ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 80 АЗЫ

Фыссӕг хъуамӕ ӕргомзӕрдӕ уа. Ӕмӕ уӕд йӕ курдиат ӕмӕ йе сфӕлдыстад дӕр ӕргом уыдзысты адӕмӕн. Аивадон уацмыс хъуамӕ зӕрдӕйы тугдадзинтӕй гуыра. Иу кӕнӕ иннӕ фыссӕг гӕнӕн ис ӕмӕ зона литературон ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ цас фӕцӕрдзысты ахӕм бындурыл амад рӕнхъытӕ дзыллӕйы зӕрдӕ, адӕмы хъуыдӕг ӕмӕ сфӕлдыстадон процессы? Рӕстӕджы дӕрддзӕфы тыгъдады нӕ сӕфынц, зӕрдӕйӕ чи цӕуы ӕмӕ аивадон ныхасмӕ фӕлхасы цӕстӕй чи нӕ кӕсы, ӕрмӕстдӕр ахӕм фысджыты сфӕлдыстад.

Гъе, уымӕ гӕсгӕ цард ӕмӕ литературӕйы арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ иу фыссӕгыл – ахуыргондыл ӕууӕндӕм, иннӕуыл та – нӕ! Цӕмӕн, куы бафӕрсат, уӕд уымӕн, ӕмӕ сӕ адӕймаджы зӕрдӕ нӕ исы. Ӕнӕ сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕй нӕй бамбарӕн литературӕ, аивад ӕмӕ рӕстӕг. Фыссӕг хъуамӕ ӕнкъара ӕмӕ фӕраза хъуыды кӕнын ӕмӕ ныхасмӕ хъусын. Фыссӕг цы ӕнкъара, ууыл хъуамӕ хъуыды кӕна, хъуыды кӕуыл кӕна, ууыл та фысгӕ кӕна. Дзырдаивады дӕсны ӕргом зӕрдӕйӕ куы фӕфыссы, уӕд йӕ хъуыды ӕмӕ йе ‘нкъарӕнтӕ баиу вӕййынц уӕлтӕмӕнады бӕрзонд айнӕгыл. Ӕмӕ адӕмӕн рухс хӕссын райдайынц.

Бӕрзонд аивад — литературӕ — ӕрдзон хуызы фыссӕджы риуӕй — нӕ зӕрдӕмӕ куы рахизы ӕмӕ дзы куы ӕрцӕры, уӕд нын йемӕ ӕрбахӕссы ӕхцонад ӕмӕ ӕнцонад. Ӕмӕ уайтагъд бамбарӕм, поэт нӕ фидӕнмӕ, бӕрзонд ранмӕ кӕй хоны, уый. Кӕддӕр йӕ рӕстӕджы схъӕластӕу софисттӕ ныууырдыг сты Сократмӕ ӕмӕ йӕ фӕрсынц: «Ды, мӕнӕ, ныр цы дӕ? Хуымӕтӕджы цардӕй дӕ бонтӕ тоныс. Фӕлӕ-ма кӕс, махмӕ фӕсивӕд куыд тынг хъусынц, уымӕ!». Сӕ уайдзӕфтӕн сын разагъды лӕг уайтагъд цытджын дзуапп ссардта: «Ай-ай дӕр, сымах сын сӕ къухтыл ныххӕцыдыстут ӕмӕ сӕ хохы бынмӕ ласут. Бынмӕ цӕуынмӕ та стыр зонд нӕ хъӕуы. Ӕз та сӕ мӕ фӕстӕ бӕрзонд ранмӕ хонын». Ӕцӕг фыссӕг йӕ адӕмы размӕ, бӕрзонд ранмӕ, фидӕнмӕ фӕхоны. Ӕмӕ йӕ хаттӕй-хатт дзыллӕтӕ уымӕн нӕ фембарынц. Дзырдаивады дӕсны рӕстӕджы домӕнтӕй иуварс куы ацӕуы, ӕмӕ царды цыбӕлтӕй йӕхицӕн хотых куы саразы, уӕд аивады арӕнтӕм фӕндаг ферох кӕны. Нӕ ирон фысджытӕй бирӕты нӕмттыл адӕм сахуыр сты: харбыз, картоф ӕмӕ нартхоры хуызӕн, уыдонмӕ та, мӕгуыр сӕ бон, афтӕ кӕсы, ӕмӕ зындгонд лӕгтӕ сты. Ӕцӕг фыссӕг хъуамӕ йӕ размӕ ӕхца ӕмӕ аслам кад ма уына, фӕлӕ дзыллӕйы раз ӕнусон хӕс: йӕ цӕсгом, йе сфӕлдисӕг адӕмы раз  хъуамӕ уа сыгъдӕг.

