ гæсгæ 2006 азы Гуырдзыстоны, Гуры Лугарайы донмæ хæстæг арæзт æрцыд биологон лаборатори. Официалонæй регистрацигонд у Америкæйы æфсæддон структурæтыл. Ацы лабораторийы цыдæриддæр арæзт цæуы, уый у Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты ныхмæ æмæ ма Гуырдзыстоны адæмы æнæниздзинады ныхмæ дæр. Уæдæ æндæр куыд æмбарæн ис рæстæгæй-рæстæгмæ нæ республикæйы территорийыл   фосыл цы хæцгæ тæссаг низтæ фæзыны, уый. Æрвылаз дæр Гуырдзыстоны арæнмæ хæстæг хъæуты ставдкъах фос æмæ хуытæ кæй амæлынц. Дыууæ азы размæ та æвдисæн уыдыстæм Дзауы районы Карзманы хъæуы хъулон æхсынкъы фæзындæн, кæцы цыбыр рæстæгмæ скуынæг кодта халсæртты. Уый размæ азты та ацы уырынгон фæзынд Абхазы республикæйы, Краснодары крайы районты. Куыд рабарæг, афтæмæй уæд дæр хъулон æхсынкъ нæ республикæмæ æрбафтыд сыхаг хъæу Переуæй, кæцы ис Карзманы арæнмæ хæстæг. Хъулон æхсынкъ практикон æгъдауæй сафы алы хъæууон хæдзарадон продукци дæр. Ацы уырынгон нымад цæуы фермерæн иууыл стырдæр знагыл. Хъулон æхсынкъ æмæ ма африкæйаг йемынæ скуынæг кæныны тыххæй Паддзахады æдасдзинады комитет сиды хъæууон хæдзарадтæм, цæмæй æххæст кæной ветеринарон службæты амындтытæ.

 

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.