Адæймаджы царды хатт æрцæуы ахæм чысыл цыдæр цау, кæцы йын сбæлвырд кæны йæ дарддæры хъысмæт, йæ цардвæндаг. Ахæм цау æрцыдис Тъехты Петры  царды дæр æвзонг лæппуйæ æмæ йæ абон дæр, йе стай азы сæрты кæсгæйæ, нæ рох кæны, æхцон мысинагæй йæ арæх æрымысы. Уыцы цау та уыд ахæм: иу ахæмы нæ горæты театры бæстыхайы фæрсты куы фæцæйцыд, уæд йæ хъустыл ауадысты ирон музыкæйы зæлтæ. Лæппу сцыбыл æмæ йæхи сивæзта рудзынгмæ, бакаст мидæмæ æмæ уыцы музыкæмæ федта кафджыты кафгæ. Бирæ сæм фæкаст Петр. Цалынмæ кафт нæ фесты, уæдмæ. Æмæ арф йæ зæрдæйы ныххауд дæсны кафджыты аив кафт. Бафæндыд æй, цæмæй уый дæр се ‘хсæн фестадаид, фæлæ уыдон уыдысты лæппуйы æнæхин сæнттæ – Петр æмæ кафджыты ‘хсæн уыдис къул, кæцыйæн аиуварсгæнæн нæ уыд, се ‘хсæн уыдысты театры дуæрттæ, кæцытæ йын гом нæ уыдысты. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, лæппу йæхицæн сбæлвырд кодта, йæ бынат уыцы кафджыты ‘хсæн кæй уыдзæн, кафты аивады фæндагыл ын цйæугæ кæй у. Уымæй дæр иунæгæй нæ – уыцы фæндагыл сæмбæлдзæн йæ фидæны цардæмбалыл дæр æмæ йыл иумæ цæудзысты зындзинæдтæ æмæ уыимæ кафтаивады бæрзæндтæ сæтгæйæ.

Фæлæ уал алцыдæр – фæдфæдыл.

Петр Цхинвалы районы Уæллаг Черейы хъæуы райгуырд, ам хъомыл кодта йæ мадызæнæгимæ. Хъомыл та кодтой æнæ фыдæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд сын æм æрсидтысты æмæ йæ райдианы æбæрæгæй фесæфт. Петр куыд зæгъы, афтæмæй йæ къамы дæр никуы федта.

Лæппу ахуырмæ цыд Ксуисы скъоламæ. Каст æй куы фæцис, уæд бинонтæ цæрынмæ ралыгъдысты Цхинвалмæ, Мамысанты  сыхмæ æмæ уæд æрцыдис, уæлдæр цы цауы кой скодтам, уый. Зæгъын хъæуы уый æмæ кафынмæ хорз кæй арæхст сабибонтæй фæстæмæ, гуырдзæй кæй рахаста уымæ уарзондзинад æмæ кафæг суæвын кæй аскъуыддзаг кодта, уымæн уыдис бындур – æууæндыд йæхиуыл, йæ арæхстдзинадыл. Фæлæ Хуссар Ирыстоны сæйраг ансамбль – зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» уайтагъд нæ байгом кодта йæ дуæрттæ Петры раз. Æмæ уал кафын райдыдта Цхинвалы Культурæйы хæдзары. Дыууæ азы та ахуыр кодта Тбилисы хореографион ахуыргæнæндоны.