Поэзи

Джыккайы-фырты аивадон сфӕлдыстады ирддӕр миниуджытӕй иу у йӕ поэтикон, драмон, зонадон ӕмӕ прозаикон уацмысты мидисамад. Уым уырнинаг ӕмӕ ирдӕй раргом вӕййынц йӕ удварн ӕмӕ йӕ уд-змӕлды сӕйраг фӕзилӕнтӕ, аивадон мадзӕлттӕ ӕмӕ нывӕфтыд сагъӕстӕ. Уыдон бӕрӕг дарынц фӕлгонцады арвгӕрӕттӕй. Уый фӕрцы дзуапп дӕттынц сӕ мидуавӕры ӕцӕгдзинад ӕмӕ уӕвынады рӕстдзинадӕн. Ӕмӕ иугӕр йӕ сурӕт (поэтикон, драмон, прозаикон, зонадон, критикон, публицистон) бахаудта фыссӕджы сфӕлдыстадон фӕлгӕтты, уӕд фӕлыстгонд ӕрцӕуы сӕрӕй – къӕхтӕм, цӕстыты айдӕнӕй — зӕрдӕйы тугдадзинтӕм. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ХХ-ӕм ӕнусы ӕвдайӕм-нӕуӕдзӕм азты ирон литературӕйы уый хуызӕн никӕй бон бацис адӕймаджы монцтӕй — ӕхсӕрдзӕнты донбакӕлӕнтӕ саразын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон ӕнцонӕй нӕ ауайынц чиныгкӕсӕджы цӕстытыл — хъӕуы сӕ дыккаг, ӕртыккаг хатт бакӕсын. Ӕмӕ уӕд, мигъты чъылдымӕй — хӕхты бӕрзӕндтӕ куыд æрбазынынц, афтӕ сӕхи равдисынц поэты сфӕлдыстадон мӕсгуытӕ. Разынынц бындуронӕй, дӕргъӕццон ӕмӕ къӕдзӕхамадӕй.

Шамилы монон мӕсгуытӕй иу у йе ‘рдзон мадӕлон ӕвзаг. Фыссӕджы уацмысты ӕвзаг у фӕзминаг ӕмӕ табуйаг. Йӕ алы дзырд дӕр вӕййы йӕ бынаты: къӕйдуры хуызӕн — рӕнхъӕвӕрды, зарӕджы хуызӕн — мыразӕлды, цыкурайы хуызӕн — фӕрдыгирды, цъитийы хуызӕн — сатӕгхӕссӕгӕй. Поэты ныхас ссис ирондзинады уазнысан, национ химбарынады хъыбыллӕ, нӕ дуджы сӕрыстырдзинад. Шамилы зырнӕйзылд уацмыстӕ кӕсгӕйӕ, адӕймаджы цымыдис бахауы рухс ӕмӕ аууон, арт ӕмӕ дон, арвнӕрд ӕмӕ сабырады ‘хсӕн цы ӕнусон тох цӕуы, уымӕн йӕ цӕхæры. Ӕмӕ рæстдзинады уацары куы бахауы, уӕд ын фыссӕджы базырджын фӕлгонц йӕ цонгыл рахӕцы — рухсмӕ, хурыскастмӕ, сабырадмӕ. Ӕрмӕст, цы уавӕрӕй фервӕзӕм, уый немӕ баззайы хъахъхъӕнӕгау, ирвӕзынгӕнӕгау, уӕл-монцгӕнӕгау. Уый фӕстӕ свӕййы нӕ уд-варны куывд, зӕрдӕ ӕмӕ зонды зарӕг, сагъӕс ӕмӕ уарзты цин.

Джыккайы фырты дыккаг мӕсыг у ирондзинад. Нырыккон Иры уӕзӕгыл кӕд исчи иронӕй райгуырд ӕмӕ йын хъӕбулӕй схъомыл, уӕд уыдонӕй иу у нӕ адӕмон поэт. Йӕ куырыхон сфӕлдыстад, фыдӕлтыккон уартау хъахъхъӕны нӕ фыдӕлты зӕххыл ирондзинады сыгъдӕг сакъадахтӕ. Алырдыгӕй нӕм не знӕгтӕ лӕбурынтӕ куы систой, уӕд кӕд искӕй дзырд барджынӕй райхъуыст, уӕд уый уыд «Хъодыгонд зӕды» авторы ныстуан-ныхас. Уымӕн ӕмӕ Шамил рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр уарзы национ уазнысантӕй хъуыды кӕнын. Хорз ӕмӕ фыд, хӕст ӕмӕ фидыд, хур ӕмӕ аууон, хъӕр ӕмӕ ӕмыр  сты йӕ монон фыдӕлты фӕдзӕхсты ратӕдзӕн бындуртӕ. Ахӕм барӕнӕй каст цӕуы фыссӕджы дзырдаивады мидӕг уӕвынады цаутӕм. Джыккайы фырты национ химбарынадӕн ис ӕртӕ гуырӕны: Иры райдиан, абон ӕмӕ фидӕн, Иры дӕргъ ӕмӕ уӕрх, Иры дзыхъхъы арф ӕмӕ бӕрзӕнд. Уыдоны фӕрцы ӕрыгонӕй-ӕрыгондӕр кӕны йӕ рӕнхъӕвӕрды астӕумагъз, уыдоны фӕрцы номдзыд автор ӕрдзон ӕмӕ ӕрвон хуызы ӕрцахсы Иры удылхӕцӕг фӕндагамонӕг стъалыты рухс.

