Августы хæсты рæстæджы нæ горæты цы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæн разианчындæуыд, уыдонæй дыууæ сты Октябры уынджы кæрон  фарастуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ. Экспертон къамисы уынаффæмæ гæсгæ, фæндзæм уæладзыгæй уæлæмæ цæрынæн кæй нал бæззыдысты, уый тыххæй сæ бахъуыд сисын. Ацы куыстытæ хæсгонд æрцыдысты «СоюзСтройПроект»-æн æмæ сæм æрæвнæлдтой апрелы мæйы æмбисы. Кæд уæзтæисæн крантæ афоныл æвæрд не ‘рцыдысты, уæддæр аразджытæ бацархайдтой æмæ дыууæ бæстыхайы уæллаг уæладзгуытæ дæр ист æрцыдысты иу мæй æмæ æрдæджы æмгъуыдмæ. Уый фæстæ аразджытæ æрæвнæлдтой хатæнты къулты раздæры сæрстытæй сыгъдæг кæныны куыстытæм. Кæд ацы куыстытæ бакæнын дæр нæу æнцон, уæддæр сæ аразджытæ цыбыр æмгъуыдмæ бакодтой. Ныртæк-кæ аразджытæ бæстыхæйттæй сæ иуы æххæст кæнынц мидæг-гагон куыстытæ. Уыцы нымæцы кæронмæ фæхæццæ кæнынц доны, канализацийы хæтæлтæ æмæ рухсыты хæххытæ уадзыны куыстытæ. Уыдонимæ иумæ ма æххæст кæнынц астæрдтæ лæгъз кæныны куыстытæ. Ацы бонты æрæвналдзысты къултæ сæрдыны куыстытæм дæр.

Арæзтады мастер Кокойты Марат куыд загъта, уымæ гæсгæ фаг ис арæзтадон æрмæг æмæ куыстытæ се ‘ппæт дæр æххæст цæудзысты рæстæгыл. Ныртæккæ ам кусы 25 кусæджы бæрц. Уыдонæй алкæмæ дæр ис æмбæлон дæсныйад. Сæ фылдæр та сты бынæттон цæрджытæ. Фæстæдæр ма бахъæудзæнис кусджытæ райсын, фæлæ уый дæр арæзтады разамонджыты нæ тыхсын кæны. Уымæн æмæ арæзтады кусын кæй фæнды, уыдон сты бирæ, алы бон дæр куыстагур æрбацæуы цалдæргай адæймаджы. Арæзтады разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй нырæй фæстæмæ æппæт куыстытæ дæр ацæудзысты ноджы рæвдздæр.

Ныртæккæ кусджытæ фылдæр сæ тыхтæ радтой бæстыхæйттæй сæ иуы, фæндзæм уæладзыджы сæр бетонон куыстытæ æххæст кæнынмæ. Куыддæр уымæй фервæзой, афтæ æрæвналдзысты бæстыхайы æмбæрзынмæ. Уыцыиу рæстæджы аразджытæ дыккаг бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары æххæст кæнынц æнгæс куыстытæ. Бæстыхæйтты цæрджытæй бирæтæ систой сæ лæсгæртæ, уыдон ногæй саразыны куыстытæ дæр цæуынц рæвдз.

Банысан ма хъæуы уый дæр, æмæ цалцæггæнинаг бæстыхæйтты алыварс нæй арæзтадон брæттæ æмæ уый дæр ахъаз у куыстытæ æнæкъуылымпытæй æххæст кæ-нынæн.

Арæзтады разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæстыхæйттæ эксплуатацимæ лæ-вæрд хъуамæ æрцæуой 2017 азы январы мæймæ, фæлæ аразджытæ сæхимæ исынц хæс, цæмæй бæстыхæйтты цæрджытæ сæ ногцалцæггонд фатертæм бацæуой ног азы бæрæгбоны агъоммæ.

Гæззаты  Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.