Тъехты Петры сфæлдыстадон царды фыццаг ахсджиаг цау ссис Гуырдзыстоны хæдархайгæ къордты республикон олимпиадæйы хайад райсын. Уый Хъотайты Кларæимæ – уыцы Кларæимæ, кæцы фæстæдæр суыдзæнис йæ цардæмбал – хъуамæ акафыдаид ирон уæздан «Æнæнкъуысгæ кафт». Цæттæ та сæ кодта зынгæ балетмейстер Саулохты Мельс. Æмæ Тбилисмæ, олимпиадæмæ ацæугæйæ, æрыгон чызг æмæ лæппуйы аив кафтыл сæ цæст æрæвæрдтой сценæмæкæсджытæ, кафты аивады дæснытæ. Хорзæхджын æрцыдысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Фæлæ сæйраг уый нæ уыд – сæйраг уыд, ацы кафты Петр сæрæй кæронмæ кæй акафыд йæ къахфындзтыл. Ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы диссаджы кафт кæй ис Цæгат Кавказы æмæ Фæскавказы зындгонд ансамблты репертуары. Кафыдысты йæ Латаврæ Почиани æмæ Тенгиз Сухишвили, Ингæ Тавзадзе æмæ Хуыбиаты Отар, Хъесаты Замирæ æмæ Калоты Земфирæ, Плиты Нодар æмæ æндæртæ. Фæлæ йæ фыццаг Петр райдыдта кафын къахфындзтыл, уымæй йæ айстой æндæр кафджытæ дæр. кафт та ахæссы 3,5 минуты. Ацы кафт уыдонæн ссис се сфæлдыстадон фæндагыл сæйраг кафт.

Петры 1960 азы райдианы айстой зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-мæ æмæ сæххæст йе стыр бæллиц. Афæдз фæстæдæр та, астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ, ацы ансамблмæ кусынмæ райстой, кафты аивадимæ лæппуйы зæрдæйы бынат чи ссардта, уыцы рæсугъд, гуырвидыц чызг Хъотайты Кларæйы дæр æмæ афтæмæй сæ кæрæдзимæ уарзондзинад цыренæй цырендæр кодта. Фæлæ сæ рæстæгмæ бахъуыд кæрæдзийæ фæхицæн уæвын. Петрмæ æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Уæдмæ та чызджы бинонтæм барвыста хатджытæ, райстой разыйы ныхас æмæ афтæмæй ацыд йе ‘фсæддон æххæст кæнынмæ. Æмæ кæд йæ фидæны цардæмбал æмæ йæ ансамблæй дæр фæиппæрд, уæддæр кафаг лæппу йæ кафынæй нæ фæиппæрд – айстой йæ æфсæддон ансамблмæ æмæ уым æвдыста йæ арæхстдзинад.

Цалынмæ Петр æфсадæй здæхт, уæдмæ Кларæ та æнувыдæй куыста йæхиуыл. Йæ дæсны кафты тыххæй йын бабæрн кодтой кафт «Суадоны цур». Æххæст та йæ кодта номдзыд кафæг Гаглойты Хазби æмæ Битеты Умаримæ æмæ иттæг хорз сарæхст кафты ирон сылгоймаджы фæлгондз саразынмæ.

Кларæ азербайджанаг чызджы фæлгондз та сарæзта кафт «Машти-Бады уарзондзинад»-ы  æмæ тайыл сценæмæкæсджытæ сæмбæлдысты зæрдиагæй. Уый фæдыл газет «Советская культура» 1964 азы 10 январы, ансамбль гастролты Мæскуыйы куы уыд, уæд фыста: «Нæ сцене Кремлевского театра с творческими отчетами перед москвичами выступили гости – Государственный ансамбль народного танца Юго-Осетии «Симд», где особый успех выпал на долю солистов ансамбля Клары Котаевой, Владимира Чибирова и Хазби Гаглоева, которые мастерски исполняли азербайджанский шуточный танец «Влюбленный Машти-Бад».

Бирæ хорз, ныхæстæ загъдæуыд уыцы рæстæджы советон прессæйы æрыгон кафæджы тыххæй. Æмæ уыдон æнæбындур нæ уыдысты. Кларæ хызт иу æнтыстæй иннæмæй йæ курдиаты тыхы æмæ йæ куыстуарзондзинады руаджы. Иу ахæмы та Цæгат Ирыстонæй кæфтыты æвæрынмæ æрхуыдтой зынгæ кафæг Торчынты Бек-Солтаны. Азауы кафт æвæргæйæ, Азауы фæлгондз саразын бабæрн кодта Кларæйæн, кафгæ та йæ кодта Гаглойты Хазбиимæ æмæ сын бантыст иттæг хорз æй сæххæст кæнын.