Поэты ӕртыккаг мӕсыг у ӕгъдау. Ӕмӕ уымӕн ис йӕхи ӕмбарынад: фыдыбӕстӕм нывгӕнӕджы ӕцӕг ахастдзинад сбӕрӕг вӕййы ӕрмӕстдӕр национ ӕгъдӕутты фӕрцы. Фӕлӕ Шамилы сфӕлдыстадон уагӕвӕрдты уазнысан уӕрӕхдӕр, арфдӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр ӕвдисӕн у. Уымӕн нӕдӕр искуыцӕй райсӕн ис, нӕдӕр ын балхӕнӕн ис. Ӕгъдау — адӕмы зӕрдӕ ӕмӕ зонды иудзинад у. Фыссӕгмӕ национ ӕгъдӕутты ӕнкъарынад куы нӕ уа, уӕд йӕ тухитӕ хӕрз дзӕгъӕлы сты. Алы ӕцӕг фыссӕгӕн дӕр йе ‘гъдау йӕ разӕй цӕуы. Чи зоны, гъе, уымӕн, цыфӕнды дзыллӕйӕн дӕр йӕ лӕгӕвзарӕн сахат куы ралӕууы, уӕд фыццаджы-фыццаг йе ‘ргом аздахы, зӕр-дӕдарӕн кӕуыл ис, уыцы сӕрхъызойтӕм. Раздзӕуӕгӕн та йе ‘гъдау ӕмӕ йе ‘фсарм йӕхимӕ куы нӕ вӕййынц, уӕд йӕ архайд ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕтӕджы ӕууӕлтӕ никуы райсынц. Шамилы бирӕвӕрсыг сфӕлдыстад йӕ уӕлӕ хӕссы ирон ӕгъдауы национ тӕваг, ӕмӕ уырдыгӕй гуырынц йӕ курдиатджын уацмысты хуыздӕр ӕууӕлтӕ.

Шамилы цыппӕрӕм мӕсыг у фарн. Ныхасы фарн поэты фарн у, аивадон ныхас та йӕ удварны фӕстиуӕг (йӕ хуыздӕр чингуытӕй дӕр иу Джыккайы фырт «Ныхасы фарн» хуымӕтӕджы не схуыдта). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иунӕг дзырдӕй дӕр ӕнӕхъуаджы пайда кӕнӕн нӕй. Уый та нысан кӕны ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг: фыццаг уал дзырд райсӕд хъуыдыйы уӕз, удӕгас тугдадзины бахауӕд, фӕлварӕн раттӕд, уый фӕстӕ уӕндонӕй бацагурӕд йӕ фарны бынат. Поэт йӕ хуыздӕр ӕмдзӕвгӕтӕй иуы хуымӕтӕджы нӕ сиды: «Дӕ дзырдтӕ уӕнт, бӕсты фарнау, бӕрзонд!». Ахӕм ныстуаны фӕстӕ Шамилы аивадон уацмыстӕ куы бакӕсӕм, уӕд бар-ӕнӕбары ӕрыхъусӕм йӕ развӕлгъау ныхасмӕ. Удварны фӕстӕ ныхасы фарны рад куы ралӕууы, уӕд нын нӕ цымыдис ныррухс кӕны фӕлгонцты зынг: аивад ӕмӕ нывгӕнӕджы ‘хсӕн цӕуы ӕнӕрлӕугӕ быцӕу. Уыцы тохы мидӕг фыццаг у дзуапписӕг, дыккаг та — дзуаппдӕттӕг. Сӕ ныхас куы фӕвӕййы, уӕд хъуыддӕгтӕ йӕхимӕ райсы Рӕстӕджы фарн. Ӕмӕ дзы алкӕйы дӕр сӕвӕры йӕ бынаты. «Рӕстӕджы стыр фӕлварӕн» (Бахтин) ӕнтыстджынӕй раттын чи бафӕрӕзта, уыцы бархъомыс поэтты номхыгъдмӕ уӕндонӕй ахӕссӕн ис Джыккайты Шамилы дӕр.

Нӕ адӕмон поэты фӕндзӕм мӕсыг у — Уарзт. Мӕсыгамайджытӕ та дзы сты нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг. Сӕ мӕсыгамад куы фӕвӕййынц, уӕд дзы иу фесты базыр, иннӕ та – хъис. Кӕрӕдзийыл куы аныдзӕвынц, уӕд райхъуысы зарӕджы зӕл. Ныхӕстӕ – нӕ, ӕрмӕстдӕр – фӕндырдзагъд! Ӕмӕ цалынмӕ адӕймаджы зӕрдӕ интимон ӕнкъарӕнтӕй байдзаг кӕны, уӕдмӕ йын удӕнцой нӕй. Гъе, ахӕм мидуавӕры райсы йӕ къухмӕ фыссӕн сис Джыккайты Шамил, уӕд урс гӕххӕттыл, урс сагъӕстау, — апырх вӕййынц йӕ мидуынӕры бӕллиццаг зӕлтӕ. Уӕлтӕмӕнады уысм поэты уарзты дунейӕн дӕрддзӕфтӕ ӕмӕ арӕнтӕ нӕй: тæх ӕмӕ цӕр, бӕлл ӕмӕ цу, фысс ӕмӕ рай! Афтӕ байгом вӕййы поэтӕн йӕ интимон лирикӕйы арвы дуар ӕмӕ нӕ размӕ рацӕуынц уарзон зӕрдӕтӕ, уазхъӕлӕстӕ ӕмӕ ӕлутон изӕртӕ.

