Ног азы размæ ПТРК «Ир» цы акци «Фонтан желаний» сарæзта, уый адарддæр кодта йæ куыст.

Цхинвалы интернаты 16 аздзыд хъомылгæнинаг Хъазиты Реваз Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы номæй райста, рагæй кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы лæвар.

Лæппу йæ низы аххосæгтæм гæсгæ Цхинвалы кæй нæ уыд, уый тыххæй йын нæ фæци йæ лæвар райсыны фадат. Фæлæ уæддæр лæвар йæ хицауы ссардта.

Реваз райста спортивон костюм уырыссаг симво-ликæимæ.

Пухаты Эрик раарфæ кодта æвзонг лæппуйæн загъта йын æнæниздзинад æмæ бирæ æнтыстыты фæндиæгтæ куыд царды, афтæ спорты фадыджы дæр.

«Æз æй зонын, ды кæй цæуыс хъæбысхæсты секцимæ. Мæ цæст дын уарзы æнтыстытæ æмæ стыр уæлахизтæ. Фæндвидар, куыст уарзаг куы уай æмæ дæ ныфс куы уа, уæд уыдзынæ æнтыстджын»,- загъта Пухаты Эрик.

Реваз зæрдæрайæ бузныг загъта Хицауады Сæр-дарæн æмæ ныфс бавæрдта йæ амындтытæ йын иууылдæр кæй сæххæст кæндзæн.

Цхинвалы интернаты директор Тедеты Роланд куыд банысан кодта, афтæмæй йæ хъомылгæнинагæн ис сереьзон плæнттæ, æмæ кæд ныхас радта, уæд æй сæххæст кæндзæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.