Кларæйæн ма йе сфæлдыстадон фæндаджы райдианы йæ курдиат æмæ куыстуарзондзинадæй дарддæр «атылд» иу хъуыддаджы. Сæрысуангæй  йын кæфтытæ амонæг уыд номдзыд балейтместер Саулохты Мельс æмæ «Симд»-ы та кафыд ахæм зындгонд кафджытимæ, куыд Гаглойты Хазби, Цыбырты Владимир æмæ æндæртимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон дæр ахъаз кодтой йæ курдиат райхалынæн.

Æмæ райхæлд йæ курдиат. Фæстæдæр дзы нæ номдзыд композитор Хæбæлаты Зинæ Сылгоймæгты дунеон боны цытæн газет «Советон Ирыстон»-ы («Хурзæрин»-ы) йæ уацы зæгъдзæн: «Кларæйы сценæмæкæсæг хорз зоны бирæ азты йæ арæхстджын кафтæй. Уый фæстаг 15 азы æнæсцухæй кусы ансамбль «Симд»-ы. йæ арæхстджын уæнгты айстæй йæхимæ æркæсын кодта нæ бæстæйы бирæ горæттæ æмæ хъæуты сценæмæкæсджыты». Хæбæлаты чызг йæ уацы ракодта, ирон национ аивады рæзтмæ уæзгæдæр бавæрд чи хæссы, уыцы ирон сылгоймæгты кой æмæ се ‘хсæн уыдис Кларæ дæр.

Царды размæ тырнæг чызг фæстæ нæ лæууыд æхсæнадон хъуыддæгты дæр. Ууыл дзурæг у уый дæр æмæ 1965 азы æвзæрст кæй æрцыдис адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны областон Советы депутатæй.

Уæдмæ, æнтысгæйæ баслужбæ кæныны фæстæ, Тъехты Петр æрæздæхт æмæ баздæхт йæ уарзон ансамблмæ кусынмæ. Стыр райгондæй йыл сæмбæлдысты ансамблы артисттæ, йæ разамынад. Цы загъдæуа Кларæйæ та? Алцыдæр æмбæрстгонд æмæ скъуыддзаг уыд. Рацыд чысыл рæстæг æмæ дыууæ æрыгон адæймаджы – дыууæ курдиатджын кафæджы сæ цард баиу кодтой.

Ныр сценæйыл иумæ кæй кафыдысты, æнæфæхицæнгæнгæ кæй уыдысты, уый фаг нал уыд æмæ сæ царды фæндæгты дæр баиу кодтой. Алыгъуызон хъуыдытæ ис, дыууæ цардæмбалæн сæ куыст дæр иу уа, уый фæдыл. Фæлæ Петя æмæ Кларæмæ ахасты фидарæй зæгъæн ис куыст æмæ бинонты цард кæрæдзийы кæй баххæст кодтой. Сæ фыццаг фембæлдæй, иумæ сæ фыццаг кафтæй фæстæмæ дыууæ æрыгон адæймаджы зæрдæты цы рæсугъд æнкъарæнтæ ссыгъдысты, уыдон сæ разæнгард кодтой рæсугъд аивады бæрзæндтæм. Петр абон дæр æхсызгонæйæрымысы, райдианы уарзон чызг, стæй та цардæмбал Кларæ йемæ куы кафыд, уæд ыл уæлтæмæнад базыртæ куыд сагъта, æгас дунейы йæ къухты куыд æнхъæлдта. Петр абон дæр басæтты, Кларæмæ уарзондзинад ын тыхтæ куыд лæвæрдта, фæллад куыд нæ зыдта.