Драмӕ

Шамилы йе сфӕлдыстадон агурӕнтӕ драматургимӕ куы ӕрбакодтой, уӕдӕй нырмӕ рацыд ӕртын фондз азӕй фылдӕр («Хъодыгонд зӕд» фыст ӕрцыдис 1975 азы — Х. Б.). Адӕмы историон хъуыдӕджы бирӕ ӕнӕкаст сыфтӕ ис ӕмӕ уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ иртасӕгмӕ канд азфысты айдӕнӕй нӕ, фӕлӕ дзырдаивады арвыронӕй дӕр. Джыккайы фыртӕн  йӕ фыццаг драмон къахдзӕфтӕй дӕр йӕ бон бацис рухсӕй йӕ ивгъуыды сусӕг сыфтӕй иу раргом кӕнын.  Фӕтӕг Борӕхан у «Хъодыгонд зӕд»-ы сӕйраг архайӕг. Авторæн йæ къухты ӕнтыстджынӕй бафтыд йӕ драмон хъайтары гуырдзон ӕмӕ дзыллон удварны рӕсугъддзинад равдисын. Уыцы фарны алдымбыдмӕ хаст ӕрцыдысты, адӕмы цин, хъыг, хъысмӕт, фӕтӕджы бӕллиц, ӕрдзы тызмӕг ахаст, рӕстӕджы сагъӕстӕ, дуджы рӕстдзинад, сӕрибар удыхъӕд, сӕрнывонд ӕмӕ рухс фынтӕ чи баиу кодта, ахӕм ӕууӕлтӕ. Вазыгджын у Шамилы драмон уацмыс, уымӕн ӕмӕ вазыгджын сты, кӕуыл дзуры, уыцы историон цаутӕ. Уымӕн театр — бӕрзонд хъуыдыхӕссӕг ӕмӕ дзыллӕйӕн лӕггад-гӕнӕг аивад у.

«Хъодыгонд зӕд» фыццаг хатт сценӕйыл ӕвӕрд ӕрцыдис ирон театры сценӕйыл 1980 азы. Уый уыдис курдиатджын актёр Дзиуаты Анатолийы фыццаг спектакль ӕмӕ фыццаг ӕнтыст. Режиссёр-ӕвӕрӕг тынг бацархайдта, цӕмӕй драмон уацмысы сӕйраг комулӕфт ма фесӕфа, уый тыххӕй. Спектаклыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой канд театрдзаутӕ нӕ, фӕлӕ сфӕлдыстадон кусджытӕ иууылдӕр. Архайдтой дзы, ирон национ театрӕн ном чи скодта, уыцы актёртӕ: Тӕбӕхсӕуты Бало, Сланты Къоста, Саламты Къола, Икъаты Мӕирбег, Туменаты Елене, Мерденты Юрӕ, Хъалӕгаты Федя, Хуырымты Уырызмӕг, Уататы Бибо, Тлаттаты Бексолтан, Бирӕгъты Къоста, Тӕбӕхсӕуты Зӕирӕ, Цӕргӕсаты Дзамбол, Суанты Хъазыбег, Гӕлӕуты Анатоли ӕмӕ иннӕтӕ. «Хъодыгонд зӕд»-ы сценикон амонд ма уый мидӕг уыдис, ӕмӕ дзы канд нӕ хуыздӕр актёртӕ нӕ архайдтой, фӕлӕ нӕ аивады иннӕ къабӕзты зындгонд минӕвӕрттӕ дӕр: нывгӕнӕг — Челӕхсаты Магрез, композитор — Гӕбӕраты Илья ӕмӕ балетмейстер — Къуымӕллӕггаты Бимболат. Спектаклыл куыстмӕ лӕмбынӕг цӕстӕнгас дардта театры аивадон разамонӕг Брытъиаты Зариффӕ. Дӕс азы фӕстӕ йӕ Дзиуаты Анатоли ногӕй сӕвӕрдта бӕхты театр «Нарты» сценӕйыл дӕр. Ӕмӕ та ног ӕнтыст! «Хъодыгонд зӕд»-ы спектаклӕй лӕвӕрд ӕрцыдис Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Уӕдӕ йӕ бындурыл цы фильм-спектакль систой, уый центрон телеуынынадӕй «ӕртӕ хатты ӕвдыст кӕй ӕрцыд», уыцы хабар дӕр йӕхӕдӕг йӕхиуыл дзурӕг у.