Сфæлдыстадон кусæджы, уæлдайдæр та артисты цард зын у. Гастролтæ йæ иппæрд кæнынц бинонты цардæй. Æмæ ма дæ цардæмбал дæр уыцы куыст куы кæна, стæй сын сывæллон куы фæзына, йæ фæстæ дыккаг, æртыккаг? Цардæмбæлттæй иу куы уа артист, гастролты куы уа – иннæ фæкæсдзæн хæдзармæ, сывæллæттæм, фæлæ Петр æмæ Кларæйæн иумæ æнæцæугæ нæ уыд куыстмæ, гастролты. Æмæ æрыгон ныййарджытæ зындзинæдтæ æвзæрстой, сæ сывæллæтты-иу хъуыд кæйдæр æвджид ныууадзын. Гастролты та уæд арæх цæуын хъуыдис. Цыдысты Цæгат Ирыстонмæ, цыдысты уæды Советон Цæдисы алы рæттæм, цыдысты фæсарæйнаг бæстæтæм. Цыдысты мæй – дыууæ мæйы æмгъуыдтæм. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр æмæ Кларæйæн ацæуæн нæ уыд гастролты, хъуыддаг-иу уæды областы разамынады онг дæр ахæццæ æмæ-иу сарæзтой афтæ, цæмæй ацыдаид. «Уыдис ахæм цау дæр, – æрымысы ныр Кларæ, – æмæ фарастæм мæйы æнхъæлцау уыдтæн фыццаг сывæллонæй, афтæмæй уыдыстæм гастролты. Куы раздæхтыстæм, уымæй дыууæ къуырийы фæстæдæр мын райгуырд чызг».

Афтæ дыууæ стъалы, дыууæ цардæмбалы царды уæз хастой иумæ, бинонты хъармдзинад хъахъхъæнгæйæ æмæ се стыр аивадæн табугæнджытæн æхцондзинад хæсгæйæ.

Кларæ æмæ Петры сфæлдыстадыл зын у хицæнтæй дзурын æмæ уый сæр хъæугæ дæр нæ кæны. Цæуылнæ, уый та бæлвырд у – сæ цард куыд иу у, афтæ се сфæлдыстадон фæндаг дæр. Уыцы сфæлдыстадон фæндаг, кæцы ирон хореографийы арвыл тæмæнтæ скалдта Æрфæны фæдау æмæ йын йæ рухс абон дæр сæ зæрдæты хæссынц, сценæмæ сын сæ аивадмæ чи каст, уыдон.

Ивгъуыд æнусы 80-æм азты Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг ГССР аивæдты сгуыхт архайæг Битеты Павел ацы дыууæ кафæджы тыххæй йæ уацы фыста: «Сæ репертуар стыр æмæ алыгъуызон у, сæ дыууæ дæр сты бирæфарсон характеры кафджытæ. Иугъуызон сæ къухты æфты уæзгæ, къласикон, лирикон æмæ худæг кæфтытæ æххæст. Ансамбль «Симд»-ы ссæдз азы дæргъы Кларæ æмæ Петр сценæйыл кафты бирæ хуызæгтæ фенын кодтой. Уыдоны ‘хсæн сты лирикон «Фембæлд», «Азау», «Суадоны цур», авайраг рог кафт, азербайджанаг худæг кафт «Уарзæгой Миштабад», «Картули», «Гопак», «Фæсивæдон» æмæ бирæ æндæртæ».

Битейы фырт дарддæр фыста: «Ирон кафты аивады Тъехты Петр æмæ Хъотайты Кларæ наууагътой сæхи оригиналон фæды, уый зыны æрфæны фæдау æмæ æнусон, æнæбын арвы – адæмы зæрдæйы никуы свидийдзæн. Уыдон национ хореографийы рæзты цы сыгъзæрин сыф ныффыстой, уый фæлдахдзысты æмæ йыл ахуыр кæндзысты кæстæр фæлтæртæ».

Нæ хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæндзысты, ивгъуыд æнусы 60-80-æм азты æрвылкъуырисæр нæ уарзон ансамбль «Симд» куыд лæвæрдта концерт æмæ алы хатт дæр зал сценæмæкæсджытæй йедзаг куыд уыдис. Æмæ сын уæлдай æхцондзинад чи хаста, уыцы артистты ‘хсæн уыдысты Кларæ æмæ Петя дæр. Сæ диссаджы аив кафтæй æлхæдтой сценæмæкæсджыты зæрдæтæ æмæ сын уыдон та дзуаппæн дæргъвæтин къухæмдзæгъд лæвар кодтой. Цал æмæ цал хатты уыд, фæстæмæ-иу сæ сценæмæ куы рахуыдтой æмæ-иу сын уыцы иу номыры ног æмæ ногæй куы сæххæст кæнын кодтой.

Æмдзæгъд сын кодтой æрмæст нæ горæты сценæмæкæсджытæ нæ. Æмдзæгъд сын кодтой нæ районты хъæууон цæрджытæ, сæ аив кафтыл сын дис кодтой Цæгат Ирыстоны, Тбилисы, Мæскуыйы, Ленинграды, Астæуккаг Азийы, Дард Скæсæны, Сахалины сакъадахы, Украинæйы, Белоруссийы горæтты, Архангельскы, Воркутæйы… Кафыдысты Кипры, Германы Адæмон Демократон Республикæйы, Иорданийы, æндæр фæсарæйнаг бæстæты сценæмæкæсджыты раз æмæ алы хатт дæр сæ райгуырæн Ирыстонмæ здæхтысты стыр æнтыстимæ. Афтæмæй номдзыд «Симд»-ы кадмæ æфтыдтой кад.

Бæрзонд аивадмæ фæндаг лæгъз, æнцонцæуæн никуы уыд, цахæмфæнды курдиатджын ма уай, уæддæр. Бирæ тых æмæ фыдæбон домы. Кларæ æмæ Петя дæр нæ æвгъау кодтой сæхи, нæ ауæрстой сæхиуыл дæсны, фæлтæрд кафджытæ суæвгæйæ дæр. Алы концертмæ дæр сæхи цæттæ кодтой репетициты, хъуыды кодтой иу кæнæ иннæ кафт куыд хуыздæр сæххæстгæнæн уыдзæн адæмы размæ йæ куыд хуыздæр уыдзæн, рахæссæн æмæ афтæмæй фæрсæй фæрсмæ цыдысты уыцы зын фæндагыл.

Кларæ æмæ Петры иу фæхуыдтой æмæ сæ æрдхæрæны аивад рæгъмæ хастой раздæры Цæдисы уагъдцæуæг алыгъуызон ахсджиаг, егъау мадзæлтты дæр. Цæвиттон, уыдон 1971 азы иумæ хайад истой СЦКП XXV съезды цытæн концерты Мæскуыйы, Съездты галуаны. 1982 азы та Советон Цæдисы сырæзтыл 60 азы сæххæсты цытæн Мæскуыйы, Адæмон Хæдзарады Æнтыстыты Равдысты цы концерт  ауагъдæуыд, уым сæ чызг Мадинæ æмæ сæ фырт Дзамболатимæ иттæг аив сæххæст кодтой сæ сæйрагдæр кафт «Æнæнкъуысгæ кафт». Уый тыххæй кафæг цардæмбæлтты схорзæхджын кодтой Советон Цæдисы Адæмон Хæдзарады Æнтыстыты Равдысты майдантæ æмæ дипломтæй. Арæх хайад истой Тбилисы дæр алыгъуызон мадзæлтты. Иу æмæ сæ дыууæ хатты не ‘вдыстой цæдисон æмæ республикон телеуынынады.

Кларæ æмæ Петрæн сæ цард, се сфæлдыстадон архайд куыд иумæ уыд, афтæ иумæ, иу рæстæджы истой алыгъуызон хорзæхтæ æмæ кадджын нæмттæ дæр. Цæвиттон, 1978 азы сын лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артистты нæмттæ. 2000 азы хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй. Афтæ – бирæ æндæр хорзæхтæ дæр. Уый та дзурæг у, сæ курдиаты тых, хъомыс æмхуызон кæй уыд, сæ зæрдæты  цæхæр ирон кафты аивадæн иумæ кæй хæлар кодтой æмæ сценæмæкæсджытæн дæр æмхуызон уарзон кæй уыдысты.