Джыккайты Шамилы дыккаг пьесе – драмӕ «Цомахъ» (йæ поэтикон вариант «Поэты зӕрдӕ») фыст ӕрцыдис 1984 азы – дыууӕ азы фӕстӕ ӕвӕрд ӕрцыдис Ирон театры сце-нӕйыл. Драмӕйы архайд цӕуы ХХ-ӕм ӕнусы райдиан (1905–1908) Дзӕуджыхъӕуы. Пьесӕйы сӕйраг хъайтар у Ирыстоны иузӕрдион хъӕбул, цытджын ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Гӕдиаты Цомахъ. Аргъуаны кусӕг Секъайы фырт йӕхицӕн динон фидӕн нӕ равзӕрста, фӕлӕ царды ӕхсидгӕ уылӕнтӕ. Драматург ын йӕ фыцгӕ зӕрдӕйы фӕйлауӕнтӕй раскъӕфта хицӕн уылӕн, ӕцӕг йӕ къухы бафтыд поэты курдиат, тохгӕнӕг революционер ӕмӕ адӕмы амондджын фидӕныл архайӕджы сурӕт равдисын. Къостайы зӕрдӕйы рагӕй уыдис ирон адӕмӕн мадӕлон ӕвзагыл газет уадзын, Фӕстаг азты йӕ уӕззау низ йӕ быны скодта ӕмӕ йӕ бӕллиц сӕххӕст кӕнын йӕ къухы нӕ бафтыд. Цомахъ ӕмӕ йӕ цӕдисон ӕмбӕлттӕ уыцы хъуыды хорз зыдтой ӕмӕ йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кодтой. Цытджын поэты фӕстаг бонӕй ӕртӕ мӕйы дӕр нӕ рацыд, афтӕ Иры дзыллӕйӕн фӕзынд сӕхи газет. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыдис. Нӕ разагъды лӕгтӕй алкӕмӕ дӕр уыдис йӕхи хъуыды газеты уагӕвӕрд ӕмӕ идейон ахасты фӕдыл. Фарны хъуыддагӕн уыдис цӕдисонтӕ дӕр ӕмӕ знӕгтӕ дӕр. Уыдоны халӕн куысты фӕрцы Цомахъ бахауы ахӕс-тонмӕ, чысыл фӕстӕдӕр та хаст ӕрцӕуы Сыбырмӕ.

Поэты дыккаг пьесӕ дӕр ӕвдыст ӕрцыд Ирон театры сценӕйыл. Режиссёр-ӕвӕрӕг Хуыгаты Геор спектаклмӕ ӕрбахуыдта Икъаты Мӕирбеджы, Мерденты Юрийы, Тлаттаты Бексолтаны, Гуыбиаты Хъазыбеджы, Рӕмонты Ритӕйы, нывгӕнӕг Дзӕхаты Зӕирӕйы, композитор Гӕбӕраты Ильяйы, балетмейстер Плиты Махары ӕмӕ иннӕты.

1990–1991-ӕм азты «фольклоры мотивтыл» Джыккайты Шамил ныффыста йӕ фыццаг комеди «Санаты Сем». Уый уыдис драматурджы ӕртыккаг фембӕлд ирон театрдзауимӕ. Ӕмӕ дарддӕры хабӕрттӕ куыд равдыстой, уымӕ гӕсгӕ ссис драматурджы ног сфӕлдыстадон ӕнтыст. Уӕвгӕ, ӕцӕг курдиатӕн жанры арӕнтӕ цӕлхдуртӕ никуы свӕййынц. Джыккайы фырт кӕд фыццаг абарста йе уӕхсчытыл комедиографы пӕлӕз, уӕддӕр ын рӕбинагдӕр уидӕгты онг банкъардта йӕ мидӕгъдӕутты уагӕвӕрд. Комедийы мидисамады авторы агайы иу вазыгджын хъуыды: адӕмы зӕрдӕйӕн йӕ монон ӕмӕ удварнон хъӕздыг ӕгъдӕуттӕ цыфӕнды уӕззау рӕстӕджы дӕр мынӕг нӕ кӕнынц. Уыцы хъуыды арф мидисджынӕй нывӕнды комедийы сӕйраг хъайтар Санаты Сем. Уымӕн йӕ цардӕрфыст дзыллӕйы хъуыдӕджы баззад адӕмон царды бӕрӕгбон, куырыхон суадон ӕмӕ уарзты зарӕгӕй. Сыгъдӕгзӕрдӕ, рӕсугъд, цыргъзонд, разагъды лӕг ӕмӕ дзырддзӕугӕ адӕймаг йе ‘мзӕххонты хъуыдӕджы баззад ӕнустӕм. Шамил дӕр ӕй ахӕмӕй кӕй ӕвдисы, уым ис йӕ драмон амонд.