Азтæ, цæйау фæзæгъынц, дугъон бæхæй хъауджыдæр не сты. Згъорынц кæрæдзийы фæстæ æмæ æрбалæууыд уыцы рæстæг дæр, сæ уарзон ансамблæн сæ хæрзбон зæгъынц куы бахъуыд. Уый уыд 1983 азы. Хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæнынц, нæ горæты улæфæн парчы цы Концертон зал уыдис, уый. Бирæ адæм дзы цыдис. Уыцы аз 14 майы ацы залы адæмæй къухбакæнæн нæ уыд. Уыдон æрцыдысты Хъотайты Кларæ æмæ Тъехты Петры сфæлдыстадон изæрмæ æмæ уыимæ уыдоны сценæйæ афæндараст кæнынмæ. Уыцы сценæйæ, кæцыйыл фæкафыдысты æмæ аивады бæрзæндтæм хызтысты 20 азæй фылдæр. Адæм сæ уарзон артистты алы ралæуды фæстæ дæр  кодтой дæргъвæтин къухæмдзæгъд æмæ уымæй æвдыстой сæ хъыг дæр æмæ сæ цин дæр. Хъыг – хæрзбон сын кæй зæгънц, цин та – уал азы сын æхцондзинад кæй хастой сæ аивадæй.

Ацыдысты сценæйæ кафæг цардæмбæлттæ, фæлæ дард – нæ. Кæд ыл сæхæдæг кафгæ нал кодтой, уæддæр ныр та куыстой, цæмæй сценæйæн цæттæ кодтаиккой дæсны кафджытæ. Уыцы аз сæ фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститутмæ (ныры университетмæ), цæмæй дзы сарæзтаиккой адæмон кафты ансамбль. Æмæ йæ сарæзтой. Рахуыдтой йæ «Фат». Ансамблæн уыд стыр æнтыстытæ. Гастролты цыд куыд Советон Цæдисы æндæр æмæ æндæр рæттæм, афтæ фæсарæнтæм дæр. Уыдысты Итали æмæ Польшæйы, уыимæ хайад истой алыгъуызон олимпиадæты, фестивалты. Куыстой Цхинвалы скъола-интернаты дæр, фæлæ уæдмæ æрбалæууыдысты ивгъуыд æнусы 90-æм азты змæст рæстæджытæ æмæ Кларæ æмæ Петяйы бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ ацæуын. Æхсæз азы фæкуыстой Мызуры поселочы клубы аивадон разамонджытæй, дæс азы та Алагиры Сывæллæтты сфæлдыстадо галуаны балейтместертæй. Куыстой Ногиры Культурæйы хæдзары дæр балетмейстертæй. Кæмфæнды ма куыстаиккой æмæ цардаиккой Кларæ æмæ Петр – алыран дæр сын уыд æмæ ис хорз кад. Уыцы кад та бакуыстой сæ бæрзонд аивадæй, адæммæ сæ хорз ахастæй.

Абон Кларæ æмæ Петр кусгæ нал кæнынц – азтæ сæхион кæнынц. Кларæйыл ацы бонты сæххæст 75 азы, Петрыл та 2 марты сæххæст уыдзæн 80 азы. Æмæ кæд кафгæ нал кæнынц, кафын нал амонынц, уæддæр сæ зæрдæтæ иууыл кафтимæ дзурынц. Арæх сæ фæхонынц цины хъуыддæгтæм æмæ та уæд æркафынц адæмы раз, æхцондзинад сын æрхæсгæйæ.

Цыбыртæй ахæм у дыууæ номдзыд адæймаджы сфæлдыстады æмæ царды иу фæндаг æмæ сын нæ цæст уарзы, ахæм рæстæджы юбиляртæн цы ныхæстæ фæдзурынц, уыдон иууылдæр. Ут æнæниз, æнæмаст, уæ æртæ кæстæры, уыдоны кæстæрты хурæй æфсæст ут æмæ уæ курдиатæн æнувыд табугæнджыты фæндиаг дæр ут.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.