1991-ӕм азы 8 майы Цӕгат Ирыстоны культурӕйы министрад, сфӕлдыстадон ӕмӕ зонадон интеллигенцийы ассоциаци «Ир» расидтысты Брытъиаты Елбыздыхъойы номыл драмон театрӕн хуыздӕр би-рӕактон пьесӕ ныффыссыны ӕргом конкурс. Афӕдзы фӕстӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ хыгъд куы ӕрцыдысты, уӕд жюрийы уӕнгтӕ фыццаг преми саккаг кодтой Джыккайты Ша-милӕн «Санаты Сем»-ы комедийы тыххӕй.

Куыд федтам, афтӕмӕй Джыккайты Шамил йе сфӕлдыстадон хъару бавзӕрста драмӕйы алы жанры дӕр («Хъодыгонд зӕд» — трагеди, «Цомахъ» — драмӕ, «Санаты Сем» — комеди) ӕмӕ дзы алы ран дӕр зыны йӕ хӕдбындур ӕрмдзӕф. Чиныгкӕсджыты, театрдзауты ӕмӕ иртасджыты тӕрхонмӕ хаст ӕрцыдысты ӕртӕ алыхуызон хъайтары (Борӕхан — Цомахъ — Сем). Уыдон ирон драматургимӕ семӕ ӕрбахастой ног комулӕфт ӕмӕ ныфсджын хъуыдытӕ. «Хъодыгонд зӕд», «Цомахъ» ӕмӕ «Санаты Сем», театрдзауты иумӕйаг хъуыдымӕ гӕсгӕ, бацыдысты Ирон театры хӕзнадонмӕ.

Прозӕ

Йӕ прозӕйы фыццаг чиныг «Арт ӕмӕ ӕртхутӕг»-мӕ Джыккайты Шамил ӕрӕм-бырд кодта 97 радзырды, новеллӕйы, очеркы. «Чысыл прозӕйы ӕмбырдгонд рауад цӕстахадгӕ — иу ӕмӕ ссӕдз мыхуырон сыфы, 363 фарсы, 97 уацмысы. Уыдоны мидӕг хорз зыны, цытджын прозаикон ӕрмдзӕф куыд рӕзы, прозӕйы жанры ӕмбарынад ӕм куыд райхъал, уый. Прозӕйы ахорӕнтӕн ӕндӕр ахаст, ӕндӕр сагъӕсы уаг, ӕндӕр рӕнхъӕвӕрд, мидис, ныхасыздӕхт ӕмӕ фӕлгонцад (сурӕтамад). Шамилы радзырдтӕй иутӕ хӕстӕгдӕр сты новеллӕмӕ, иннӕтӕ — очеркмӕ. Ӕнцон ссарӕн дзы у хи ӕрмдзӕф агурыны, хи фӕлтӕрӕнты фӕд. Афтӕ зӕгъӕн дӕр ис, ӕмӕ фыццаг хайы («Намыс») автор фыхӕй бахордта йӕ прозаикон хойраг, дыккаджы («цардфӕлварыны») — публицисты къӕбӕр, ӕртыккаджы («ӕфсиртӕ») — фольклористы удыхъӕд, цыппӕрӕмы («зонды чыргъӕд») — ахуыргонды зондахаст.

Поэзийӕ прозӕмӕ рахизын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Паустовскийы загъдау, тынг тӕссаг у, дӕ ногдзау бӕлӕгъ искӕйы прозӕйы стыр науы уылӕны бын куы фӕуа, уымӕй. Шамилы прозӕйы науӕн денджызы тыгъдады фесӕфынӕй тас нӕу, уымӕн ӕмӕ ленк кӕнынмӕ йӕхи рагӕй цӕттӕ кодта. Йӕ лирикон хъайтартӕ дӕр «денджызы был» схъомыл сты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕсастӕй тӕссаг нӕу. Алчи дӕр дзы радта цард ӕмӕ хъысмӕты фӕлварӕнтӕ. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ загътой кӕрӕдзийӕн (автор — хъайтар) фӕндараст, Фыссӕг баззад былгӕроны, фӕндагамонӕн – цырагъы бынмӕ, архайджытӕ — науы мидӕг,  денджызы хъӕбысы.

Шамил уырнинагӕй дарддӕр хӕссы йӕ таурӕгъгӕнӕджы хахх вазыгджын ӕмӕ хъӕлдзӕг хабӕртты фӕдыл. «Рудзынгӕй мидӕмӕ кӕсы Бонвӕрнон. Худы, тыбар-тыбур кӕны, цыма гудзиццытӕй хъазы, афтӕ. Миты хъӕпӕнӕй ӕхсӕвы сау зӕлдаг куыд фӕхицӕн уа, афтӕ ӕрыгон сылгоймаджы буарӕй фӕбырыд рог хъӕццул. Фӕзынд, стъалыты хуыз чи исы, хуримӕ ерыс чи кӕны, ахӕм фидауц. Цопаны чындз уыдта адджын ӕмӕ рӕсугъд фынтӕ. Ӕфсины ныхас йӕ хъустыл ауад, рӕвдз фестад, йӕ дарӕсы йӕхи атыгъта ӕмӕ фӕрсӕджы лӕуд ӕркодта йӕ хицауы раз» (5 ф.).

Ацы скъуыддзаг ист у чиныджы фыццаг радзырд «Цопаны чындз»-ӕй. Фӕлӕ ахӕм аив фыст бынӕттӕ ссарӕн ис иннӕ уацмысты дӕр. Ӕмӕ сӕ цас фылдӕр кӕсыс, уыйбӕрц сын ирддӕрӕй уыныс сӕ ныффыссӕджы, ног ӕууӕлтӕ ӕмӕ фӕлхатгӕнӕн миниуджытӕ. Ӕнӕивгӕйӕ баззайы ӕрмӕстдӕр йӕ цӕстӕнгас — адӕймагуарзон ӕрвгъуыз цӕстытимӕ. Фыссӕг суанг тыхст уавӕры куы уа, йӕ ныхасы уаг бӕрзонддӕр куы сиса, уӕддӕр уыдон баззайдзысты сыгъдӕг ӕмӕ фӕлмӕнӕй. Шамилы поэзи ӕмӕ драмӕйы йӕ аивадон ӕртдзӕф сфӕлдыстадон тыгъдады раджы ссардта фидар бынат. Уым нӕ сӕмбӕлдзынӕ тых дзырдыл, зондамонӕнтыл ӕмӕ чиныгкӕсӕгимӕ былысчъил ныхӕстыл. Афтӕ зӕгъӕн ис ныр йӕ прозаикон ныхасыуагӕй дӕр. Ам дӕр мах ӕмбӕлӕм дзырдаивады алӕмӕт комулӕфтыл. Ӕмӕ кӕд радзырды фӕлгӕттӕ къуындӕг сты сӕрибар хъуыдыйӕн, уӕддӕр дзы чиныгкӕсӕг сӕмбӕлы рӕстуд ӕмӕ хӕрзӕгъдау ӕнкъарӕнтыл, бӕрзонд ӕмӕ уырнинаг сурӕттыл (Цопан, Фӕрнион, Алихан, Замирӕт ӕмӕ иннӕтӕ). Уый та нын бар дӕтты вазыгджын хатдзӕг скӕнынӕн. «Арт ӕмӕ ӕртхутӕг»-ы рацыдимӕ Шамил ирон новеллистикӕйы бацахста зынгӕдӕр бынӕттӕй иу. Ӕмӕ уый тыххӕй йӕ уацмысты уӕларвон быцӕутӕ кӕнӕ дун-дунеон фарстатӕ агурын нӕ хъӕуы. Радзырды дӕсны йӕ мидисамады ӕрвылбоны цаутӕ ӕмӕ архайджытӕ лыг кӕнынц,  дун-дунейӕн дӕр ахсджиаг чи у, ахаем фарстатӕ («Цард ӕмӕ амонд», «Ӕнусон рухс», «Сӕфт — дыууӕ сӕфты», «Хилӕг ӕмӕ хӕзна», «Зӕрдӕ ӕмӕ амонд», «Зын у цӕрын»).

Шамилы прозӕйы фыццаг чиныг «Арт ӕмӕ ӕртхутӕг»-ы уацмыстӕ цыппар хайыл хуымӕтӕджы нӕ дих кӕнынц: «Намыс», «Цардфӕлварӕн», «Ӕфсиртӕ», «Зонды чыргъӕд». Уыцы сӕргӕндты символон хуызы ӕвдисынц сӕ мидис. «Намыс» цалынмӕ «цардфӕлварыны» сӕрты нӕ ахиза, уӕдмӕ «ӕфсирты» бӕркадӕй нӕ рантысдзӕн «зонды чыргъӕд». Кӕд фыццаг сӕргонд нысан кӕны адӕймаджы царды бӕрзонддӕр къӕпхӕн, дыккаг — ӕхсӕнады домӕнты вазыгджындӕр фӕлварӕн, ӕртыккаг — удвӕллой, уӕд цыппӕрӕм та — удварны стъалыты рухс. Иумӕйагӕй та уыдон нысан кӕнынц авторы цӕстӕнгас йӕ алыварс дунемӕ. Фыццаг хайы радзырдты мидисы мах ӕмбӕлӕм реалон царды бирӕвӕрсыг фарстатыл (хъуыддӕгтыл), дыккаджы — нӕ хъуыды хъусдард аздахы, адӕймаг йӕхимидӕг ӕнӕрлӕугӕ цӕуыл тыхсы, уыцы уӕвынады сусӕг тӕрхӕджытӕ, ӕртыккаджы — боныджы, сусӕг сыфты комулӕфты рӕстдзинад, намыс ӕмӕ идеалты сӕраппонд кӕм тох кӕны, ахӕм сусӕг сыфты комулӕфт, цыппӕрӕмы — зонд ӕмӕ хъуыдыйы ратӕдзӕнтӕ.

Йӕ хуыздӕр новеллӕты автор ног ӕмӕ ногӕй фӕлгӕт кӕны Голгофæмӕ фӕндаг, ӕцӕг ын фыссӕг радта ирон ном «Уӕлахох кувӕндон».

Зонад

Джыккайты Шамил 1964 азы ЦИПУ-йы филологон факультет каст куы фӕцис, уӕд райдыдта канд йе сфӕлдыстадон архайд нӕ, фӕлӕ йӕ зонадон-критикон куыст дӕр. Уыцы иртасынады агурӕнтӕ йӕ иу афӕдзы фӕстӕ ӕркодтой ЦИПУ-йы аспирантурӕмӕ. Ӕнтыстджынӕй йӕ каст фӕцис ӕмӕ бахъахъхъӕдта кандидатон диссертаци Калачы («Адӕмон сфӕлдыстады традицитӕ ирон прозӕйы 1917–1941 азтӕ»). Йӕ иртасӕн куыстӕн ын стыр аргъ скодтой йӕ зонадон разамонӕг Хӕдарцаты Азӕ, профессортӕ В. К. Цискаридзе ӕмӕ Е. Б. Вирсаладзе, фӕлӕ ма йӕм цӕмӕй тынгдӕр йӕ зӕрдӕ мауал ӕхсайа, уый тыххӕй йӕ арвыста Абайты Васойы тӕрхонмӕ. Ирзонынады патриарх ын йӕ авторефератимӕ куы базонгӕ, уӕд ӕм цы сӕрмагонд фыстӕг сӕрвыста, уым Абайы фырт скодта ахӕм хатдзӕг: «Дӕ темӕ у хъӕугӕ ӕмӕ цымыдисаг. Дӕ куыст у хорз нывӕст ӕмӕ йӕм ӕппӕты хъӕугӕдӕр ӕрмӕг бацыд. Дызӕрдыг нӕ кӕнын, ӕнтыстджынӕй хъахъхъӕд кӕй ӕрцыд, ууыл. Дӕ диссертаци мыхуыргонд куы ӕрцӕуид, уӕд уый тынг фӕндиаг уаид. Салӕмттимӕ Абайты Васо».

Абайты Васойы фӕндонмӕ ӕрыхъуыста Цӕгат Ирыстоны чиныгуадзӕны разамынд ӕмӕ уыйадыл мыхуыры фӕзынд Шамилы фыццаг монографи: «Фольклор ӕмӕ ирон советон поэзи: 1917–1941 азтӕ». Ахсджиаг темӕйы уӕлдай ма дзы автор арӕхстджынӕй спайда кодта фольклорон мотивтӕй дӕр ӕмӕ классикон литературӕйы традицитӕй дӕр. Дыууӕ вазыгджын фарстайы ‘хсӕн фӕлдзусадон ахастдзинӕдтӕ кӕй ссардта, уый фӕрцы чиныджы ахадындзинад зынгӕ фӕбӕрзонддӕр ӕмӕ суанг абоны онг дӕр баззад ахсджиаг иртасӕн куыстӕй. Пайда дзы кӕнынц куыд райдайӕг филолӕгтӕ, афтӕ фӕлтӕрдджын нхуыргӕндтӕ дӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Джыккайты Шамилы зонадон-критикон цымыдисы зиллакк зынгӕ фӕуӕрӕхдӕр. Ӕмӕ уымӕн уырнинаг ӕвдисӕн ссис йӕ дыккаг чиныг «Уацтӕ». Ӕмбырдгондмӕ бацыдысты, ирон литературӕйы ахсджиаг фарстытӕ (гуманизм, патриотизм, адӕмты хӕлардзинад) лыггонд кӕм цӕуынц, ахӕм иртасӕн куыстытӕ. Сӕрмагонд хъусдард дзы ӕрцыдис поэтикӕйы фарстытӕм, Ирыстоны революцийы агъом-мӕйы критикон ӕмӕ эстетикон хъуыдымӕ, традици ӕмӕ ногдзинӕдтӕм. Ног цӕстӕнгас автор ӕрдардта ирон литературӕйы иннӕ фӕзындтӕм дӕр.

Уый фӕстӕ цыбыр рӕстӕгмӕ — (ӕртӕ азмӕ) рауагъта ӕртӕ чиныджы: «Разагъды лӕгтӕ», (1996 аз), «Нигер» (1996 аз), «Ны-хасы фарн» (1996 аз). Фыццагмӕ хаст ӕрцыдысты ирон литературӕйы классиктӕ Арсен, Елбыздыхъо, Цомахъ, Гино ӕмӕ Гайтойы сфӕлдыстадон сурӕттӕ; дыккагмӕ – Нигеры литературон портрет, ӕртыккагмӕ — ирон дзырдаивады ӕфцӕгон ӕнтыстыты тыххӕй, зонадон уацтӕ ӕмӕ эссе. Уыцы ӕппӕт куыстыты дӕр иу кӕны этикӕ, поэтикӕ ӕмӕ национ хъуыдыйы аивадон ранывӕст. Уыимӕ дзы алкӕмӕн дӕр ис йӕхи зонадон ахаст, алчи дӕр дзы ӕххӕст кӕны йӕхи филологон, педагогон ӕмӕ хъомыладон хӕстӕ. Фӕлӕ сӕ иу кӕны, ирон филологийы нырыккон домӕнтӕн дзуапп кӕй дӕттынц, уый.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.